Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты студентон советы уæнгтæн æрæджы фембæлд уыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолиимæ. Фембæлды райдиан мадзалы хайадисджытæ, æмырæй алæугæйæ, ссардтой горæт Кемеровойы трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Уый фæстæ университеты ректор Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы къухдариуæгадæн ацы уæлдæр ахуырадон уагдонмæ сæ хъусдарды тыххæй. Раарфæ кодта Габатты Альбертæн, ХИПУ-йы студентон советы сæрдарæй йæ ногæй кæй сæвзæрстой, уый фæдыл. Бацамыдта, студентон совет кæй хъуамæ æххуыс кæна æрмæст студенттæн нæ, фæлæ ректоратæн дæр, цæмæй ахуырадон процесс æмæ университеты æхсæнадон цард цæуой æмбæлон уагыл. Уымæ гæсгæ банысан кодта, зæгъгæ, мæ фæнд у, цæмæй сымах, советы уæнгтæ, иннæ студенттæн уат фæзминаг алы хъуыддæгты, æмæ сæрыстырæй бæрзонд хæссат студенты кадджын ном.

Кемеровойы æрцæугæ цауы фæдыл, Вадимы ныхæстæм гæсгæ, хъыг кæны Хуссар Ирыстон дæр, «фæмардуæвджыты хиуæттимæ хъынцъым кæнæм мах дæр».

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли уæлдæр ахуыргæнæндоны студентон советы активисттæм ахасты банысан кодта, сæ хъарутæ, тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ кæй хъуамæ аздахой нæ бæстæ æмæ университеты хæрзæбонмæ. Ныфс бавæрдта, студентон советы уæнгтæ æппæтдæр кæй араздзысты бæстæйы райдзаст фидæнæн æмæ сæ пайдайы архайдæй стыр, ирд æмæ рæсугъд фæд кæй ныууадздзысты университеты историйы. Банысан ма кодта уый дæр, æмæ студентон совет кæй у æнцойады цæг профессорон-ахуыргæнджыты скондæн.

«Студентон советы уæнгтæ сты ахæмтæ, кæцытæ сæхимæ райсдзысты бæрндзинад, æмæ йæ æххæст дæр скæндзысты. Мæнæн стут хуыздæрæй-хуыздæртæ, æмæ мæ ныфс ис, хъаруджын æмæ бæрæг уынаффæтæ исын уæ бон кæй уыдзæн», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Студсоветы сæрдар Габатты Алан радзырдта советы сконд, архайд æмæ тырнындзинæдтыл, зæгъгæ, «дарддæр æмæ бæрзонддæр кæндзыстæм, нæ размæ чи архайдта, уыдон хъуыддæгтæ». Советы уæнгтæ архайынц аивады, спорты фадгуыты, зонадон конференциты æмæ тренингтæ уадзыны хъуыд-дæгты.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ горæты администраци бахатыд организацитæ, уагдæттæм Згъудеры уæлмæрд сыгъдæг кæныны фæдыл. Уым стыр куыст бакодтой Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ. Бибылты Анатоли цымыдис кодта, университеты студенттæ цахæм хъусдард здахынц ацы хæрзиуæгон хъуыддагмæ. Ацы уаз бынаты ныгæд сты, сæрбæрзонд кæмæй стæм, Советон Цæдисы уыцы хъайтартæ, гуырдзиаг-ирон агрессийы амæттæгтæ, хуымæтæг æмбæстæгтæ.

«Ацы бынаты стыр куыст бакодтой Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ. Уыдонæй алкæмæндæр сæрмагонд бузныг. Уымæн æмæ уый стыр хæрзиуæгон хъуыддаг у. Ацы сыгъдæг бынат у махæн нæ цæсгом, æмæ нын хъуамæ уа сыгъдæг», –  дзырдта Президент. Бахатыд студентон фæсивæдмæ, цæмæй иу бон снысан кæной ацы хæрзиуæгон хъуыддаджы хайад райсынæн.

Студсоветы уæнгтæн фадат уыд сæ цымыдисгæнæг фарстатæ бæстæйы фыццаг адæймагмæ радтынæн, ахæмтæ, куыд, цахæм у Президенты девиз, студентон азтæй иууыл бахъуыдыгæнинагдæр бонтæ, националон идея аразынæн цы хъæуы æмæ æндæртæ.

Бибылты Анатоли æмæ Тедеты Вадим студенттæн дзырдтой сæ æвзонгады ирд мысинæгтæ.

Националон идеяйы фæдыл Бибылты Анатоли банысан кодта, сæйраг кæй у ирон адæмы æрбангом кæнын. Æрсидт, цæмæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студентон совет Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты æнгæс советимæ æмархайд кæна, иумиаг проекттæ аразой æмæ Ирыстоны дыууæ хайы фæсивæд æрбангом кæной. Уый уыдзæн ирон адæмы æрбангом кæнынмæ тырнындзинады иу хай.

Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ, ирон æвзаджы рæзты фæдыл дæр Цæгатимæ иумæ хъæуы иу къамис саразын. Уæд уыдзæн тых æвзаджы рæзтæн дæр æмæ къамисы куыстæн та – фæстиуджытæ. Президент æрсидт студентон фæсивæдмæ, цæмæй ноджыдæр ахуырады бæрзæндтæм тырной.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.