80 азы сæххæст уыдаид йæ адæмы æнувыд хъæбул, зынгæ ахуыргонд, химион зонæдты кандидат Гæбæраты Юляйыл. Уый цытæн нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ауагъд æрцыд мысæн изæр. Сорганизаци йæ кодта 5-æм скъолайы химийы ахуыргæнæг, Юляйы раздæры студенткæ Мурадова Маринæ.

Мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, 5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, Юляйы хъæбултæ Артур æмæ Изабеллæ, йе ‘фсымæр Гæбæраты Феликс, йæ æввахс хиуæттæ,

Мадзаламонджытæ дзырдтой Гæбæраты Юляйы цард æмæ зонадон архайдыл. Кæй байгом кодта ног химион баиугæнд æмæ уый фæдыл доклад кæй сарæзта Токиойы дунеон конференцийы. Цæмæй зыдта уæд æрыгон ахуыргонд, разæй йæм йæ царды стыр зындзинæдтæ кæй æнхъæлмæ кæсынц. Уый уыд æхсарджын æмæ фидар удыхъæды хицау.

Нæ адæмы зæрдыл абон дæр лæууы 1979 азы Гуырдзыстоны разамынад, йæ сæргъ Шеварднадзе, афтæмæй уынаффæ кæй райста Хуссар Ирыстоны территорийыл мыстымарг уадзæн завод саразыны тыххæй, кæцы нымад цæуы зианхæссæг кондадыл.

Нæ уæды областы, кæй зæгъын æй хъæуы, сразы сты ууыл æмæ æрæвнæлдтой йæ сæххæст кæнынмæ. Фæлæ ам сæ фидар ныхас загътой Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты студенттæ æмæ уый фæстæ та æхсæнады æндæр минæвæрттæ. Уыдон ралæууыдысты химион заводы арæзтады ныхмæ. Ацы змæлд уæрæхæй-уæрæхдæр кодта.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл ахæм завод саразыны ныхмæ уыдоны чи разæнгард кодта, уый уыдис Хуссар Ирыстоны педагогон институты хими æмæ биологийы кафедрæйы сæргълæууæг Гæбæраты Юля.

Мысæн мадзалы хайадисджытæ базонгæ сты йæ царды фæндагимæ. Уый райгуырд 1938 азы 21 июны Залдайы хъæуы. Цхинвалы педтехникум каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Ленины номыл Мæскуыйы педагогон институты химико-биологон факультетмæ. Каст æй фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд аспирантурæмæ Ростовмæ, цыран бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци, афтæмæй уый Хуссар Ирыстоны сылгоймæгты æхсæн химийæ ссис зонæдты фыццаг кандидат.

Хуссар Ирыстонмæ Юля æрыздæхт 1970 азы æмæ лекцитæ кæсын райдыдта Хуссар Ирыстоны педагогон институты. Ам кодта йæ зонадон æмæ иртасæн куыст дæр. Ног химион баиугæнд кæй æрымысыд, уый тыххæй йæ, куыд ма загътам, фæхуыдтой Японимæ химикты дунеон конгрессмæ, цæмæй дзы доклад сарæзтаид йæ иртасæнты тыххæй.

Ахуыргонд хорз æмбæрста, цы завод аразынмæ хъавыдысты, уый цахæм тасдзинад хаста йæ райгуырæн бæстæйæн, уый. Зыдта, æвзæрæрдæм кæй æндавдзæн йæ адæмы æнæниздзинадыл, афтæ ма экологийыл дæр иумиагæй сисгæйæ. Ахæм заводы кондады баззайæццæгтæ æркæнынц уымæ æмæ деформаци кæнынц адæймаджы стджыты, æркæнынц генетикон мутацитæм. Зын ахъуыдыгæнæн у, цахæм стыр зиан æрхастаид Хуссар Ирыстонæн, ацы проект реализаци куы æрцыдаид, уæд. Уæд Гæбæраты чызг активон æмбарынгæнæн куыст райдыдта студентты æхсæн æмæ уыдон дæр рахæцыдысты сæ ахуыргæнджыты æвварс. Уыдон бацæттæ кодтой сидт, æмæ йæ бакастысты, Цхинвалы цы протесты митинг уыд, уым. Уыдонмæ ма æрбаиу сты æхсæнады æндæр минæ-вæрттæ дæр.

Цаутæ рæзтысты драматикон æгъдауæй. Шеварднадзе, уый базонгæйæ, бахæс кодта, цæмæй равзарой, советон дуджы стæм фæзынд чи уыд, уыцы хъуыддаджы. Уæд райдыдтой йæ хъизæмæрттæ дæр Юляйæн. Систой йæ йæ бынатæй, æртхъирæн æм кодтой æрцахсынæй, заводы арæзтады ныхмæ ма дарддæр куы архайа, уæд. Бахъуыд æй йæ сывæллæттимæ Мæскуымæ ацæуыны сæр. Фæлæ уым дæр иу ран нæ бадт, раныхас-иу кодта зонадон иртасæн центрты, университеты, бакастис-иу Хуссар Ирыстоны студентты æмæ минæвæртты сидтытæ. Уыдæттæ фæхæццæ сты Мæскуыйы уæлдæр разамынадмæ æмæ райст æрцыд уынаффæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны ацы заводы арæзтад урæд æрцæуа.

Гæбæраты Юля Цхинвалмæ æрыздæхт уæлахиздзауæй, фæстæмæ райдыдта кусын йæ раздæры бынаты, сæйраджы сæйраг та Хуссар Ирыстон фервæзт экологион бæллæхæй. Уый уыд, ацы сылгоймаджы фидар æмбæстагон позици æмæ йæм лидерон миниуджытæ кæй уыд, уый руаджы. Уый нæ фæтарст Гуырдзыстоны бюрократон репрессивон машинæйы ныхмæ ралæууынæй.

