СÆРИБАРДЗИНАДЫ СÆРЫЛ ТОХЫ БÆРÆГБОН

Кæд советон дуджы 8 июны бон – Хуссар Ирыстоны советизацийы бæрæгбон нымад цыд хуссарирыстойнаг адæмæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн боныл, нысан æй кодтой стыр цытимæ, уæд ын ныр та, дуджы фæивдимæ, ахæм стыр нысаниуæг лæвæрд нал цæуы. Нӕ го-рӕты централон уынгтӕй иу ныртæккæ дæр хӕссы 8 июны ном, фæлæ абоны кæстæр фæлтæрæй стæмтæ зондзысты, Хуссар Ирыстоны хъысмæты 8 июны бонæн цы нысаниуæг ис, уый.

Афтæмæй та уыцы бæрæгбон нæ трагикон историйы сыфтæй иу у.  1920 азы 8 июны бонæн ис йæхи историон нысаниуæг, Хуссар Ирыстоны историйы йын ис йæхи сæрмагонд бынат.  Ацы нысаниуæгджын бон баст у ивгъуыд æнусы 20-æм азты Гуырдзыстоны æрдыгæй хуссайраг ирæтты геноцидимæ.

1918 азы майы Советон Уæрæсейæ Гуырдзыстон куы рахицæн æмæ меньшевиктæ хицауиуæгадмæ куы æрцыдысты, уæд Фæскавказы кусæг адæм сæ барты сæрыл активондæр æмæ нысанмæ-здæхтдæрæй тох кæнын райдыдтой.  1919 азы Кавказы крайкомы пленумы райст æрцыд уынаффæ гæрзифтонг растады тыххæй. Гæрзифтонг растад фæнд цыд Октябры революцийы бон. Æмбæлон директивæ æрвыст æрцыд Фæскавказы æппæт большевикон организацитæм, уыцы нымæцы партийы Хуссар Ирыстоны округон комитетмæ дæр. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны дæластæрдон округон комитеты сæрдар уыд Санахъоты Владимир (Серо). Фæстæдæр уый куыд дзырдта, афтæмæй директивæ куы райста, уæд партийы округон комитет йæхи цæттæ кæнын райдыдта гæрзифтонг растадмæ Гуырдзыстоны меньшевикты хицауады ныхмæ. Фæлæ уыцы хабар базыдта Гуырдзыстоны меньшевикты хицауад æмæ ма растадмæ дыууæ боны куыд хъуыд, афтæ Кавказы партийы крайком аскъуыддзаг кодта растад фæстæдæр рæстæгмæ аргъæвын, цæмæй меньшевиктæ макæй æрцахсой æмæ бафхæрой, уый тыххæй, фæлæ йын цæмæдæр гæсгæ рæстæгыл нæ бантыст йæ фæндон бынæт-тон комитеттæн фехъусын кæнын. Аф-тæмæй 23 октябры Дзауы æмæ Рукъы кæмттæ сæрибар æрцыдысты меньшевиктæй. Цхинвал ссæрибар кæнынмæ куы рацæйцыдысты, уæд Кавказы крайкомы æрдыгæй æрбахæццæ бардзырд, цæмæй растад урæд æрцæуа, уый тыххæй. Бардзырд кæй бафæстиат, уый фæстиуæгæн ахст æрцыдысты хæстон-революцион штабы уæнгтæ. Бæрæг нæу ацы хъуыддаг барæй арæзт уыд æви – æнæбары, фæлæ официалон литературæйы нысан æрцыд, ома, растад æргъæвд кæй æрцыд, уый алкæмæн фехъусын кæнынæн рæстæг нæ фаг кодта.

Ацы растады тыххæй хуссарирыстойнаг ирæттæн Гуырдзыстоны меньшевиктæ    дзуапп радтой карз террорæй. Гуырдзиæгтæ афтæ фенхъæлдтой, растадонтæ куынæг æрцыдысты, æмæ 1920 азы январы акодтой се ‘фсад Ирыстонæй. Фæлæ та уый фæстæ Хуссар Ирыстоны революцион змæлд фæактивондæр ис, революционертæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой растадмæ. Уыцы архайд дæр базыдтой меньшевиктæ æмæ та ногæй Хуссар Ирыстонмæ æрбарвыстой се ‘фсады. Хуссар Ирыстоны дæластæрдон комитеты уæнгты æмæ сæдæгай рæнхъон партионты бахъуыд Цæгат Кавказмæ ацæуыны сæр æмæ уым сарæзтой хуссарирыстойнаг революцион бригадæ.

Уыдон иуран нæ бадтысты æмæ та 1920 азы 28 майы аскъуыддзаг кодтой Хуссар Ирыстоны меньшевиктæй ссæрибар кæнын. 31 майы рацыдысты Дзæуджыхъæуæй æмæ ссæрибар кодтой Рукъ æмæ Уанелы, Дзауы дæрæн æрцыдысты меньшевикты æфсады сæйраг тыхтæ, уацары систой 250 салдаты, иннæ салдæттæ фæстæ алæууыдысты Цхинвалмæ.

Революционертæ ссæрибар кодтой Чъех æмæ æндæр хъæуты æмæ 7 июны æрхæццæ сты Цхинвалмæ дæр æмæ йæ ссæрибар кодтой изæрмæ, горæты æрæвæрдтой революцион фæтк, арæзт æрцыд революцион комитет Абайты Владимиры сæрдариуæгадæй, Габуты Исмел та нысан æрцыд комендантæй. 8 июны горæты ауагъдæуыд митинг æмæ Ревком уыцы митинджы Онæй Душетмæ расидт Советон хицауиуæгад.

Митинджы ма æргомæй дзырдтой, уыцы зæххытæ нырæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны Ревкомы дæлбар кæй уыдзысты. Революцион комитет та уæвынад кодта Цхинвалы. Адæм фырцинæй кæрæдзийæн арфæтæ кодтой, амондджын фидæны ныфс бацыд се уæнгты. Уый уыд стыр циндзинады бон. Фæлæ уый бирæ нæ ахаста. Гуырдзыстоны меньшевиктæ æрбафсæрстой æмæ Хуссар Ирыстоны зынджы хай бакодтой.

20-æм азы геноциды рæстæджы гуырдзиæгты къухæй фæмард сты 5279 адæймаджы, уыдонæй 1375 уыдысты сылгоймæгтæ, 1844  сывæллæттæ, 15 мин адæймаджы та амардысты Хуссар Ирыстонæй хæхты сæрды Цæгат Ирыстонмæ куы лыгъдысты, уæд алыгъуызон низтæ æмæ уазалæй. Иумиагæй сисгæйæ Хуссар Ирыстоны   фæхъуыд цæрджыты 20 проценты.

Уыцы геноцидæй кæд бирæ азтæ рацыд, уæддæр хуссарирыстойнаг адæм сæ политикон курс нæ аивтой æмæ та 90-æм азты дæр Гуырдзыстоны фашистон режимы æрдыгæй бавзæрстой радон геноцид, афтæмæй 1992 азы 29 майы райст æрцыд хæдбардзинады акт. Æппæт уыцы къахдзæфтæ Хуссар Ирыстоны æркодтой нымад хæдбар паддзахадмæ.

Уæдæ ма ноджыдæр зæгъдзынæн уый, æмæ 1920 азы 8 июнь кæй у хуссайраг ирæт-ты националон-сæрибаргæнæг тохы нысаниуæгджын бон. 

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.