Хæрзаудæн магазин «Рухсы тын»-ы фæрцы нæ республикæйы иумæйагахуырадон скъолаты рауагъдонтæй æстдæс адæймаджы сæхи сæ сæйраг балмæ сфæлыстой бæрæгбонон дарæсы.

Ацы акци райдыдта июны мæйы райдианы. Магазинмæ хуынд цыдысты канд горæты нæ, фæлæ районты æмæ дæрддзæф хъæуты рауагъдонтæ дæр. Уыдонæн сæ бон уыд магазины сæхицæн æнæаргъæй дарæс равзарын.

150 хуыз дарæсы равæрд æрцыд магазины. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты ногтæ, фæлæ дзы уыд ахæмтæ дæр, кæцыты раздæр азты рауагъдонтæ æрбахастой. Хъуылымбегты Ленæ, кæцы уыд ахæм акци ауадзыны инициатор, зæгъы, зæгъгæ, никуы ма федта, ахæм æхцон эмоцитæ æвзонг адæймæгты цæстыты. Рауагъдонтæ, кæцытæ сæхи сфæлыстой магазины, ныр се ‘мбæлтты æмрæнхъ рацыдысты сырх гауызыл.

Иагъуыд аз Тельманы уынджы байгом хæрзаудæн магазин «Рухсы тын». Ацы хæрзаудæн хъуыддаджы инициатортæ сты Хъуылымбегты Ленæ æмæ Хаситы Михаил. Магазин гом æрцыд æххуысхъуаг адæмæн æмæ дзы ис алыгъуызон уæлæдарæс, къахдарæс, хъазæнтæ, хæлцадон продукттæ, гæрзтæхсæн фæрæзтæ. Ардæм æрба-цæуынц æххуысхъуаг адæм æмæ æнæ-аргъæй ахæссынц, цы сæ хъæуы, уый.

«Рухсы тын» нæ республикæйы у фыццаг æмæ иунæг ахæм магазин. Ардæм æрба-цæуын йæ бон у, æцæгæйдæр æххуысхъуаг чи у, ахæм адæймæгтæн мæй иу хатт. Ам дæрдджын дзаумæттæй дарддæр вæййы ног уæлæдарæс дæр. Уый у нæ бæстæйы сæргълæууæджы руаджы.

Бибылты Анатолийы фæрцы магазинæн хицæн æрцыд уæрæх æмæ райдзаст бынат дæр. Президент йæ сæрмагонд фондæй рахицæн кæны æхцайы фæрæзтæ, ног уæлæдарæс балхæнынæн. Уый сын фадат дæтты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хицæн магазинтимæ бадзырдтæ саразынæн æмæ сæ уыдон дæр ифтонг кæнынц хъæуæг дзаумæттæй.

Хъуылымбегты Ленæ куыд зæгъы, афтæмæй не ‘мбæстæгты ‘хсæн дæр бирæ ис ахæмтæ, кæцыты фæнды хæрзаудæн архайд кæнын, мæгуыртæн æххуыс кæнын. Уыдон дæр æрбахæссынц алыгъуызон дзаумæттæ. Хъуылымбегты Ленæ æмæ йын цы цалдæр чызджы æххуыс кæнынц, уыдон ахицæнтæ кæнынц дзаумæтты, æхсинаг чи вæййы, уыдоны ныхсынц, ныиту сæ кæнынц æмæ сæ афтæмæй рахæссынц, чи сæ æрцагуры, уыдоны размæ.

«Рухсы тын»-ы уазджытæ арæх вæййы Ленингоры районы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгттæ, Дзау æмæ Цхинвалы  интернаты ахуыргæнинæгтæ, пансионат «Аудындзинад»-ы æвæгæсæг зæрæдтæ æмæ нæ республикæйы бирæсывæллонджын бинонтæ.

«Рухсы тын»-ы магазинмæ алкæмæн дæр у йæ бон, кæмæй нæ пайда кæнынц, ахæм дзаумæттæ æрбахæссын. Кæйдæр нал хъæуынц, æндæр адæймаг та сæ зæрдиагæй агуры. Адæм хъуамæ æххуыс кæной кæрæдзийæн. Мах та стæм æрмæстдæр æхсæны лæгтæ. Мах зонæм, бирæ ис ахæм бинонтæ, кæцытæ сты æххуысхъуаг æмæ сæ бон нæу сæ рауагъдонтæн зынаргъ дарæс балхæнын. Ирон адæмæн сæ менталитет бар нæ дæтты мæгуыргур цæуын. Нæ магазинмæ æрбацу, табуафси, æмæ ахæсс, цы дæ хъæуы, уый. Уый та у æххуыс æххъуысхъуаг адæймагæн», – загъта Хъуылымбегты Ленæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.