Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министры хæдивæджы –  кадрты управленийы хистæры тыххæй

  1. Милицийы булкъон Дзабиты Æхсар Барисы фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министры хæдивæг – кадрты управленийы хистæрæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

Цхинвал,

2017 азы 18 сентябрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

БАРАМЫНД

Гуыцмæзты Аланы тыххæй

  1. Милицийы инæлар-майор Гуыцмæзты Алан Хазбийы фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыд-дæгты министры хæдивæг – кадрты управленийы хистæры бынатæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

Цхинвал,

2017 азы 18 сентябрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНДТÆ

Хуыгаты Анатоли Илларионы фыртæн кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист» радтыны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæн системæ сфидар кæныны хъуыддаджы йæ лæггæдты æмæ æнтыстджын фæллойадон архайды тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист» лæвæрд æрцæуæд Хуыгаты Анатоли Илларионы фыртæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Адвокатон палатæйы президентæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 15 сентябрь

 

 

Кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг» радтыны тыххæй

Нывкæнынадон аивады йе сгуыхтдзинæдты æмæ æнтыстджын сфæлдыстадон архайды тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг» лæвæрд æрцæуæд Хуыбиаты Роберт Хаджумары фыртæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 15 сентябрь

 

 

Бестауты Ацæмæз Георгийы фыртæн радон сæрмагонд чин «Булкъон» радтыны тыххæй

  1. Радон чин «Булкъон» лæвæрд æрцæуæд мидæггагон службæйы дæлбулкъон Бестауты Ацæмæз Георгийы фыртæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынады хъуыддæгты, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министры фыццаг хæдивæгæн.
  2. Ацы барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 15 сентябрь

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æнахъом æмбæстæгты ‘хсæн барвæтк сифтонг кæныны хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды æмæ йæ службæйон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныны тыххæй хорзæхджын æрцæуæд:

«Хуссар Ирыстоны сабырад хъахъхъæныны фæдыл службæйы тыххæй» майданæй

Гатайты Лали Русланы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны г. Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады хистæр.

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ КАДЫ ГРАМОТÆЙÆ

Бететы Ильма Абрамы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны  г.Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады хистæр инспектор.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 15 сентябрь

 

Кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветеран» радтыны тыххæй

Бирæ азты æнтыстджын фæллойадон архайды тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæллойы ветеран» лæвæрд æрцæуæд:

Бекъойты Ростислав Арчилы фыртæн;

– Джиголаты Заремæ Солтаны чызгæн;

– Хъæцмæзты Леуан Федыры фыртæн;

– Медойты Джульеттæ Дмитрийы чызгæн;

– Цхуырбаты Маринæ Акимы чызгæн;

– Шиукъаты Ленгиноз Леуаны фыртæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 15 сентябрь

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНДТÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны кадджын нæмттæ радтыны тыххæй

Эстрадон аивады фадыджы стыр сгуыхтдзинæдты æмæ бирæазон сфæлдыстадон куысты тыххæй лæвæрд æрцæуæд кадджын ном:

 

«РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ АДÆМОН АРТИСТ»

Æлборты Владимир Георгийы фыртæн – Паддзахадон эстрадон ансамбль «Мемориал»-ы аивадон къухдариуæггæнæгæн.

 

«РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ СГУЫХТ АРТИСТ»

Гогинов Вадим Зелимханы фыртæн – Паддзахадон вокалон-инструменталон ансамбль «Бонвæрон»-ы солистæн;

Кулигин Александр Игоры фыртæн – Паддзахадон вокалон-инструменталон ансамбль «Бонвæрон»-ы солистæн;

Тедеты Тимур Евгены фыртæн – Паддзахадон вокалон-инструменталон ансамбль «Бонвæрон»-ы солист-инструмента-листæн;

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 18 сентябрь

 

 

Кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист» радтыны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадон системæйы сфидар кæныны хъуыддаджы йæ лæггæдты æмæ æнтыстджын профессионалон архайды тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист» лæвæрд æрцæуæд Коцты Олеся Æхсары чызгæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты за-къондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл комитеты сæрдарæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 18 сентябрь

 

Кадджын  ном «Республикæ  Хуссар  Ирыстоны  сгуыхт  экономист» радтыны тыххæй

Финансон-экономикон архайды йæ лæггæдты æмæ бирæазон æнтыстджын куысты тыххæй кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист» лæвæрд æрцæуæд Остъаты Ханджери Сандройы фыртæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты консультантæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 18 сентябрь

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Йæ хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон  æнамонд-дзинæдты аиуварс кæныны фæдыл активонæй архайыны тыххæй уынаффæ кæнын:

  1. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы»- майданæй хорзæхджын æрцæуæд

Зассеты Сергей Сосланы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады №5-æм   зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады хистæр.

