7-æм июлы горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры фембæлд информацион фæрæзты кусджытимæ. Дзырд цыдис горæт æмæ йæ цæрджытæм хауæг бирæ алыгъуызон фарстытыл.

Пресс-конференцийы бацæуæн ныхасæй байгом кодта æмæ горæты администрацийы сæргълæууæджы журналисттæн базонгæ кодта  Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария æмæ уый фæстæ Коцты Алан дзуапп радта журналистты цымыдисгæнæг фарстытæн.

 

– Æз уал, фыццаджыдæр, базонгæ дæн администрацийы коллективимæ, уый фæстæ та бацымыдис кодтон сæ куысты программæтæм æмæ дарддæр куыд архайдзысты, сæ плæнттæ куыд араздзысты, уыдæттæм.

– Нæ горæтмæ куы æрбахизай, уæд дзы нæ фæхатдзынæ национ колоритондзинадыл дзурæг символтæ. Цымæ ацы хъуыддаджы ис-ты бакуыст æрцæудзæнис?

– Æмбарæм, уый ахсджиаг хъуыддаг кæй у. Нæ горæтæн национ хуыз радтыны тыххæй фарон расидт æрцыд конкурс æмæ нæ фæнды, цæмæй уым хайад райсой адæм сæхæдæг дæр. Адæмы хъуыды бахынцгæйæ, йе срæсугъд кæнын уыдзæн растдæр. Нæ горæтмæ æрбахизæнтæ махæн дæр нæ цæуынц нæ зæрдæмæ æмæ йыл хъæуы бакусын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ конкурс расидт æрцæудзæн ацы аз æмæ йæ аразынмæ та æрæвналдзыстæм фидæн азы. Уæдмæ ссардзыстæм уыцы фæрæзтæ дæр.

– Нæ горæты бæстыастæу ис ахæм æдзæллаг бынæттæ, раздæр бæстыхæйттæ, ахсджиаг объекттæ кæм уыд, фæлæ ныр уыдон пырхæнтæй лæууынц æмæ нын фыдуынд кæнынц нæ горæт. Исты мадзæлттæ ист æрцæудзæнис ахæм бынæттæ банывыл кæныны тыххæй?

– Уыдоныл дзырд цæуы. Махæн нæ хъуыды у, цæмæй горæты æмæ йæ алыварс дæр фылдæр сквертæ æмæ саби-тæн хъазæн фæзуæттæ арæзт æрцæуа. Нæ фадæттæ куыд амоной, афтæмæй архайдзыстæм сæ саразыныл. Ныр та уал нæ тыхтæ радтам горæты цады алыварс срæсугъд кæнынмæ.

Уый фæстæ араздзыстæм сквертæ æмæ адæмæн дæр фенцондæр уыдзæнис, фæзындзæнис сын сæ сæрибар рæстæг æдыхстæй кæм арвитой, ахæм улæфæн бынæттæ. Нæ хъуыдыйы ис, горæты цыдæриддæр зæронд, пайда кæмæй нал цæуы, ахæм хъармгæнæн системæты артгæнæнтæ уыдис, уыдоны бынæтты сæ саразын. Уыдон та цъус не сты – æдæппæт 40 бæрц. Ахæм артгæнæн пырх æрцыдис Нæузæххонты уынджы, ссыгъдæг ын кæндзысты йæ бынат æмæ уым арæзт æрцæудзæнис чысыл сквер.

– Нырма чысыл рæстæджы кусыс, фæлæ дæм куыд кæсы, цахæм аргъ скæнæн ис, горæты арæзт цы ‘рцы-дис, уымæн?

– Æз афтæ нæ зæгъдзынæн æмæ ницы арæзт æрцыдис. Бирæ сарæзтæуыд. Горæты центр рæсугъд у, фæлæ нырма аразинæгтæ бирæ ис йæ кæрæтты дæр æмæ горæтæн йæхи мидæг дæр.

– Нæ горæты Леуахийы былыл цы улæфæн парк ис, уый раздæр нæ адæмæн уыдис иууыл уарзондæр бынат. Кæд æрæвналдзысты йæ арæзтадмæ æмæ та кæд суыдзæнис нæ адæмы уарзондæр улæфæн бынат?

