18 январы уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты æстæм сессийы фыццаг рабадт. Рабадт уагъта РХИ-йы Парламенты сæрдар Гасситы Петр.

РХИ-йы Парламенты закъондæттынад, закъондзинад, æмæ бынæттон хæдразамынды Комитеты сæрдар равзарыны тыххæй боны фæткы фыццаг фарст уынаффæ кæнынмæ рахаста Гасситы Петр.

Парти «Адæмы иудзинад»-æй Парламенты депутат Чилæхсаты Владимир раразмæ кодта депутаттæ Дьяконты Амиран æмæ Бесаты Зитæйы кандидатурæтæ.

Уынаффæйы рæстæджы Дьяконты Амиран йæ кандидатурæ сисын кодта, Бесаты Зитæ та æмбырды кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ кандидатурæ иуварс æрцыд.

Парти «Иугонд Ирыстон»-ы разамындæй Тедеты Нонæйы кандидатурæйыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Парламенты хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады Комитеты сæрдар Харебаты Сергей æркæсынмæ рахаста  Мидхъуыддæгты органты чи службæ кæны, уыдоны æмæ сæ бинонты пенсийæ ифтонг кæныны тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект.

Харебаты Сергей банысан кодта, зæгъгæ «Мидхъуыддæгты органты чи службæ  кодта уыцы адæймæгты æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады тыххæй» РХИ-йы закъоны 11-æм статьяйы пункт «б»-мæ хъæуы ахæм ивындзинад бахæссын: «Мидхъуыддæгты органты службæ»-йы фæстæ фыст æрцæуæд дзырдтæ «æфсæддон службæ, рарастгæнæн-фæллойадон уагдæтты службæ, таможнæйы службæ, æххæстгæнæн хицауиуæгады органтæ, кæцытæ скъуыддзаг кæнынц уæлвæткон уавæрты æмæ стихийон бæллæхты ликвидаци кæныны фарстатæ, паддзахадон финансон цæстдарды органтæ, хъалонисæн полицийы, прокуратурæйы æмæ тæрхондоны органты, афтæ ма мидхъуыддæгты органты æндæр уагдæтты», – загъта парламентарий.

Депутаттæ иууылдæр схъæлæс кодтой ацы закъоны проектыл.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл Комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæмæ рахаста РХИ-йы Хъалонты кодексы 2-аг хай «Организациты исадыл хъалон»-ы 32 сæры 445-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

Коцты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы Закъоны райсты æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрд 2014 азы 28-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодекс бакæнынимæ. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы хынцыд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон системæйы организацитæ æмæ уагдæтты исады ахасты хъалонтæ фидыны фæдыл, кæцытæй пайда кæнынц цы функцитæ сыл æвæрд æрцыд, уыдон сæххæст кæныны тыххæй», – загъта уый.

Коцыты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон системæйы организацитæ æмæ уагдæттæн æфтигæты статьятæ кæй нæй, уымæ гæсгæ æххæстæй финансгонд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетæй. Исады тыххæй хъалоны хыгъды бæрц уæлдæрбанысангонд организацитæ æмæ уагдæттæ хæсджын сты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты хæрдзты статьятæм бахæссын.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны бацамынд закъоны проекты хынцыд æрцыд организациты æмæ уагдæтты исадмæ ахасты хъалонтæ фидынæй ссæрибар кæнын, кæцытæй пайда кæнынц сæ уæлæ æвæрд функцитæ æххæст кæны-ны тыххæй æмæ финансгонд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетæй», – бамбарын кодта уый.

Ацы комитет ма æрбавдыста «2014 азы 28-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 2-аг хайы «Зæххы тыххæй хъалон»-ы 34-æм сæры 461-æм статья æмæ 465-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Комитеты сæрдар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы закъоны проекты райст сæвзæрд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодекс бакæ-нынимæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы хынцыд æрцыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон системæйы организацитæ æмæ уагдæттæ зæххы хъалон кæй хъуамæ фидой, уый тыххæй,  сæ функцитæ сæххæст кæныны тыххæй цы зæххытæй пайда кæнынц, уыдонмæ ахасты. Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон системæйы организацитæ æмæ уагдæттæн сæхи æфтиæгты статьятæ кæй нæй æмæ æххæстæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетæй финансгонд кæй цæуынц, уый фæдыл уæлдæрбанысангонд организацитæ æмæ уагдæттæ хæсджын сты зæххы тыххæй хъалоны бæрц паддзахадон бюджеты хæрдзты статьямæ бахæссыны тыххæй», – банысан кодта Коцты Жаннæ.

