Хосгæнæн-диагностикон процессы оптимизаци, организаци дарддæр хуыздæр кæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн фыццаг медико-санитарон æххуысы æмæ специализацигонд медицинон æххуысы  гъæд фæхуыздæр кæнын, хосгæнæн-профилактикон уагдоны материалон фæсауæрцтæй рационалонæй спайда кæнын, æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы управлени фæхуыздæр кæныны нысæнттæн:

  1. Арæзт æрцæуæд Æнæниздзинад хъахъхъæныны паддзахадон бюджетон уагдон «Республикон бирæпрофилон медицинон центр» (дарддæр РБМЦ) æнæниздзинад хъахъхъæныны реорганизацигонд паддзахадон бюджетон уагдæтты «Сывæллæтты республикон рынчындон», «Республикон рынчындон», «Гуырæн хæдзар», «Цхинвалы горæтон поликлиникæ», «Цхинвалы районон поликлиникæ», «Туберкулезы ныхмæ республикон диспансер», «Тагъд æххуысы æмæ æвæстиат медицинон æххуысы республикон станц», «Республикон хосгæнæн-физкультурон диспансер», «Республикон наркологион диспансер», «Республикон цармы-венерологион диспансер» æмæ «Тæрхондонон-медицинон экспертизæйы бюро» баиу кæныны фæрцы (дарддæр уагдæттæ).
  2. Бæрæг æрцæуæд, РБМЦ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады ведомствæйы дæлбар кæй ис, уый.
  3. Реорганизаци арæзт æрцæуæд 2018 азæн паддзахадон бюджеты фæрæзты фæлгæтты, кæцытæ рахицæнгонд æрцыдысты уагдоны архайд сифтонг кæныны тыххæй.
  4. РБМЦ-йы архайды сæйраг нысæнттыл нымад цæуæд цæрджытæн фыццаг-медицинон, специализацигонд, бæрзонд технологион медицинон æххуыс бакæныны, сылгоймæгтæн æнхъæлцауы, сывæллон ныййарыны сывæллон гуырыны рæстæджы æмæ уый фæстæ æххуыс, тагъд медицинон æххуыс, специализацигонд санитарон-авиацион æххуысы.
  5. Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрæн: (Тотчиты Г.Ф.)

а) æххæст кæнæд бындурæвæрæджы функцитæ æмæ æххæстбартæ;

б) 2018 азы 1 августмæ арæзт æмæ фидар æрцæуæд РБМЦ-йы уагæвæрд;

в) РБМЦ регистраци æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ;

г) реорганизацион мадзæлтты тыххæй фехъусын чындæуæд кредитортæн сфидаргонд фæткмæ гæсгæ;

д) ацы хъусынгæнинаг æрвыст æрцæуæд регистрацион органмæ сфидаргонд фæткмæ гæсгæ;

е) адæттыны акттæ бацæттæгонд æрцæуæд æмæ сфидар кæнынмæ арвыстæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты паддзахадон комитетмæ;

ж) нысан æрцæуæд къухдариуæггæнæг æмæ фидар æрцæуæд структурæ;

з) Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты паддзахадон комитетимæ иумæ бæрæг æрцæуæд исад, кæцы лæвæрд цæуы РБМЦ-йы оперативон управленийы барады бындурыл æмæ æххæст æрцæуæд хъæуæг юридикон архайд сфидар æй кæныны фæдыл;

и) Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ æххæст æрцæуæд æндæр архайдтытæ дæр, кæцытæ баст сты ацы уынаффæйы сæххæст кæнынимæ.

  1. Бæрæг æрцæуæд кусджыты штатон нымæц 1275 штатон иуæджы бæрц.
  2. Ацы уынаффæ йæ тыхы цæуы, официалонæй йæ ныммыхуыр кæнынæй дыууæ мæйы фæстæ.
  3. Ацы уынаффæ куыд æххæст цæуы, ууыл контролы хæс æвæрд æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Аппаратыл (Гаглойты О. Ф.)

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар                                           ПУХАТЫ Эрик

г. Цхинвал,  2018 азы 6 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.