Республикæ Хуссар ИрыстФоны Гарзджын тыхты 11121 æфсæддон хайæн  кадджын ном радтыны тыххæй

Кадджын æфсæддон историон традицитæ бахъахъхъæнын, æфсæддон службæгæнджыты Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады æмæ æфсæддон хæсыл иузæрдыгдзинады æнкъарæнтыл хъомыл кæнын нысанæн уынаффæ кæнын:

1.Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты 11121 æфсæддон хайæн  лæвæрд æрцæуæд кадджын ном «гвардион» æмæ йæ дарддæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты 11121 Гвардион æфсæддон хай хонын.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

Цхинвал, 2020 азы 21 май

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.