Уыимæ ма уый банысан кодта, зæгъ-гæ, «Зæхкусæгон (фермерон) хæдзарады тыххæй» 2005 азы 20-æм апрелы райсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 12-æм статьяйы 10-æм пункты хынцыд æрцыд, ногæй сырæзгæ фермерон хæдзарадтæ сæрибар кæй цæуынц сæ зæххы фадгуыты зæххы тыххæй хъалонтæй зæххы  фадгуытæ сын лæвæрд куы æрцыдысты, уыцы бонæй æртæ азы æмгъуыдмæ. Уыцыиу рæстæджы Хъалонты кодексы 461-æм статьяйы хынцыд не ‘рцыд бацамынд фермерон хæдзарадты хъалонтæй ссæрибар кæныны тыххæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны бацамынд Закъоны проекты хынцыд цæуы, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетæй финансгонд чи цæуынц, уыцы организацитæ æмæ уагдæттæ сæрибар цæуынц зæххы тыххæй хъалонæй, уыцы зæххы фадгуытæм ахасты, кæцытæ сын лæвæрд æрцыдысты комкоммæдæр ацы организацитæ æмæ уагдæттыл æвæрд функцитæ сæххæст кæныны тыххæй, афтæ ма хъалонтæй сæрибар цæуынц ног сырæзгæ фермерон хæдзарадтæ, зæххы фадгуытæ сын лæвæрд куы æрцыдысты, уыцы бонæй æртæ азы æмгъуыдмæ», – загъта уый.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Джиоты Инал, Мамиты Инал, Гасситы Петр, Тасойты Барис, Плиты Александр æмæ æндæртæ.  Уынаффæ кæныны фæстæ депутат-тæ схъæлæс кодтой ацы закъоны проекты тыххæй. Сессийы куысты рæстæджы ма парламентаритæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой Парламенты комитеты персоналон (сæрмагонд) сконды ивындзинæдтæ. «Æндæр æмæ æндæр» хайы парламентаритæ æруынаффæ кодтой республикæйы цæрæнуатон проблемæйыл. Сæрмагондæй, депутаттæ банысан кодтой Хъайтарты уынджы ног микрорайоны цæрæнуат раст адих кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй, кæцыйы арæзтад фæуд кæны кæронмæ.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр фæндон бахаста Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл комитеты рауæрæхгонд рабадт ауадзын, рабадтмæ цæрæнуатон къамисы уæнгтæ æмæ горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы фæхонгæйæ.

Уымæй дарддæр ма парламентаритæ æруынаффæ кодтой горæты æмæ районы поликлиникæты иугонд медицинон кластер саразыны фæлгæтты республикон соматикон рынчындоны территоримæ ахæссыны фарстыл.

Банысанчындæуыд, зæгъгæ, ацы уагдæтты кусджытæн сæ бартæ хæлд нæ цæудзысты. Афтæ ма партитæ «Адæмы иудзинад» æмæ «Адæмон парти» рахастой Къæбысты Георгийы æрцахсыны æмæ йыл уголовон хъуыддаг бакæныны тыххæй фарст.

«Æндæр æмæ æндæр» хайы фарстатыл уынаффæ кæныны хайад райстой депутаттæ Гæбæраты Алан, Плиты Александр, Диакъонты Амиран, Чилæхсаты Владимир, Плиты Агуындæ, Гасситы Петр, Тедеты Руслан, Уалыты Розæ, Къозонты Алан æмæ æндæртæ.

Æстæм сессийы фыццаг рабадты куысты хайад райстой Парламенты РХИ-йы Хицауады минæвар Кокойты Зураб æмæ РХИ-йы Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты сæрдар Къацты Вадим.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон

управлени

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.