Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæныны социалон службæйы кусæджы боны цытæн!

Социалон кусæджы професси у æхсæнады иууыл хъæуæг-дæртæй сæ иу. Уæ куыст баст у уæззау цардуагон уавæрты бахауæг адæмимæ. Адæймаджы рыст банкъаргæйæ, сымах æххуысхъуаг адæммæ аздахут уæ хъусдард æмæ сыл аудут, арæх сын свæййут æрмæст æххуысгæнджытæ нæ, фæлæ хæлæрттæ дæр. Уе ‘ххуысы руаджы не ‘мбæстæгтæй бирæтæ баууæндынц сæ сомбоныл.

Фæнды мæ раарфæ кæнын сымахæн уæ хæсыл æнувыддзинады, тыхст уавæры бахауæг адæмы фарсмæ кæй балæуут, уый тыххæй. Республикæйы къухдариуæгад æмбары уæ куысты вазыгджындзинад æмæ бæрндзинад æмæ дарддæр дæр приоритетон хъусдард здахдзæн социалон кусæджы профессийы престиж фæбæрзонддæр кæнынмæ, сымахæн комфортон уавæртæ саразынмæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ дарддæры æнтыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн лæггад кæныны арфæйаг хъуыддаджы! Уадз, хæлардзинад,  хæларзæрдæдзинад æмæ куырыхондзинады гуырæн-тæ макуы скадавар уæд! Сабырдзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ сымахæн æмæ уæ хиуæттæн!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.