Информацион агентад «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры Ахуыргæнæджы боны цытæн хайад райстой Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Лолоты Аслан, горæт Цхинвал ахуырады хайады сæргълæууæг Лолаты Жаннæ æмæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы директор Туаты Мæдинæ.

Цалынмæ пресс-конференци нæ райдыдта, уæдмæ журналисттæ бæрæгбоны сæраппонд арфæ ракодтой ахуырады къабазы æппæт кусджытæн.

Уый фæстæ дзырды бар лæвæрд æрцыд   Лолаты Жаннæйæн.

Уый загъта, зæгъгæ, рæстæг куыд ивы, афтæ ивы ахуыры процесс дæр. Тынг вазыгджын ахастытæ ис ахуыргæнæг æмæ ныййарæджы ‘хсæн. Цæмæдæр гæсгæ иуæй-иу ный-йарджытæм афтæ кæсы, цыма саби куыддæр скъолайы къæсæрæй бахиза, афтæ йын дзуаппдæттæг æрмæстдæр скъола у. Афтæмæй та ахуыргæнæг, ахуыргæнинаг æмæ ныййарæг иумæ куы кусой, уæд уый радты хорз фæстиуæг. Ныййарджытæй иутæ зæгъынц, зæгъгæ, скъолайы сабитæ цы предметтæ ахуыр кæ-нынц, уыдонæй кæцыдæртæ бынтондæр нæ хъæ-уынц. Ахуыргæ-нинæгтæ ахæм ныхæстæ куы хъусой бинонты ‘хсæн, уæд уый дæр мæгуыра-уырдæм æндавы ахуыры процессыл.

Лолаты Жаннæ ма дзырдта, ныртæккæ цы ахуыргæнджытæ ис, уыдон нымæцмæ гæсгæ сты 510, уыдонæй 5 сты адæмон ахуыргæнджытæ, сгуыхт ахуыргæнджытæ та сты 41, цыппæрдæсæм категорийы ахуыргæн-джытæ – 205 æмæ æртындæсæм категоримæ гæсгæ та кусы 120 ахуыргæнæджы.  Уый та  дзурæг у сæ бæрзонд квалификацийыл.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис, скъолатæ куыд ифтонг сты ахуыргæнæн чингуы-тæй æмæ цавæр проблемæтыл æмбæлынц. Лолаты Жаннæ куыд банысан кодта, аф-тæмæй ахуыргæнæн чингуытæй скъолаты библиотекæтæ сты ифтонг. Кæд раздæр азты Ахуырады министрадæн фадат нæ уыд ахуыр-гæнæн чингуытæй ахуыргæнинæгты ифтонг кæнынæн, уæддæр фæстаг цалдæр азы республикæйæн йæ фадæттæ фæхуыздæр сты, 2009 азæй нырмæ иумиаг ахуыргæнæн скъолатæ се ‘ппæт дæр ифтонг æрцæуынц хъæугæ чингуытæй. Уымæ нæ кæсгæйæ, арæх ный-йарджытæ фæхъаст кæнынц, зæгъгæ сын чингуытæ нæ фаг кæнынц. Мах скъолаты директортæм куы адзурæм æмæ сæ куы ба-фæрсæм, уæд фæдисау вæййынц. Ныййарджытæ бирæ хатт кæронмæ хъуыддаг не сбæрæг кæнынц, ахуыргæнæг сын куы зæгъы, зæгъгæ, искæцы чиныгмæ балхæнын хъæуы уæлæмхас кусæгон тетрадь, уæд уыдон та æнæраст информаци апарахат кæнынц. Иу хатт ма йæ зæгъон: махмæ, библиотекæты сты ахуыргæнæн чингуытæ, æцæг, иуæй-иу ахуыргæнинæгтæ, цы чингуытæ сæ нал фæхъæуы, уыдон фæстæмæ зивæггæнгæ фæхæссынц.

Журналисттæ цымыдис кодтой ахуыргæнæн чингуытæй ифтонг цæуынц æви нæ æнæпаддзахадон ахуыргæнæн уагдæттæ гимназ «Рухс» æмæ «Эрудит». Уыдон тыххæй та горæты ахуырады хайады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй, ацы скъолатæн дæр министрад ивгъуыд азæй нырмæ райдыдтой субсидитæ дæттын, ома, сын паддзахады ‘рдыгæй дæр цæуы æххуыс. Мах, дам, архайæм нæ республикæйы æппæт ахуыргæнинæгтæн дæр æмхуызон, æмбар фадæттæ æмæ уавæртæ саразыныл. Цæмæй нæ сывæллæттæ райсой гъæдджын ахуырад æмæ сомбон сæхи ссарой царды. Уый ма цыбыртæй æрдзырдта скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæн уагдæтты ахуырады уавæрыл, уым дæр, дам, нын ис, цæмæй раппæлæм, ахæм æнтыстытæ.

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Лолоты Аслан та журналистты базонгæ кодта иумиагæй республикæйы ахуырады системæимæ. Уый куыд загъта, афтæмæй министрады ‘рдыгæй арæзт цæуы æппæт дæр, цæмæй рæзгæ фæлтæры ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыстмæ уа бæрнон ахаст, цæмæй ахуырады системæ размæ цæуа æмæ ныры домæнтæн дзуапп дæтта. Уыцы нысанæн иуæй-иу скъолаты абон ис интернетбастдзинад, уыцы бастдзинадæй æнæмæнг республикæйы æппæт скъолатæ дæр ифтонг æрцæудзысты. Канд интернетбастдзинад саразын нæу нæ сæйраг хæс. Министрад ма тыхсы, цæмæй хъахъхъæд цæуой ахуырадон уагдæтты техникон  фæрæзтæ дæр. Скъолаты йæ рæстæджы рæстмæ арæзт не  ‘рцыдысты зынгсирвæзты ифтонгадтæ. 2020 азы мах фæнд кæнæм горæты стырдæр иумæйаг ахуыргæнæндæттæй дыууæйы, уыцы куыстытæ бæстон æмæ лæмбынæг бакæнын. Уый фæстæ цадæггай ахиздзысты иннæ скъолатæм дæр.

Уый ма æрдзырдт нæ республикæйы рауагъдонтæй Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр ахуыргæнæндæттæм чи ацæуы, уыдон зонындзинæдтæ уымы бынæтон студентты зонындзинæдтæйзæлдæр кæй нæ вæййынц. Уый та, дам, дзурæг у, ахуыры процесс нæм бæрзонд æмвæзадыл кæй ис, ууыл.

Пресс-конференцийы рæстæджы нæ горæты 5-æм астæуккаг ахуыргæнæн скъолайы директор Туаты Мæдинæ та æрдзырдта, ацы скъолайы ахуырады процесс уагъд кæй цæуы дыууæ сменæйы. Уый та, дам, сывæллæтты психикæйыл хорзæрдæм не ‘ндавы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.