Дзауы районы проект «Школа диабета» среализаци кæныны фæстæ, кæцы нымад æрцыд æнтыстджыныл, къух фыст æрцыд Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сосланы Бадзырдыл æппæт районты «Школа диабета» сорганизаци кæныны тыххæй.

Афтæмæй, Министры Бадзырдмæ гæсгæ, 2021 азы 18 июны районты рынчындæтты сæйраг дохтыртæн æнæмæнгхъæуæг у организацион мадзæлттæ ауадзын, бынат сбæрæг кæнын æмæ æнæмæнгхъæуæг материалон базæ бацæттæ кæнын.

Бадзырдмæ гæсгæ, лекцитæ уагъд цæудзысты æрвылмæй дæр эндокринологы хайадистæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ скъолайы фæлгæтты республикæйы цæрджытæн, кæцытæн ис сæкæры диабет, фадат уыдзæн низимæ тох кæныны фæдыл зонындзинæдтæ райсынæн, специалисттæм цымыдисаг фарстытæ радтынæн æмæ низы  фæдыл информаци райсынæн, цæмæй дарддæр низ ма карздæр кæна.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.