Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Тагъд мах сæмбæлдзыстæм Ног, 2019 азыл.  Рæстæджы æнæуынгæ къæсæрæй кæд æрбакъахдзæф кæндзæн æмæ йæ бартæ кæд райсдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, адæм сæ мысынады сног кæнынц аивгъуыйгæ азы бонтæ, фæхъуыды кæнынц ныфсыты æмæ хорз фæндиæгты тыххæй.

2018 аз хъæздыг уыд алыгъуызон цаутæй æмæ республикæйæн ссис æнтыстджын, продуктивон æмæ амондджын аз. Ацы аз нысан æрцыд алыгъуызон къабæзты зынгæ æнтыстытæй, ног фадæттæй, бæрæгбонтæй æмæ юбилейон цытджын мадзæлттæй.

Мах сымахимæ иумæ сбæлвырд кодтам, зæгъгæ, нæ бон у иумиаг фæрныгады тыххæй нæ тыхтæ æрбаиу кæнын, бæстæйæн пайда хæссын, æрвылбонон куыстæй ног æмæ ног æнтыстытæ къухты æфтын кæнгæйæ. Бонæй-бонмæ аразæн куыст, Хуссар Ирыстоны кæны дидинæфтаугæ бæстæмæ, царды биноныг цæуы нæ адæмы бирæ фæлтæрты æнусон бæллиц.

Къухтыбафтгæ æнтыстытæ æмæ республикæйы царды уавæртæ кæй фæхуыздæр сты, уый у Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны бæрзонд гъæды дыууæварсон æмархайд æмæ æмгуыстады æвдисæн.

2019 азыл мах æмбæлæм нæ тыхтыл æмæ нæ Фыдыбæстæйы сомбоныл æууæндыны ныфсимæ. Махæн ис снысангонд пълæнттæ æмæ рæзты перспективон нысæнтты уынынад. Мах араздзыстæм, цы гæнæн ис, уый, цæмæй æрбалæугæ Ног аз Хуссар Ирыстонæн æрхæсса ног æнтыстытæ, кæцы у иууыл амондджындæр æмæ хъæлдзæгдæр царды аккаг!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ног аз у бинонты иууыл хуыздæр æмæ хъæлдзæгдæр бæрæгбон, кæцыйы рæстæджы адæм фæхъуыды кæнынц фидæны тыххæй ахъуыдыгонд фæндæттæ сæххæст кæныныл, зæгъгæ, Ног азы къæсæрыл фехъуыстæуыдзæн уæларвон тыхтæм нæ алы ныхас дæр.

Ногазон æхсæв алы хæдзары дæр, бæрæгбонон фынджы алыварс æрбамбырд уæвгæйæ, бахатдзысты Стыр Хуыцаумæ, цæмæй æнæиз уой хиуæттæ, цæмæй нæ сывæллæттæ рæзой аккаг адæймæгтæй, цæмæй бинонты ‘хсæн уа фæрныгад æмæ амонд, цæмæй Хуссар Ирыстоны зæхыл уа сабырдзинад. Уадз, сæххæст уæд ацы хорз фæндтæ иууылдæр!

 Уæлдай тынгдæр мæ фæнды раарфæ кæнын уыдонæн, кæцытæ ногазон æхсæвы æххæст кæнынц сæ хæс, кусынц Райгуырæн бæстæйы фæрныгады, не ‘нæниздзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, арфæ уын кæнын Ног, 2019 азы цытæн!

Арфæ кæнын Цæгат Ирыстоны не ‘фсымæртæ æмæ нæ хотæн!

Арфæ кæнын æппæт не ‘мфыдыбæстæйонтæн, кæцыфæнды бæстæйы дæр ма æмбæлой уыдон сæ Ног азыл, уæддæр!

Арфæ кæнын уæрæсейаг æмбæстæгтæн, кæцытæ службæ кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл!

Уадз, Ног аз уæнт амондджын æмæ æнтыстджын!

 Ног азы хорзæх уæ уæд, зынаргъ æмбæстæгтæ!

Ног боны хорзæх уæ уæд, Ирыстоны адæм!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.