РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр хайад райста хæрзаудæн магазин «Рухсы тын»-ы байгом кæныны церемонийы. Магазин байгом кæныны идеяимæ ралæууыд æвзонг энтуазистты къорд. Уыдон бахатыдысты республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ, кæцы æрмæст идеяйы æвварс нæ рахæцыд, фæлæ ма сын радих кодта бæстыхай дæр. Уымæй дарддæр ма, сæ паддзахады сæргълæууæг йæ хæрзаудæн фонды руаджы ифтонг кæндзæн уæлæдарæсæй дæр. Магазины ныридæгæн ис бирæ уæлæдарæс, къахыдарæс, хъазæнтæ æмæ алкæцы æххуысхъуаг адæймагæн дæр йæ бон у æрбацæуын æмæ йæхицæн æнæаргъæй дзаумæттæ райсын.

4-æм июны хæрзаудæн магазины бабæрæг кодтой Ленингоры поселочы сывæллæтты хæдзары сывæллæттæ. Уыдонæн организатортæ сарæзтой бæрæгбонон фынг, æрбахуыдтой мультфильмты уарзон персонажты. Сывæллæттæй алчидæр йæхицæн равзæрста, йæ зæрдæмæ чи фæцыд, ахæм уæлæдарæс. Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, ахæм магазины баконд хæрзаудæн хъуыддаг у. «Уый у фыццаг æмæ иунæг ахæм магазин нæ республикæйы. Ардæм æрбацæуын йæ бон у алкæцы æххуысхъуаг адæймагæн дæр æмæ бынтон æнæаргъæй йæхицæн æмæ йæ сывæллæттæн дзаумæттæ ахæссын. Уый у тынг хорз акци, ам ныртæккæ ис бирæ сывæллæттæ, кæ-цытæ сæхицæн æвзарынц уæлæдарæс.  

Организатортæ банысан кодтой, зæгъгæ, арæхдæр адæм сæхицæн ахæссынц уæлæдарæс, къахыдарæс æмæ фыццаг рады æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ. Уымæй дарддæр ма магазины ис ахуыргæнæн чингуытæ, аксессуартæ, сывæллæтты дзаумæттæ. «Дзаумæттæй нæ ифтонг кæнынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны магазинтæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæстæйы президенты хæрзаудæн фонд. Мах бирæ хъуыды кодтам магазины номыл æмæ аскъуыддзаг кодтам, «Рухсы тын» кæй хуындзæн, ома, рухсы тын, кæцы хъуамæ рухс кæна алы адæймаджы зæрдæ дæр», – банысан кодта организатортæй сæ иу – Хаситы Михаил.

Уый æрсидт, сæ магазинæн баххуыс кæнын йæ бон кæмæн у, уыцы адæммæ, цæмæй сæм фæдаргъ кæной се ‘ххуысы къух. «Адæм алыхатт дæр æххуыс кодтой кæрæдзийæн, æмæ мах та стæм æрмæстдæр æхсæны лæгтæ. Бирæтæм ис, ног кæнæ хорз уавæры чи ис, ахæм дзаумæттæ æмæ сæ æрбахæссынц ардæм. Мах та сæ адих кæнæм», – банысан кодта уый.

Хæрзаудæн магазин кусгæ бонты кусдзæн 13 сахатæй 14 сахатмæ æмæ 18 сахатæй 19 сахатмæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.