Гæбæраты Юля дарддæр кодта йæ зонадон куыст. Каст лекцитæ студенттæн. Уый бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта Уæрæсейы скъолатæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнæн чиныг  «Расчетные задачи по химии». Уымæй ссардта, Абхазы хæсты йын хъæбатырæй чи фæмард, йæ уыцы фырт Козаты Робины рухс ном. Уый уырдæм ацыдис бархионæй. Юля, Абхазы уæвгæйæ, йæ чиныгæй цалдæр экземпляры балæвар кодта Абхазы паддзахадон университетæн. Уырдæм та йæ фæхуыдта Абхазы уæды Президент Владислав Ардзинба æмæ йын йæ къухмæ радта йæ фырты хорзæх – «Кавказы хъайтар».

2001 азы Юля уæззау рынчын кæй фæцис,  уымæ гæсгæ йæ бахъуыд йæ куыст ныу-уадзын. 2004 азы та фæхъуыдис не ‘хсæнæй. Ацы диссаджы адæймаджы, зынгæ ахуыргонды æмæ йæ бæстæйы æнувыд патриоты ном цæры йæ адæмы зæрдæты.

Юляйы тыххæй мадзалы йæ мысинæгтæ  радзырдта 5-æм скъолайы биологийы ахуыргæнæг, йæ раздæры студенткæ Тедеты Ноннæ. Уый банысан кодта, студенттимæ йын кæй уыд æнгом ахастытæ, ахуырмæ сæ кæй разæнгард кодта. «Юляйы æнувыд архайды руаджы курсы цы 15 студенты уыдыстæм, уыдонæй 10-æй уыдыстæм, иттæг хæрзтыл чи ахуыр кодтой, ахæмтæ», – загъта Ноннæ.

Гæбæраты Юляйы тыххæй йæ мысинæгтæ загъта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим дæр. Уый мадзалмæ æрбацыдис университеты биологийы факультеты декан Джиоты Циалæ æмæ химийы ахуыргæнæг Тадтаты Лидæимæ æмæ  фехъусын кодта, уыдон кæй æрбацыдысты ацы мадзалмæ зонадон советы рабадтæй æмæ уым æмхъæлæсæй кæй райстой уынаффæ, цæмæй Юляйы ном сæнусон кæныны тыххæй химийы кафедрæ хæсса йæ ном. Ацы хабарыл мадзалмæ æрбацæуджытæ сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдæй. Университеты ректор ма банысан кодта, уый кæй уыдис Хуыцауæй лæвæрд ахуыргæнæг, уымæн æмæ кæддæриддæр иумиаг æвзаг ардта студенттимæ, йæ зонындзинæдтæ та сын амыдта æнæвгъауæй.

Йæ хойы ном ын кæй æрымысыдысты, ахæм кад ын кæй кæнынц, уый тыххæй мадзал организацигæнджытæн стыр бузныджы ныхæстæ загъта Юляйы æфсымæр Гæбæраты Феликс.

Уый дæр дзырдта, бирæ зындзинæдтæ кæй бавзæрста йæ хо, фæлæ кæй нæ фæтарст æмæ йæхион кæй акодта, йæ бон цæмæй уыд, уымæй йын йæхæдæг дæр  кæй æххуыс кодта. Раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн, йæ хойы ном ын кæй æрымысыдысты, уый тыххæй.

«Ацы сылгоймаг цы сарæзта, уый абарæн нæй августы хæстимæ дæр. Уыцы хъуыддаг сын саразын куы бантыстаид, уæд хæст расидыны сæр нал хъуыдаид нæ адæмæн, æнæуый дæр скуынæг уыдаиккой уыцы заводы æрбакондæй», – ахæм уыд йæ хъуыды Гæбæраты Юрийæн æмæ банысан кодта, уый йæ ныййарæг мадæн дæр кæй уыд æнувыд лæггадгæнæг. Æрымысыд, уый арæх кæй цыд Залдамæ, йе ‘ккой хæссинæгты хызын, афтæмæй, къæвда, хур бон не ‘взаргæйæ. «Уый стыр хъайтардзинад у. Уыд хуымæтæг, адæммæ стыр уарзт та йæ зæрдæйы æрбынат кодта арф æмæ йæ куы хъуыд, уæд æй равдыста», – загъта Юри æмæ бузныг загъта мадзал организацигæнджытæн.

Цымыдисон уыдис йæ раныхас Юляйы тыххæй Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ахуыргæнæг Гæбæраты Фати-мæйæн дæр. Радзырдта, адджынæй кæй цардысты йæ бинонтимæ. Æрымысыд йæ фыды мысинæгтæ Юляйы тыххæй.

Бирæ рæсугъд, хъарм ныхæстæ загъта Юляйы тыххæй 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг, РХИ-йы Парламенты депутат Уалыты Розæ дæр.

– «Мæ сæрæй ныллæг кувын уыцы диссаджы сылгоймагæн. Уый фæрцы аивæрзтис нæ райгуырæн Ирыстон стыр фыдбæллæхæй. Юляйы ном ирон адæмы историйы ахсдзæн аккаг бынат. Æз хорз хъуыды кæнын йæ зындзинæдтæ. Йæ низ фæтыхджындæр, йæ хъæбул Абхазы хæсты куы фæмард, уый фæстæ. Хъыгагæн, нал сфæрæзта йæ фæллад зæрдæ ацы маст…», – банысан кодта Розæ.

Мадзал организацигæнджытæн бузныджы ныхæстæ загъта Юляйы фырт Артур.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.