Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын социалон службæйы кусæджы боны цытæн!

Айсут бузныджы ныхæстæ уæ зæрдæхæлар æмæ фæлмæнзæрдæдзинад, сымахыл цы мисси æвæрд ис, уымæн йæ ахсджиагдзинад æмбарыны тыххæй.

Ныфс мæ ис, сымахæн уæ профессионализм æмæ фæлтæрддзинад хуыздæр хæрзæгъдаудзинады æууæлтимæ: къæрцхъусдзинад, фæлмæнзæрдæ æмæ быхсындзинад фадат кæй ратдзысты дарддæр уæ функционалон хæстæ аккагæй кæй æххæст кæндзыстут, уымæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бинонты фæрныгад æмæ бирæ азты æнтыстджын архайд Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн! Уадз æмæ адæмæн цы æнувыддзинад лæвар кæнут, уый уæм æртывæрæй здæхæд!

Рох уæ макуы уæд, сымах бæрны адæймæгты хъысмæт кæй ис, уый!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Социалон службæйы цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Социалон службæйы кусæджы боны цытæн.

Уæ професси у æхсæнады иууыл гуманондæр æмæ хъæугæдæртæй сæ иу, домы аудындзинад, тыхтæ æмæ энерги. Хъуамæ уат къæрцхъус, бæрнджын, цæмæй æнувыд уат, æххуыс кæй хъæуы, цардуагон зындзинæдтыл фæтых уæвыны фадат кæмæн нæй, моралон æмæ материалон æххуыс кæй хъæуы, уыдоныл. Фыццаджы уал, уый хауы хистæр кары адæммæ, хæсты æмæ фæллойады ветерантæм, æххуысхъуаг иунæг адæммæ, инвалидтæм, сывæллæттæм, бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæм.

Ацы бæрæгбоны мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды уæ куысты тыххæй, мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ уæ куысты!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.