2019 азы улæфтбонтæ ахæссыны тыххæй

Бæрæгбонтæ æмæ  улæфтбонтæй рационалонæй пайда кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад уынаффæ кæны:

2019 азы ахастæуæд  улæфтбонтæ:

5 январы сабат 2 майы цыппæрæммæ;

6 январы хуыцаубон 3 майы майрæмбонмæ;

23 февралы сабат 10 майы майрæмбонмæ.

 

ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ

«2019 азы улæфт бонтæ ахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уынаффæйы проектмæ

«2019 азы улæфт бонтæ ахæссыны тыххæй» РХИ-йы Хицауады уынаффæйы проект (дарддæр – уынаффæйы проект) арæзт æрцыд бæрæгбонтæ æмæ улæфтбонтæй рационалонæй  пайда кæныны тыххæй, кæцы бæрæг у «Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндар сфидар кæныны тыххæй» РХИ-йы Президенты 2015 азы 3 ноябры №255 Барамынды 2 пунктæй. Улæфт бонтæ ахæссыны фæтк бæрæг цæуы УФ-йы Фæллойады кодексмæ гæсгæ, кæцы архайы РХИ-ы (дарддæр –  Фæллойады Кодекс).

Бавдыст уынаффæйы проект бæрæг кæны 2019 азы улæфт бонтæ ахæссыны фæтк сфидар кæнын.

Улæфтбонтæ хаст цæуынц уый тыххæй, цæмæй хаст ма æрцæуой бæрæгбонты хæдразмæ, афтæ ма оргнизациты куысты рæстæгæй рационалонæй спайда кæнын æмæ РХИ-йы цæрæг æмбæстæгты алыгъуызон категориты интерестæ хынцыны, уыдонæн рæстмæ улæфты æмæ сæрибар рæстæг æрвитыны уавæртæ сифтонг кæныны тыххæй канд зымæджы нæ, фæлæ уалдзыгон-сæрдыгон рæстæджы дæр.

Улæфтбонтæ ахæссыны ацы  фæтк  ратдзæн Фæллойадон кодексы 110 статья сæххæст кæныны фадат, цæмæй дыууæ кусæн къуырийы æхсæн æнæсцух улæфт ма уа 42 сахатæй къаддæр .

Адæттæ хынцгæйæ, 5 æмæ 6 январы улæфтбонтæ (сабат æмæ хуыцаубон), ахастæуæд 2 æмæ 3 маймæ (цыппæрæм æмæ майрæмбон), Фæллойы кодексы 112 статьяйы дыккаг хаймæ гæсгæ.

Афтæ ма 23 февралы сабаты улæфтбон ахастæуæд10 майы майрæмбонмæ.

Афтæмæй, Фæллойы кодексы 112 статьяйы фæткмæ гæсгæ бæрæгбонтæ æмæ улæфтбонтæ иумæ куы æрхауынц æмæ йæ фæстæ куысты бон хынцгæйæ, 2019 азы уыдзæн ахæм улæфтбонтæ:

– 2018 азы 30 декабрæй 2019 азы 7 январмæ; 23 – 24  февраль; 8 – 10 март; 1 – 5 май; 9 – 12 май;  29 май; 12 июнь;  24 – 26 август;  20 – 23 сентябрь; 23 – 25 ноябрь.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.