– Уыцы парчы арæзтадæн хицæн сты æхцайы фæрæзтæ, фæлæ йæ арæзтадмæ æрæвналдзыстæм фидæн аз. Уый арæзт æрцæудзæнис, раздæр куыд уыд, афтæ. Уыдзæнис дзы, хистæр кары адæм сæ улæфт кæм уадзой æмæ кæстæртæн та хорз фадæттæ кæм уа сæхи аирхæфсынæн, ахæм бынæттæ. Парк схæрзарæзт кæныны тыххæй рахицæн æрцыд 30 милуан сомы бæрц. Кæд, мыййаг, нæхæдæг нæ аххæссæм уыцы суммæйыл, уæд бар ратдзыстæм инвестортæн, цæмæй уыдон дæр йæ арæзтадмæ бахæссой сæ хайбавæрд.

– Нæ горæты нын æвидыц кæнынц, раздæр нæ адæмæн уарзон чи уыдысты, æмæ адæм хъæуæг дзаумæттæ кæм æлхæдтой, ахæм магазинтæ Фарн, Универмаг æмæ Сабиты Дуне. Сæ хъысмæт куыд у, ис сын хицæуттæ æви нæ, æмæ кæдмæ лæудзысты гобийæ?

– Куыд зонæм, афтæмæй уыдон лæвæрд æрцыдысты арендатортæм. Æз ныхас кодтон семæ, сæ разы сын æрæвæрдтон фарст, кæдмæ афтæмæй лæудзысты, цы дзы хъавынц саразынмæ. Фæлæ ацы фарст бæстонæй скъуыддзаг нæма æрцыд, уымæн æмæ махæн дæр ис нæхи хъуыдытæ æмæ кæд сæ хъуыды нæ зæрдæмæ нæ фæцæуа, уæд сын бар нæ ратдзыстæм сæ сæндидзын кæнынæн. Уымæн æмæ мах архайæм горæты рæсугъддзинадыл æмæ йыл ацы объектты арæзтад хъуамæ бандава хуыздæрæрдæм. Архайдзыстæм ацы фарст иумæ аскъуыддзаг кæныныл.

– Нæ горæты ма ис ахæм бынæттæ, светофортæ кæм нæ судзынц. Ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæнис?

– Уыдонæн сæ микросхемæтæ арæх басудзынц æмæ сæ цæмæй раивай, уый тыххæй фæхъæуы рæстæг, цалынмæ сæ æрласынц, уæдмæ. Закъаз нын сты æмæ рæхджы æвæрд æрцæудзысты. Бынтондæр кæм не ‘рцыдысты æвæрд, уыдоны та къамисы хатдзæгты фæстæ сараздзæнис паддзахадон автоинспекци.

– Цæгаттаг микрорайоны алыварс ис бирæ æнæкуыст зæххытæ æмæ цæрджытæ цымыдис кæнынц, гæнæн нæй æмæ сын уыцы зæххы чысыл фадгуытæ  радтой?

– Уыцы зæххытæн нырма радтæн нæй, уымæн æмæ зæххытæй лæвæрд æрцыдис æмæ цалынмæ скъуыддзаг не ‘рцæуа закъонмæ гæсгæ, цы хуызы лæвæрд æрцыдысты, уæдмæ уал ацы фарст урæд æрцыд. Махмæ ницы бæлвырдгæнæнтæ ис, цæй тыххæй лæвæрд сты, уый тыххæй. Уый фæстæ рахаст æрцæудзæн уынаффæ, цæмæ гæсгæ лæвæрд цæудзысты, уый тыххæй. Ацы фарстыл архайы прокуратурæ дæр æмæ йæ аскъуыддзаг кæнын иумæ уыдзæнис æнцондæр.

– Æрæджы ды азылдтæ сывæллæтты цæхæрадæттыл æмæ цы уавæры сты, уымæй куыд райгондæй баззадтæ?

– Куыд администрацийы сæргълæууæг, афтæ мæн фæндыдис, цы уавæры сты, сывæллæттæ цахæм хæлц хæрынц, æппæт уыдæттæ мæхи цæстæй фенон. Райгондæй баззадтæн иуæй-иу сывæллæтты цæхæрадæттæй, уыдис мæм фип-паинæгтæ дæр, медицинон хотæй бирæтæ нæ разындысты бынаты æмæ æфхæрд æрцыдысты. Æфхæрд æрцыдысты уыцы цæхæрадæтты сæргълæуджытæ дæр. Ахæм æнæнхъæлæджы азылд мæнæн фæстаг нæ уыдзæнис, ноджыдæр бæрæг кæндзынæн, сывæллæттæ цы уавæрты сты, уый æмæ дзы фæтк халыны цаутæ куы уа, уæд карзæй æфхæрд цæудзысты, бæрндзинад чи хæссынц, уыдон се ‘ппæт дæр.

