Гуырдзыстоны патриарх  фыстæг арвыста Сербаг Чырыстон аргъуанмæ, цыран фыстæуы,   аргъуаны къухдариуæггæнæг Ириней Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анталоийы йæхимæ кæй  райста, уый фæдыл», – фехъусын кодта г. Тбилисы газет «Взгляд»-ы уацхæссæг.

Куыд зонæм, афтæмæй Бибылты Анатоли фембæлд Сербаг Чырыстон аргъуаны къухдариуæггæнæг Иринеимæ. Фембæлд уагъд æрцыд патриархы резиденцийы, Хуссар Ирыстоны Президент Балканты куы уыд, уæд. Æмбырды уынаффæ цыд иумæйаг чырыстон фарстаты фæдыл. Бибылты Анатоли банысан кодта, Республикæйы Чырыстон дины ахсджиаг нысаниуæг фидар кæй у Конституцийы.

Гуырдзыйы фарсæрдыгæй цы ныхæстæ цæуы уыдон коментари кæнгæйæ, зæгъын хъæуы ногæй та кæй æмбæлæм ахæм хъуыддагыл, цæмæй зæгъæм: «Истори нæ ахуыр кæны æрмæстдæр ууыл, æмæ нæ кæй ницæуыл ахуыр кæны».

Тбилисæн уыцы дыууын авд азы фаг нæ уыдысты ССРЦ-ы территориалон хæлды аххосæгтæ æмæ фæстиуджытæ бамбарын æмæ сын хатдзæгтæ саразынæн. Уыцы рæстæг фаг у, цæмæй бамбарай ивгъуыд азты политикон процессты фæстиуджытæ.

Дины хъуыддæгты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын  Хуыбиаты Соня фехъусын кодта «Махæн Гуырдзыстоны æмæ Гуыдзыйаг чырыстон дины реакци æнæнхъæлæджы нæу Президент Бибылты Анатоли æмæ Сербаг Чырыстон аргъуаны къухдариуæггæнæджы фембæлды фæдыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ хицауад цыдæриддæр фембæлдтæ уадзы æндæр аргъуаны минæвæрттимæ, уыдон гуырдзыйæгтæ æмбарынц, куыд фæткхалыны хъуыддаг, афтæ.

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны нымайы йæхи канонон территорийыл. Фæлæ, æцæгæй та Гуырдзыйы Чырыстон аргъуан нæ аудыдта Хуссар Ирыстоныл. Советон дуджы дæр гуырдзыйаг сауджынтæ нæ аудыдтой Хуссар Ирыстоны чырыстонтыл.

Советон хицауады рæстæджы Хуссар Ирыстон нымад цыд иууыл атеистондæр бæстæйыл, гуырдзы ам аргъуыдтæ никуы уагътой. Гуырдзыйы патриархы номхыгъды сты ахæм епархитæ, куыд Никозаг æмæ Чъребайаг. Гæххæтыл уыдон уæвынад кæнынц, фæлæ æцæгæй та сæ кой дæр нæй.

Æцæгæй та, фæстаг æнусты дæргъы, РХИ-йы расидыны рæстæджы ам архайы Алайнаг епархи. Уый никуы уыд Гуырдзыйы Чырыстон аргъуаны сконды, – банысан кодта Хуыбиаты Соня.

Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ раздæры ССРЦ-ы территорийыл уæвынад кæны хæдбар паддзахад –   Республикæ Хуссар Ирыстон. Уый хæдбарæй бæлвырд кæны йæ мидæггагон æмæ æддагон политикæ. Куыд иннæ суверенон паддзахадтæ, афтæ архайы йæ фидæны сæраппонд.

«Æвæццæгæн 1945 азмæ гуырдзиаг аргъуан уыд æнæнымад аргъуан. Банымадтой йæ æрмæстдæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы фæстæ Иосиф Сталины æххуысæй. Уый размæ та уыд Уырыссаг Чырыстон аргъуаны сконды. Æппæт азты дæргъы дæр гуырдзиаг аргъуан нæ аудыдта Хуссар Ирыстоны адæмыл.  Ам фактон æгъдауæй нæ уыд гуырдзыйы чырыстон аргъуан», – банысан кодта дины хъуыддæгты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын.

Бибылты Анатоли æмæ Сербаг чырыстон аргъуаны къухдариуæггæнæджы фембæлды темæмæ рахизгæйæ, Хуыбиаты Соня æрымысыд: «Югославийы фехæлды рæстæджы чи сырæзт, уыцы Балканаг паддзахады цæрджытæн сæ 83% кæй сты чырыстонтæ.  РХИ-йæн йæ бындурон цæрджытæ дæр сты чырыстонтæ, æмæ мах дæр агурæм иумæйаг интерестæ. Чырыстон аргъуанты æмгуыстад кæныны фарстатæ махæн сты тынг ахсджиаг.

Нæ балцы рæстæджы Президент банымадта ахсджиаг хъуыддагыл Сербаг чырыстон аргъуаны къухдариуæггæнæгимæ фембæлын. Æнхъæл дæн, ахæм фембæлдтытæ хъуамæ æркæной чырыстон дунейы иудзинадмæ», – банысан кодта Хуыбиаты Соня.

Президент йæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы чырыстонад фидар кæй у, Хуссар Ирыстоны адæм кæй сты чырыстонтæ. Историон æгъдауæй, чырыстон дин у ирон адæмы национ хиæмбарынады бындур. «Нæ чырыстон æфсымæртимæ фембæлдтытæ кæм фæнды ма уой, сты ахсджиаг. Уыдонæн сæ нысаниуæг у хорз фидæн æмæ иудзинад æрхæссын» – банысан кодта Хуыбиаты Соня.

Хуыбиаты Соня ма фехъусын кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Ленингоры территорийыл уæвынад кæны цавæрдæр приход. Ууыл ауды иу адæймаг, кæцы нымад у Гуырдзыйаг чырыстон аргъуаны, куыд Никозаг æмæ Чъребайаг епископ, афтæ.

Уый банысан кодта,  ацы  фарст кæй хъæуы скъуыддзаг кæнын, стæй «цас тагъддæр, уый бæрц – хуыздæр. Уыдоны уæвынад Хуссар Ирыстоны территорийыл у æнæзакъонон. Мах суверенон паддзахад стæм, уыдон та сты аргъуаны минæвæрттæ, æмæ сын нæ зæххыл уæвыны бар нæй».

Æхсæнадæмон информагентад «Хуссар Ирыстон абон»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.