9 февралы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм сессийы æнæрадон рабадт. Рабадт уагъта Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон «Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй»  закъоны проект.

Ацы фарсты фæдыл ныхасы рацыд РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый банысан кодта, 2017 азæн рахицæнгонд финансон фæрæзтæй æнæ спайдагондæй чи баззад, уыдон ацы азмæ рахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Дзырд цæуы Инвестицион программæйы реализацийы тыххæй финансон æххуысы баззайæццæгтыл, афтæ ма 2015 азы 18 марты арæзтæрцæуæг Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй ба-дзырды фæлгæтты арæзтæрцæуæг  хицæн сразыдзинæдты реализацийыл дæр, сæрмагондæй Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады цур Информацион-координацион центры куысты тыххæй. Дзырд ма цæуы, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министрадты ‘хсæн цы сразыдзинад арæзт æрцыд, уый фæлгæтты хардзгонд цы æхцайы фæрæзтæ хъуамæ æрцыдаиккой, уыдоныл дæр. Закъоны проекты хынцыд æрцыдысты, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъон йæ тыхы кæй бацыд æмæ депутатон хæслæвæрдтæ æххæст кæныны нормæтæ æдзухон профессионалон бындурмæ кæй рахызтысты, уый фæстиуæгæн республикæйы Парламенты уæлæмхас хæрдзтæ», – банысан кодта Хæбæлаты Азæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон бюджеты хардзон хай хъуамæ фæфылдæр уа 1506326,46 мин сомы. Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты дефицит у 1506326,46 мин сомы.

Ацы закъоны проекты фæдыл раныхас кæнгæйæ, профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ бамбарын кодта, зæгъгæ, закъоны проект цæмæй сессимæ рахастæуа, уый тыххæй цы процедурæтæ хъæуы, уыдон се ‘ппæт дæр æххæст æрцыдысты.

Профилон комитеты сæргълæууæг ранымадта мадзæлттæ, кæцыты фæдыл рахицæнгонд не ‘рцыдысты æхцайы фæрæзтæ.

«Уыцы мадзæлттæ сты 2012-2016 азты ирон æвзаджы рæзты æмæ йæ сахуыр кæныны тыххæй паддзахадон программæйы фæдыл кадрон резерв саразын, адæймæгты æмæ цæрæгойты æрранизы тыххæй бафæдзæхсыны фæдыл нысанмæздæхт комплексон паддзахадон программæ, рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауыл хъомыл кæныны программæ æмæ резервон фондтæ», – загъта Коцты Жаннæ.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы программæты тыххæй хардз цы фæрæзтæ не ‘рцыдысты, уыдон рахаст не ‘рцæудзысты 2018 азмæ.

«Æз афтæ нымайын, æмæ рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауыл хъомыл кæныны æмæ цæрæгойты æрранизы тыххæй бафæдзæхсыны фæдыл нысанмæздæхт комплексон паддзахадон программæтæ хъæуæг сты, фæлæ уыцы программæты фæлгæтты цы мадзæлттæ уагъд цæуы, уыдонæн, иу-цалдæры йедтæмæ, æппындæр ницы эффект ис. Æз рекомендаци кæнын Хицауадæн, цæмæй уыцы паддзахадон программæтæм ногæй æркæсой æмæ сыл бакусой, уыцы нымæцы рахастгонд  цы финансон фæрæзтæ хъуамæ æрцæуой, уыдоныл дæр, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауыл хъомыл кæныны тыххæй арæзт æрцæуа иу хорз программæ», – банысан кодта профилон комитеты сæрдар.

Ацы фарсты фæдыл  сæ хъуыдытæ загътой Кадзты Филипп, Диакъонты Амиран, Мамиты Инал, Джиоты Инал æмæ Гасситы Петр.

Уый фæстæ депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой уыцы закъоны проект.

Хуссар Ирыстоны Парламенты Мандатон къамисы сæрдар Тасойты Барис уынаффæмæ рахаста фарст Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæзæм сæвзæрст Парламенты депутаттæ Бекъойты Геннади æмæ Чилæхсаты Георгийы æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр æруромыны тыххæй, уыдон профессионалон Парламенты уавæрты сæ куыст сæ раздæры бынæтты адарддæр кæнын кæй сфæнд кодтой, уый тыххæй.

Дыууæ фарсты тыххæй дæр депутаттæ хъæлæс радтой æмхъæлæсæй.