– Æрæджы Хицауады Сæрдар дзырдта, зæгъгæ, бирæ рæтты брондæттæ кæй сырæзтис, уый æвзæрæрдæм æндавы горæты цæрджытыл дæр. Иу бынат ын равзарыны тыххæй, зæгъгæ, арæзт æрцыд цалдæр проекты. Куыд администрацийы сæргълæууæг, афтæ ды та куыд хъуыды кæныс бынат ын равзарыны тыххæй?

– Куыд зонæм, афтæмæй йæ рахæсс-бахæсс кæнынц иу бынатæй иннæмæ. Ныр дæр уадиссаг бынаты нæй. Хъаст кæнынц цæрджытæ дæр. Махмæ арæх æрцæуынц уазджытæ æмæ аив нæу, фæндагмæ уыцы брæттæ кæй зынынц, уый. Мах равзæрстам ахæм бынат Ереды хъæуы. Уым у хибар бынат æмæ нæ хъыгдардзæнис цæрджыты. Мах архайдзыстæм, цæмæй нын рахицæн кæной, Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы æхцайы фæрæзтæ ис, уыдонæй, æмæ йæ бæстонæй саразæм.

– Хъайтарты уынджы цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдоны фатертæ кæмæн лæвæрд цæудзысты?

– Адæмæй тынг бирæтæн ис цæрæнуатон проблемæ. Планмæ гæсгæ Хъайтарты уынгыл уыцы хæдзæрттæ хъуамæ арæзт фæуой азы кæронмæ. Фидæнмæ ма планмæ хаст ис фондзуæладзыгон хæдзары арæзтад. Фæлæ цæрæнуат хъуамæ райсой, тыхстдæр чи сты, уыдон. Ахæм у Президенты хъуыды дæр.

– Абоны бонмæ цал адæймаджы æнхъæлмæ кæсы ног цæрæнуат райсынмæ?

– Рады абон лæууынц 2 мин адæймаджы. Уыдон дих сты 16 категорийыл æмæ лæвæрд цæудзысты уыдонмæ гæсгæ. Æнæуый дарддæр дæр арæзт цæудзысты цæрæн хæдзæрттæ æмæ нæ горæты цæрджытæ дарддæр дæр ифтонг цæудзысты цæрæнуаттæй.

Хъыгагæн, ногæй регистрацигонд номхыгъдмæ нал бахаудзысты 400 адæймаджы. Куыд рабæрæг, афтæмæй нæ тыхстысты цæрæнуатыл. Иудзырдæй, регистрациийы размæ номхыгъдтæ уыдысты 2200 адæймаджы. Ныр та сты 1800.

– Нæ горæты бирæуæладзыгон хæдзæрттæй бирæты лифтытæ æвæрд нæй. Цымæ æнхъæлмæ кæсæн ис сæ саразынмæ?

– О, æцæгæйдæр, уый проблемæ у. Банымадтам сæ æмæ горæты æдæппæт ахæм лифтытæ хъæуы 15 бæрц. Горæты администрацийæн йæ тыхы нæй, цæмæй сæ нæхæдæг балхæнæм, уымæн æмæ сты зынаргъ, æдæппæт 30 милуан сомы бæрц.

– Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты уынгтæ арæзт цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты, фæлæ дзы арæзт æрцыдис адми-нистрацийы æххуысæй дæр. Сымахæн планы ис кæцыдæр уынг саразын?

– Ис. Дзырдæн, зæгъæм, Нæузæххонты уынджы коммуникацитæ нæхи фæрæзтæй ивæм æмæ йæ аразгæ дæр скæндзыстæм нæхæдæг.

– Мæскуыйаг микрорайоны цæрджытæ дæр райсдзысты сæ хæдзæрттæн ордертæ?

– Уыцы хæдзæрттæ уæрст æрцыдысты ведомствотæм гæсгæ, горæт сæ нæ байуæрста, фæлæ нæм сæ хицæуттæ куыд æрбавдисынц сæ гæххæттытæ, афтæ сын лæвæрд цæуынц сæ ордертæ. Иуæй-иутæн дзы лæвæрд æрцыдысты бæлвырдгæнæн гæххæттытæ æмæ уыдонмæ гæсгæ махæн бар нæй уыдонæн ордертæ радтын.

Горæты администрацийы сæргълæууæг æмбæлон дзуаппытæ радта журналистты æндæр æмæ æндæр фарстытæн дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.