Цымæ ирон адæм искуы, искæцы дуджы сæ цардуаг, сæ хъысмæтмæ æрвонгдæр цæстæй кастаиккой? Абон нæ цы риссæгтæ тыхсын кæнынц, уыдон искуы къаддæр уыдаиккой, ныры дугимæ абаргæйæ? Зын зæгъæн у… Цæрæнбонты нæм у афтæ: иугæр афтæ ныббиноныг, иугæр афтæ загътой, уæд афтæ хъуамæ уа… Уый цæуыл дзурæг у? Нæхи хъуыды зæгъыны бар нын кæй никуы уыд, нæ царды хъæнтæ æмæ хæрзтæм нын нæхи цæстæнгасæй кæсыны фадат кæй никуы уыдис, ууыл? Æви цæрæнбонты дæллаг галы æфсондзы бын бафæлладыстæм æмæ нын уæлдайаг, уæлæнгай уыдысты уыдæттæ?..

Хетæгкаты Къоста нæ хурты хур у. Къостайæ стырдæр лæг Хуыцау нæма радта Ирыстон æмæ ирон адæмæн. Фæлæ иугæр Къоста нæ мадæлон æвзаджы, нæ аив дзырды бардуаг у, уæд æй хъуамæ нымайæм иууыл хуыздæр нывгæнæгыл дæр. Цæмæн? Афтæ дзырдтой, афтæ нымадтой æмæ уымæн? О, фæлæ нæ царды æппындæр мацы ивындзинæдтæ хъуамæ æрцæуа, хъуамæ нæ мидбынаты цоппай кæнæм?..

Хетæгкаты Оксанæ интернет-тыгъдады æртæ хайæ сæвæрдта Коцойты Арсены зындгонд уац «Ирон интеллигенцийы хæстæ». Бузныг ын, нæ ирвæдæны хуыздæр зиууæтты сфæлдыстадон бынтæ, нæ аив дзырды æвæрæнтæ адæмы зæрдыл кæй æрлæууын кæны, уый тыххæй, фæлæ дзырд ныртæккæ ууыл нæ цæуы. Уыцы уацæй дзыхыакæнинагдæр цæмæннæ исты равзæрста адæмы рæгъмæ рахæссынæн, уый дæр бынтон æндæр фарст у…

Æхсызгон у, интернеты æвæллайгæ зиууæттæ-комментатортæ йæ иувæрсты кæй нæ ахызтысты, бирæтæ йæ кæй бакастысты, уый. О, фæлæ… Чидæртæ равдыстой се ‘нæразыдзинад, ай, дам, цы хуызæн фыст у, чи, дам æй ныффыста. Куы йæ бамбæрстой, Арсены фыст у, уæд хатыртæ курынмæ фесты, уæд райдыдтой фыссын, нæ ныхæстæ, дам, фæстæмæ исæм… Уый цы у, уый? Уац дæм раст нæ фæкаст, йæ фысты уаг, йæ мидис дæ зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ иугæр Арсены фыст у, уæд – бахатыр кæнут!.. Æмæ Арсен Хуыцау уыд?..

Хуыцау нæ уыд, уый дæр нæ номы, нæ разагъды лæгты нымæцмæ хауы, нæ дзырдаивады зæрингуырд у. Фæлæ йæхи уацмысты алцы бæрзонд æмвæзадыл, зæр-дæмæдзæугæ у, йæхæдæг ницæмæй цуды, уый зæгъæн дæр нæй. Уæдæ цæмæн хъуамæ уæм разы йæ алы хъуыдыйыл дæр, Коцойты Арсен кæй у, æрмæстдæр уый тыххæй?.. Уацы бирæ æнæрастдзинæдтæ кæй ис, йе ‘мдугон фысджыты Хуыцауы æнæхъуаджы зæххæмвæз кæй кæны, афтæмæй йæхæдæг хуымæтæджы растфыссынады нормæтæ дæр кæй халы, уый ничи ницæмæ æрдардта æмæ дары. Истæмæ сæ чи ‘рдардта, уыдон дæр хатыр курынмæ фесты…

