Нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады къабазы азы дæргъы цы куыст бачындæуыд, цахæм æнтыстытæ бафтыдис сæ къухты, уый тыххæй Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры конференцийы æрдзырдта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Уый банысан кодта, зæгъгæ ахуыры азы кæрон куы акæсæм нæ бакæнгæ куыстмæ, уæд æй абарæм иннæ азтимæ. Ӕмæ иннæ азтæм абаргæйæ та зæгъæн ис, кæй ис æнтыстытæ. «Кæй зæгъын æй хъæуы, ис кæмдæрты къуыхцыдзинæдтæ, фæлæ цæмæй раппæлæм, уыдæттæ дæр дзæвгар сты. Ӕрмæст нæ ахуыргæнджытæ профессор Битарты Зояйы сæргълæудæй цы куыст бакодтой ирон æвзаг æмæ литературæйæн ахуыргæнæн чингуытæ рауадзыны хъуыддаджы, уый дæр кæуылты у. Уыцы чингуытæ тагъд рацæудзысты мыхуыры æмæ мæн фидарæй уырны, стыр ахъаз кæй фæуыдзысты не скъолатæн. Суанг 9-æм къласы онг ацы чингуытæй ифтонг уыдзысты алкæцы сабидон æмæ скъола дæр. Уыцы хъуыддадджы нæ фарсмæ æрбалæууыдис нæ бæстæйы президент Бибылты Анатоли дæр æмæ нын стыр æххуыс бакодта.

Ацы аз нæ рауагъдонтæ сты 509 æмæ уыцы нымæц, иннæ азтæм абаргæйæ, у фылдæр. Уыдон æхсæн ис 7 скъоладзауы, кæцытæ цæуынц иттæг хорз нысæнттыл. Иннæ азтæм абаргæйæ «медалисттæ» сты къаддæр, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ не скъоладзаутæ æвзæрдæр райдыдтой ахуыр кæнын. Ӕгæрыстæмæй, иннæ азтимæ абаргæйæ, ацы аз республикон предметон олимпиадæты хайадисджытæ уыдысты бæрæг фылдæр æмæ уыцы олимпиадæты сæ зонындзинæдтæ, иумиагæй сисгæйæ, уыдысты бæрзонддæр æмвæзадыл. Нæ ахуырдзаутæ ацæуынц Уæрæсемæ дæр æмæ уырдыгæй дæр æрцæуынц уæлахиздзаутæй. Уый тынг æхсызгон вæййы, куыд ахуыргæнджытæн, афтæ сæ ныййарджытæн дæр. Махæн та нæ хæс у, цæмæй скъоладзаутæн аразæм æмбæлон уавæртæ ахуыр кæнынæн æмæ сын фадат уа уæлдæр ахуыргæнæндæттæм  бацæуынæн. Ацы аз нæм Россотрудничествойы хаххыл ис 18 бынаты Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Цахæм дæсныйæдтæ равзарæм, ууыл Хицауады æмбырды æрдзырдтам æмæ алы министрадæн дæр бахæсчындæуыд, цæмæй банысан кæной хъæугæ дæсныйæдтæ сæ къабазы æмæ сæ бавдисой Ахуырад æмæ зонады министрадмæ. Цы дæсныйæдтæ равзæрстам, уыдон иууыл рауагъдонты зæрдæмæ нæ фæцыдысты æмæ сæ фæстæдæр бараст кодтам. Ахуырмæ æрвитæм æрмæстдæр ахæм дæсныйæдтæм, кæцытæ сты стæм æмæ хъæугæ нæ Республикæйы. Уымæй дарддæр ма ахуырмæ æрвитынц Уæлвæткон уавæрты министрадæй, Хъахъхъæнынады министрадæй, Мидхъуыддæгты министрадæй, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæй. Хицæнæй ма куыст цæуы Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ дæр æмæ ныридæгæн райдайдзыстæм куырдиæттæ исын, цæмæй уырдæм дæр арвитæм ахуыр кæнынмæ. Нæ министрадæн ма меморандум фыст ис Мæскуыйы Хæххонсгарæн институтмæ æмæ уырдæм дæр арвитдзыстæм ахуыр кæнынмæ.

23 майы Ахуырад æмæ зонады министрадæн уыдзæн коллеги æмæ уырдæм фæхондзыстæм Мидхъуыддæгты министрады минæвæртты дæр, цæмæй бæстонæй æрдзурæм рауагъдонты бæрæгбонон мадзæлттæ ауадзыныл. 25-æм майы ныццæгъддзæн фæстаг дзæнгæрæг æмæ уагъд æрцæудзысты алыхуызон бæрæгбонон мадзæлттæ, фæлæ дзы «банкет» нæ уыдзæн. Ахуырдзауты ныййарджытæм сидын, цæмæй мах дæр бамбарой æмæ ма разæнгард кæной сæ сывæллæтты «банкет» аразынмæ. Уый бынтондæр ницы пайда хæссы рауагъдонтæн, кæцыдæртæ дзы баназынц карз нозтытæ æмæ фæкæнынц æнæуаг митæ, афтæмæй ныххудинаг кæнынц се скъолайы дæр æмæ сæ ныййарджыты дæр.

Рауагъдонтæ цалынмæ фæлварæнтæ радтой, уæдмæ нымад цæуынц скъоладзаутыл. Стæй 23 июны уыдзæн рауагъдонты бал æмæ уырдæм, табуафси, æрбацæуæд иууылдæр. Рауагъдонты бал бацæтæ кæндзæнис Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан.

Хъæууон скъолатæ ныры дуджы стыр зындзинæдтыл æмбæлынц, уымæн æмæ адæмы зынгæ хай фæлыгъдысты хуыздæр цардагур æндæр рæттæм æмæ скъолаты ахуырдзаутæ нал ис. Мах æппæт амæлттæй архайæм, цæмæй хъæууон скъолатæ æхгæд ма æрцæуой, фæлæ ис ахæм ситуацитæ, цыран скъолайы уæвынадæн уавæртæ нал вæййы. Зæгъæм, Ленингоры районы Абреуы хъæууон скъолайы ма ис, æрмæстдæр, дыууæ скъоладзауы æмæ махæн æнцондæр у,уыдонæн транспорт самал кæнын æмæ сæ Орчъосаны хæрзарæзт скъоламæ ласын. Уый скъоладзауты ахуыры æмвæзадыл дæр бандавдзæнис хуыздæрырдæм, уымæн æмæ ацы скъола у ног арæзт æмæ дзы ис иттæг хорз уавæртæ ахуыр кæнынæн. Ахæм уавæры ма сты Ленингоры районы Ахмадзы æмæ Знауыры районы Ногхъæуы хъæууон скъолатæ. Ног ахуыры азы райдианмæ ацы скъолатæ æхгæд æрцæудзысты.

Беслæны трагедийы фæдыл æрвылаз дæр уагъд цæуынц траурон мадзæлттæ æмæ уый тыххæй ивгъуыд азы нæ республикæйы скъолатæ байгом сты 5 сентябры. Уый фæстиуæгæн республикæйы скъолатæ кусдзысты 31 маймæ», – радзырдта министр.

Гасситы Натали ма сдзуапп кодта къорд фарстатæн, банысан кодта, зæгъгæ нæ бæстæйы къухдариуæгад алцы дæр аразы, цæмæй нæ кæстæр фæлтæрæн уа иттæг хорз уавæртæ ахуыр кæнынæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.