«Æндæр æмæ æндæр» хайы депутат Хуыбиаты Альберт уынаффæмæ рахаста æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы æхцафидæн картæтыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырысайæ кæй пайда кæнынц уый тыххæй фарст. Депутаты ныхæстæм гæсгæ, æхцафидæн картæтæй куы спайда кæнынц, уæд сæ аппарынц брондонмæ, уымæ гæсгæ æхцафидæн картæтыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон символикæйæ  кæй пайда кæнынц, уый раст нæу.

«Ацы фарстыл уынаффæ цыд комите-ты, цыран ист æрцыд уынаффæ ацы фарст сессийы боны фæткмæ бахæссын æмæ кæройнаг уынаффæ райсын. Хорз уаид, æмæ РХИ-йы Парламенты къухдариуæгады номæй æмбæлон фыстæг æрвыст куы æрцæуид æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы къухдариуæгады номыл, цæмæй уыдон мауал пайда кæной ахæм нысæнтты паддзахадон символикæйæ», – банысан кодта Хуыбиаты Альберт. Парламенты Сæрдар Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у æмбæлон закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæссын, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ зоной, цыран æмæ кæм ис гæнæн республикæйы паддзахадон символикæтæй пайда кæнын.

Йæ рады РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал хъусдард аздæхта республикæйы атрибуттæй пайда кæныны тыххæй чи базæронд, уыцы Конституцион закъон сног кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ. «Цæй æмæ бацæттæ кæнæм Конституцион закъо-ны ног редакци, цыран карзæй æмæ дырысæй ныффыссæм,  паддзахадон символикæтæй куыд гæнæн  ис пайда кæнын, уый тыххæй», – загъта уый.

Депутат Коцты Жаннæ фæндон бахаста 3-æм февраль национ иудзинады бонæй расидыны тыххæй, æмæ дунейы чемпион Гасситы Мураты та РХИ-йы Парламенты хицæн нысанæй схорзæхджын кæныны тыххæй.

Депутат Чилæхсаты Владимир банысан кодта, зæгъгæ, профилон комитеты уынаффæ кодтой цæрджытæн фидгæ медицинон лæггæдты тыххæй æмæ загъта йæ хъуыды,  цæрджыты æфтиæгты æмвæзад кæрæдзийæ тынг кæй хицæн кæны, уымæ гæсгæ ахæм фарстытыл, æгæрыстæмæй уынаффæ кæнын дæр нæ хъæуы. Уый тыххæй Парламенты РХИ-йы Хицауады Сæрдары æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб банысан кодта, зæгъгæ, комитеты нæ лæууыд фарст æнæаргъæй медицинон лæггæдтæ фидгæ лæггæдтæм ракæныны тыххæй, фæлæ уы-наффæ кодтой ацы фарсты алыварс  æндæр аспекттыл.

Уый фæдыл депутат Гасситы Петр бафиппайдта, зæгъгæ, ахæм темæтæ риссаг фарстытæ сты цæрджытæн æмæ сæ хъæуы сахуыр æмæ уынаффæ кæнын.  Иу хъуыддаг уый у æмæ дохтыр рынчыны басгарынмæ куы арвиты, уæд æппæт процедурæтæ дæр хъуамæ уой æнæаргъæй. Фæлæ кæд исчи йæхи фæндонмæ гæгæ хъуамæ рацæуа медицинон басгæрст, уæд уый тыххæй хъæуы фидын.

Ацы фарст бамбарын кодта депутат Плиты Агуындæ. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, махмæ ныридæгæн ис закъон æнæаргъæй медицинон лæггæдты паддзахадон гаран-титы тыххæй. Фæлæ, иннæрды-гæй та, ацы лæггæдтæ дунейы æнæаргъæй никуы сты. Æндæр хъуыддаг у, уыцы лæггæдты тыххæй чи фиддзæн: паддзахад, фæдзæхсты фондтæ, æхсæна-дон организацитæ æви йæхæ-дæг пациент? Хуссар Ирыстоны ифтонгады фылдæр хай фиды паддзахад.

Ацы фарстыты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Уалыты Розæ, Диакъонты Амиран, Мамиты Инал, Джиоты Инал æмæ æндæртæ. Ист æрцыд уынаффæ ацы фарсты фæдыл Парламенты РХИ-йы Æнæниз-дзинад хъахъхъæныны министрмæ байхъусыны тыххæй.

Сессийы куысты хайад райстой Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб æмæ Финансты министр Хæбæлаты Азæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.