 

 

«РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ САБЫРАД ХЪАХЪХЪÆНЫНЫ ФÆДЫЛ СЛУЖБÆЙЫ ТЫХХÆЙ» МАЙДАНÆЙ

Хъуылымбегты Барис Петры фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады æмбæстагон хъахъхъæнынады хайады хистæр;

Тъотъоты Осман Фигыры фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады №4-æм  зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады хистæр.

 

 

«РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫЛ 25 АЗЫ СÆХХÆСТЫ ЦЫТÆН» МАЙДАНÆЙ

Джиоты Алан Мелитоны фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады №1-æм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады зынгхуысынгæнæг;

Чехойты Александр Викторы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады №4-æм   зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады хистæры хæдивæг.

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ КАДЫ ГРАМОТÆЙÆ

Хуыгаты Зауыр Александры фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады къухдариуæгон сконды цæттæ æмæ цæрджыты ахуыр  кæныны хайады сæйраг специалист;

– Цициты Азæмæт Алымбеджы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады цæстдарæн архайды фæдыл министры хæдивæг.

 

БУЗНЫДЖЫ ГÆХХÆТ ЛÆВÆРД ÆРЦÆУÆД

Гæджиты Инал Иваны фыртæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады æмбæстагон хъахъхъæнынад æмæ уæлвæткон уавæрты хайады хистæрæн;

– Пæррæстаты Яник Валерийы фыртæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады №7-æм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады зынгхуыссынгæнæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 18 сентябрь

 

 «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны  закъондæттынадон системæйы рæзт æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоныл 27 азы сæххæсты цытæн «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй хорзæхджын æрцæуæд:

Къозонты Алан Дудары фырт – Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты сæрдар;

Бæззаты Владимир Гелайы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат;

Чилæхсаты Георги Генойы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат;

– Туаты Алан Андрейы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты  депутат;

Хуыбылты Илья Франгелы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат.

 

Цæсгомджын куысты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 27 азы сæххæсты тыххæй хорзæхджын æрцæуæд

 

«РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫЛ 25 АЗЫ СÆХХÆСТЫ ЦЫТÆН» МАЙДАНÆЙ

Джыгкайты Андрей Ильяйы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Аппараты къухдариуæггæнæг;

Гæбæраты Земæ Иваны чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары секретариаты хистæры хæдивæг;

Гобозты Лианæ Отары чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Аппараты контролон-барадон управленийы юрист-консультант;

– Годжыцаты Гултамзе Гурамы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Аппараты контролон-барадон управленийы хистæры хæдивæг;

– Джиоты Валентинæ Яшайы чызг –  Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Аппараты информацион-аналитикон управленийы хистæры хæдивæг;

– Джиоты Аленæ Зауыры чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Аппараты компьютерон техникæйы хайады оператор-консультант;

– Сиукъаты Лианæ Алымбеджы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Аппараты паддзахадон сусæгдзинæдтæ хъахъхъæныны фæдыл хайады хистæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

г. Цхинвал

2017 азы 18 сентябрь

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Ирон национ аивады фадыджы сæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы сæ намысджын сфæлдыстадон куысты тыххæй уынаффæ кæнын:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд

 

Джиджойты Алан Александры фыртæн – Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы кафджыты къорды артистæн;

Хъазиты Гоча Димитры фыртæн – Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы хоры къорды артистæн;

Санахъоты Георги Захары фыртæн – Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы кафджыты къорды артистæн.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцæуæд

Кокойты Сослан Валерийы фырт – Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы кафджыты къорды артистæн.

Сланты Ацæмæз Филиппы фырт – Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы хоры къорды артистæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2017 азы 18 сентябрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.