Æркæсæм уацæн йæ райдайæнмæ: «Владикавказы цæуы, зонынадæй мæгуырау чи у, ахæм сыф «Хабар». Уый адæмы размæ рахаста ирон литературæ, равдыста йæ афтæ, æмæ лæг нæ зоны, цæуыл тынгдæр дис кæна, – фысджытæ бирæ кæй сты, ууыл, æви уацмысты хъæздыгыл, æви нардуатæй фысджытæ æмæ уацмыстыл цы стауæн ныхæстæ калынц, уыдоныл…

…Нал ис ирон литературæйы иунæг уæйыг Къоста, æмæ алы дзиглотæ сивæзтой сæ къубæлттæ, сдардтой сæ сæртæ, – алырдыгæй алы хъæлæстæй дзурын байдыдтой:

– Æз драматург дæн!

– Æз баллетрист дæн!

– Æз – поэт!

Æмæ уыцы дзиглотæ æхсæнады тæрхонмæ цыфæнды рахæссæнт, алцæуыл дæр сын æмбæлынц æхсызгонæй, арфæтæй. Мадæлон литературæйы тыххæй домаг хъуыды зæгъын сын нæу фæндиаг, былдауæн æмæ къозбау ныхæстæй та æфсæрмы ничи кæны.

Цы хуызы æмæ цæуыл цин кæнынц нæ мадæлон литературæ уарзджытæ?

Ис махмæ Третьяковтæ: Байы-фырт, Къубалы-фырт, Æлборы-фырт æмæ уыдоны хуызæттæ. Сæ хид калынц, афтæмæй иу æмдзæвгæ иннæйы фæдыл хъулон кæнынц».

Ныр цы бакæнæм, алцæмæй дæр хъуамæ сразы уæм Арсенимæ? Талынг, æнахуырдзинад æлдариуæг кæм кодта, уыцы мæгуыр Ирыстоны литературæ рæзын кæныныл æви йæ дарддæр кæныныл уæхскуæзæй чи куыста, уыдон афтæ тынг æфхæринаг цæмæн хъуамæ уыдаиккой? Уыцы Байы-фырт куынæ уыдаид, Къостайы «Ирон фæндыр»-æн рухс куынæ фенын кодтаид, уæд, чизоны, мах фæлтæр йемæ зонгæ дæр нæ бауыдаид, нæ генион поэты шедевртæ нæм дзыхæйдзургæ сфæлдыс-тадон уацмыстау цы æрхæццæ уыдаиккой, æндæр… Кæнæ нæ аив литературæйы рæбинагдæр цæджындзтæй сæ иу «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы автор Къубалты Алыксандр æмæ ирзонынады фыццаг бардуаг Æлборты Барысбийæ афтæ куыд хъуамæ зæгъай «хъулон кæнынц»?..

Кæнæ: «Ис нæм драматург Хъоцыйы-фырт, уымæн та йæ пьесæтæ æнæмæнг разынынц æмхуызон, æндæр автортæн раздæр чи рацыд, ахæм уацмыстимæ. Ис ма ноджыдæр драматург Брытъиайы-фырт, уый та йæхи афтæ тынг уарзы, æмæ йæ уыцы уарзт нæ уадзы рæстмæ исты ныффыссын, æцæг литературон уацмыс сфæлдисын…».

Ирон драматургийы бындурæвæрæгæй «ис ма ноджыдæр драматург» зæгъын цас аив æмæ раст у?.. Дарддæр – ноджы фыддæр: «Нæ литературæ рæдыд фæндагыл кæй цæуы, литературæ æмæ йæ хæстæм раст цæстæнгас кæй нæ дарынц махмæ, уымæн æвдисæн у, «Хабар»-ы хуызæн газет нæм кæй ис, уый дæр. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ суанг хуыздæр автортæ дæр, зæгъæм, Брытъиаты Елбыздыхъо, рауадзынц рухсмæ сæ уацмыстæ æнæхсæс-тæй. Цардмæ уæрæх бавнæлд ис уыцы авторы пьесæ «Дыууæ хойы» у тынг афойнадыл фыст, фæлæ йыл нæй кæронмæ бæстон куыст, фаг цæттæ нæу сценæйы уа-вæртæн. Бæрæг у, автор йæ уацмысыл лыстæг бакусын уæлдай хъуыддагыл кæй банымадта, уый. Æмæ цæуыл тыхса, кæд æй афтæ дæр хонынц «иттæг курдиатджын», «зындгонд драматург», кæд ын йæ алы уацмысæй дæр æмхъæлæсæй фæзæгъынц «хорз?!».

