Хицауады рабадты фидар æрцыд «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады льготон кредиттæ дæттынæн ахъаз кæныны Фонды бюджеты тыххæй» закъоны проект, кæцы æввахс рæстæджы æрвыст æрцæудзæн РХИ-йы Парламентмæ æркæсынмæ.

«Ацы проектыл бакуыстæуыд 2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл ама-лиуæгады льготон кредиттæ дæттынæн ахъаз кæныны Фонды архайды параметртæ сбæрæг кæныны тыххæй. Закъоны проект бæрæг кæны æфтиæгтæ райсын кредитон организациты депозиты фондыл фæрæзтæ сæвæрынæй, РХИ-йы Паддзахадон бю-джетæй æхсæнбюджетон трансферттæй, афтæ ма æндæртæй, кæцытæ фидар сты РХИ-йы закъондæттынадæй», – фехъусын кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг-Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

Афтæ ма нысан æрцыд, 2020 азы чысыл амалиуæгадæн æххуысы суммæ  льготон кредитты хуызы кæй уыдзæн 28,6 милуан сомы, кæцы ивгъуыд азмæ абаргæйæ у 10,8 проценты фылдæр.

Уый размæ Хуссар Ирыстоны ист æрцыд закъон, кæцымæ гæсгæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадтæн æрвылмæй дæр хицæн цæуы паддзахадон бюджеты хи фæ-рæзтæй 2 проценты онг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.