Æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» у ног рауагъдад. Сæрмагондæй сфидаргонд æрцыд 2016 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Указæй. Уый у Хуссар Ирыстоны периодикон мыхуыры фыццаг аналитикон журнал. Кæд журнал нырма  цъус рæстæг уæвынад кæны, уæддæр у популярон куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ уымæн æддейæ кæсджытæн дæр. Мыхуыры уал рацыд журналы цыппар номыры, фæлæ журналы редакци фæнд кæны æрбалæугæ азы æхсæз номыры рауадзын, уый фæстæ та журнал мыхуыр цæудзæн æрвылмæй дæр.

Æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия»-йы мыхуырцæуæг æрмæджытæ алыварсон темæтыл кæй сты, æгæрыстæмæй æрмæджыты амбициозон æмæ хивæнд зондахаст бахынцгæйæ дæр, уый фадат дæтты алы журналкæсæгæн дæр æхцондзинад райсын журналы фæрстæ кæсгæйæ.

Журналкæсæг ам бакæсдзæн куыд республикæйы ныртæккæйы къухдариуæгады куысты тыххæй, афтæ ма Хуссар Ирыстоны дарддæры райрæзты тых-хæй геополитикон цауты æмæ алыгъуызон процессты тыххæй дæр.

Æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия»  у нæ республикæйы иунæг паддзахадон мыхуыры фæрæз, кæцы дзуапп дæтты нырыккон журналистикæйы æппæт домæнтæн дæр канд йæ мидисæй нæ, фæлæ ма йе ‘ддаг  хуызæй дæр.  Афтæ ма алы кæсæг дæр журналы фæрстыл ссардзæн дзуапп информацион политикæ, политэкономи, геополитикæ, истори æмæ æндæр фадгуыты цымыдисгæнæг фарстытæн дæр.

Афтæ ма журналы фæрстыл кæсæг зонгæ кæндзæн Ирыстоны ахуыргæндты зонадон куыстытимæ дæр.  Уыцы темæтыл ам кæсджытимæ сæ хъуыдытæ  дих кæнынц зындгонд уæрæсейаг эксперттæ.

Куыд ма банысан кодтам, афтæмæй, журналы информацион æрмæджыты политикон, социалон, зонадон æмæ экономикон сферæйы хабæртты æмрæнхъ æвдыст цæуынц  æхсæнады аивадон, культурон æмæ спортивон цард.  Афтæ ма банысан кæнын хъæуы, журналы ма мыхуыр кæй цæуынц Ирыстоны  куыд хуссар, афтæ йæ цæгат хайы æрцæугæ хабæрттæ, æмæ уый та дзурæг у ирон адæмы æнгомдзинадыл.

«Æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» аразы æппæт дæр, цæмæй суа, нырыккон журналистикæйы домæнтæн гъæдджынæй дзуапп чи дæтта, ахæм   респектабелон мыхуыры фæрæз. Мах аразæм æппæт дæр, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны райрæзты тыххæй информаци объективонæй æмбæла дунейы журналкæсджытыл»,- фехъусын кодта журналы сæйраг редактор Хынцæгты Аллæ. Уый ма банысан кодта, æхсæнадæмон  аналитикон журналы саразыны процесс æххæст кæй цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады хъусдардæй, уый дзурæг кæй у, ацы сферæйы фæдыздæхтæн республикæйы къухдариуæгад кæй дæтты стыр нысаниуæг.  Уымæ гæсгæ нæу цымыдисаг, РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды хъуыды æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» саразын кæй у ноджы иу æвдисæн,  нæ бæстæйы активонæй кæй цæуы не  ‘мбæстæгты уавæрты хæрзгъæддзинады арæзтад æмæ размæцыды процессимæ разы кæй сты дунейы эксперттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.