Ведомствæйы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта йæ дæлбар кусджытæн, æнæхъæн мæйы дæргъы алыхуызон мадзæлтты сæ службæйон хæстæ цæсгомджынæй кæй сæххæст кодтой, уый фæдыл. Ноджыдæр ма бахатыд, цæмæй сæ хъус хуыздæр дарой æхсæнадон фæткмæ æмæ ма æруадзой бархалæн цаутæ саразын. Парламентон æвзæрстытæм райдыдта агитацион рæстæг æмæ саразын хъæуы афтæ, цæмæй алыгъуызон фæткхалæн цаутæн ма уа бынат не ‘хсæнады. Стæй ма бахæсджын кодта æмбæлон службæты, цæмæй ауадзой профилактикон мадзæлттæ скъоладзаутимæ, студенттимæ æмæ бынæттон цæрджытимæ æмæ сын бамбарын кæной, агитацион æрмæджытæ куынæг кæныны тыххæй кæй хæсдзысты административон бæрндзинад. Фæткхалджытæ цæудзысты ивар, æнæххæст кары сывæллæтты тыххæй та æфхæрд цæудзысты сæ ныййарджытæ.

Наниты Игорь ма хæслæвæрд радта æмбæлон службæтæн, цæмæй скъолаты ахуыргæн-джытæн æмæ ахуыргæнинæгтæн бамбарын кæной, милицийы кусджытæ ацы бонты уæлдай хъусдард кæй здахдзысты ахуырадон уагдæттæм. Уый фæдыл сæм хъæуы бахатын, цæмæй Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонон мадзæлтты скъоладзаутæ сæхи равдисой æгъдауджынæй æмæ ма халой æхсæнадон фæтк.

Министр ма бафæдзæхста, цæмæй уæлдай хъусдард аздахой психикон низтæй рынчынтæм æмæ фыдракæнд саразынмæ æмхиц чи у, ахæм æмбæстæгтæм.

Фæндагон змæлды æдасдзинады управленийæн та бахæс кодта, цæмæй фæткхалджыты карздæрæй æфхæрой æмæ нозтджын шофырты ивар кæной. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.