Ау, куыд нæ хъуамæ бауырна æмæ Коцойты Арсен ма зыдтаид, Елбыздыхъо йæ зындгонд уацмыс «Дыууæ хойы» Назраны фидары ахстæй, уазал зæххыл, дæлгоммæ хуысгæйæ, кæй ныффыста, уый?.. Уæдæ знаджы цæст дæр куыд хъуамæ бауарза, ахæм хъиамæты тыххæй «йæ уацмысыл лыстæг бакусын уæлдай хъуыддагыл банымадта» зæгъын?

Ничи скодта æмæ кæны адæтты кой. Цæмæннæ? Кæд сæ ничи хаты, уæд уый мардæрцыд у. Кæд сæ исчитæ хатынц, æмбарынц, фæлæ сæ кой нæ кæнынц, классик сæ кæй загъта, уый тыххæй, уæд уый та дыккаг мардæрцыд у… Уæд афтæ цæуы, æмæ Нафи Елбыздыхъойыл цы монографи ныффыста, уый æнæхъуаджы фыст æрцыд. Уæд æнæхъуаджы уыдысты, Къубалты Алыксандр æмæ нæ фыццаг профессор Æлборты Барысбийы тыххæй цы бирæнымæц зонадон куыстытæ ныффыстæуыд, уыдон дæр.

Цавæр диссаг у, цы хуыцауы æлгъыст фестæм нæ тугæй фыст историйы тыгъдады?!. Дæсныйы амынд нын у нæ хуыздæрты удæгасæй ныгæнын, æргæвдын æмæ нымудзын, цъыфимæ змæнтын. Афтæ цæрдудæгасæй ныгæдтой Чермены, Сæрмæты, Гинойы, Гафезы, Грисы, Гиуæргийы, Скифироны æмæ бирæ, бирæ æндæрты…

Цæмæн хъæуы ивгъуыды æрфытæм æвналын, норст цæхæр схъауын? Уымæн æмæ Хуыцауы фæндæй Ирыстон цæрдзæн, рæздзæн, æмæ ахæм цыдæртæ цæлхдуртæ æвæрдзысты, сæ цæстытæ мигъвæлмæй æхгæндзысты,  нæ ивгъуыд нын чи иртаса, уыцы фæлтæртæн, алцы дæр нын разындзæн зыгъуыммæвæлдæхтæй.

Арсен карзæй фаутæ æвæры йæ рæстæджы ирон дамгъуатыл дæр æмæ фыссы:

«Иу дыууæ хатты уый тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырдтæ дæр. Фæлæ-иу сыстад Байаты Гаппо йе ‘мдзæхдонтимæ æмæ-иу загъта:

– Уый бæрц зынаргъ куыстытæ рауагътам джиппы, æмæ ма ныр куыд ивæм нæ дамгъæтæ?!

Уый дæр дын оригинал.

Цыма æрмæст уыцы дыууæ чиныджы тыххæй уыдысты фыдæбæттæ!».

Ам дæр та ирдæй зыны ирон «æзлæгдæры» фыдæх. Арсен цы дыууæ чиныджы кой кæны, уыдонæй, иу, æнæдызæрдыгæй, хъуамæ уа, нæ чингуыты чиныг, йæхæдæг ирон литературæйы иунæг уæйыг кæй хоны, уыцы Къостайы «Ирон фæндыр». Æмæ кæд Байаты Гаппо æцæгæйдæр ахæм принципыл лæуд уыдис, уæд раст уыд, æмæ йæ цæмæн хъуыдис уый тыххæй афтæ карзæй æфхæрын?

Иу ныхасæй… Ам дзырд æрмæст Коцойты Арсены уацыл, абоны фæлтæр æм цахæм цæстæнгасæй акаст, ууыл нæ цæуы. Дзырд цæуы æнусон проблемæ, ирон адæмы æнусон низыл… Дзырд цæуы, уыцы низæн схос кæныныл нырма дæр кæй ничи хъуыды кæны, ууыл…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.