Æрвылаз дæр Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон уæрæхæй банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны. Ацы бæрæгбон æрмæст сывæллæтты хъæлдзæг бæрæгбон нæу, фæлæ ма уыцы иурæстæджы æхсæнады зæрдыл æрлæууын кæны, сывæллæттыл уæлдай аудын кæй хъæуы, уый дæр. Æхсæнадæн нæ уыдзæн аккаг фидæн, кæд æмæ æмбæлон æгъдауæй нæ аудой сывæллæтты æнæниздзинадыл, сæ ахуырыл, сæ хъомыладыл.

1-æм июны нæ горæты Театралон фæзуатæй æнæхъæн бон хъуыст сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба. Фæзуаты сæм æнхъæлмæ каст æцæг бæрæгбон, цыран хайад истой аргъæутты персонажтæ – æвзонг артисттæ. Уырдæм æрбацыдысты РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ Гасситы Наталийы сæргълæудæй. Бæрæгбонон мадзал бацæттæ кодта горæт Цхинвалы администрацийы цур Фæсивæд, спорт æмæ культурæйы управлени Тасойты Игоры сæргълæудæй.

Фæзуаты æвæрд сценæйæ хъуыстысты музыкæйы æхцон зæлтæ. Мадзал амыдта Саппиаты Залинæ. Æрæмбырдуæвджытæн сæ арæхстдзинад æвдыстой хореографион ансамбль «Ирон» æмæ музыкалон студи «Гино»-йы хайадисджытæ.

Хуссарирыстойнаг чысыл хуртæ Театралон фæзуатмæ æрбацыдысты дымст къоритимæ æмæ хуызджын мелтимæ. Сывæллæтты хъæлдзæг худт æмæ хъæлæба зæрдæйæн æхцондзинад хастой. Рæсугъд гæлæбутау ратæх-батæх кодтой. Уыдон асфальтыл  ныв кодтой зæрдæрайæ. Нывты темæтæ сывæллæттæ æвзæрстой сæхæдæг. Чи сæ йæ ныййарæг мады сныв кæны, чи та цъæх арв æмæ алыгъуызон цæрæгойты.

Сывæллæттæн, сæ ныййарджытæн æмæ уырдæм æрбацæуджытæн бæрæгбонон арфæтæ загъта горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Лолаты Жаннæ. «Ацы диссаджы бæрæгбоны сæраппонд арфæ кæны нæ рæзгæ хуртæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы цæмæй сæ Ирыстонæн бахъомыл уой аккаг адæймæгтæй. Уадз, сæ цард алыхатт дæр æххæст уæд циндзинадæй. Уадз, уæд амондджын алкæцы саби дæр. Сæ ныййарджытæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæ сывæллæттæ рæзой сабыр арвы бын æмæ сын сæ дарддæры царды уа æнтыстытæ», – загъта Лолаты Жаннæ.

Сывæллæтты циндзинадмæ кæсгæйæ, адæймаг ахъуыды кодта – цалдæр азы размæ фæдисы сидтытæ, фæдисы митингтæ цы Театралон фæзуатæй хъуыстысты, уырыдгæй  алыхатт дæр хъуысæд сывæллæтты хъæлдзæг худт, уымæн æмæ уый царды нысан у.

Театралон фæзуаты бæрæгбонон мадзал уагъд куы цыд, уыцы рæстæджы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны та хатдзæгтæ арæзтой сфæлдыстадон конкурс «Дидин æфтау, мæ Ирыстон»-æн. Конкурс уагъд фæцæуы æнæхъæн ахуыры азы дæргъы ахæм номинацитæй куыд графикæ, нывкæнын, декоративон-прикладон аивадæй. Ацы аз бавдыст æрцыд 50 куыстæй фылдæр æмæ сын жюрийы уæнгтæ равзæрстой сæ хуыздæрты. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгтæн лæвæрд æрцыд иу сахат, цæмæй сæ арæхстдзинад равдыстаиккой æрæмбырдуæвджыты раз. Уыдон хорз сарæхстысты сæ хæс сæххæст кæнынмæ. Жюрийы сæрдар Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй схорзæхджын кодта уæлахиздзауты. Алкæцы номинацийы дæр уыд æртæ призон бынаты. Конкурсы хайадисджытæ æмæ сæ ныййарджытæн сывæллæтты хъахъхъæныны ду-неон бæрæгбоны цытæн арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали.

Æрвылаз дæр Галуаны кусджытæ бацæттæ кæнынц цымыдисон мадзал «Подари улыбку», зæгъгæ. Уыдон бабæрæг кæнынц рынчындоны сывæллæтты. Афтæ та уыд ныр дæр. Сывæллæттæм фæуазæг сты аргъæутты персонажтæ, æвзонг артисттæ сын равдыстой чысыл инсценировкæтæ, бакодтой сын лæвæрттæ æмæ афтæмæй бахъæлдзæг  кодтой рынчындоны цы сабитæ уыдысты, уыдоны зæрдæйы равг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.