Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ! Зынаргъ æмзæххонтæ!

Арфæ уын кæнын æрбалæугæ Ног аз æмæ Чырыстийы Райгуырды боны цытæн!

Мах ацы цинхæссæг æмæ рухс бæрæгбæттимæ бæттæм фæрныгад æмæ хорзæрдæм ивындзинæдты ныфсытæ. Мах уырны, хорз, сыгъдæгзæрдæ арфæтæй кæй сæххæст уыдзысты уæ бæллицтæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæ царднывæндтæ.

Ног 2019 азмæ Хуссар Ирыстон æрбахæстæг бæрæг æнтыстытимæ. 2018 азы Инвестпрограммæ æнтысджынæй фæцис, фæбæрзонддæр ис хи экономикон хъомысад, кæцы нысан æрцыд Æхсæнхицауадон къамисы рабадты рæстæджы. Уæрæсейы Федерацийы æххуысы æмæ Æмцæдисдзинад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды фæлгæтты цы фадыгон сразыдзинæдтæ райстæуыд, уыдоны фæрцы бæрзонд кæны Хуссар Ирыстоны цæрджыты социалон хъахъхъæнынады æмвæзад.

Аивгъуыйгæ аз лæмбынæг æмæ ирдæй равдыста, республикæ дардæмгъуыдон перспективæйы йæ политикæ кæй аразы канд не ‘мбæстæгты сæрмагонд интерестæ хынцгæйæ нæ, фæлæ уыдон бындурыл. Æппæт ахсджиаг национ проекттæ, уыимæ иумæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын, пенсион ифтонгады, экономикæйы реалон секторы рæзтæн ис хуымæтæг адæймаджы, РХИ-йы æмбæстаджы проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны нысан.

Кæй зæгъын æй хъæуы, позитивон ивындзинæдтæ адæмы куыд фæнды афтæ тагъд нæ цæуынц. Фæлæ уæддæр, зынаргъ хæлæрттæ, махæн æппæт бындуртæ ис, цæмæй ныфсимæ размæ кæсæм. Æрбалæугæ аз райдайдзæн республикæйы районты æххæстгуырахстджын газификацийы фæдыл куыстæй, кæцы ратдзæн æххæст экономикон эффект, адарддæр уыдзæн социалон нысаниуæджы объектты – фæндæгты, цæрæнуæтты, ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны уагдæтты арæзтад. Æнхъæлмæ нæм кæсы бæрнджын политикон цау – республикæйы закъондæттæн органмæ æвзæрстытæ. Фæлæ ныр социалон-экономикон фадыджы позитивон ивындзинæдты фæрцы мах уый ахъуыдыгондæй сæххæст кæндзыстæм, æнæ уæлдай эмоцитæй, сæрмагонд хъуыды æмæ объективондзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ.

Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын æппæт уыдонæн, кæцытæ сæ курдиат, фæллой æмæ удыхъаруйæ хæссынц аргъ кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд республикæйы материалон æмæ интеллектуалон хъомысад тыхджындæр кæнынмæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ цæст уын уарзы, цæмæй алкæцы хæдзары, алкæцы бинонты ‘хсæн дæр уа циндзинад, фарн  æмæ бæркад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

ПУХАТЫ Эрик

 

 

****

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æмæ сæр-магондæй мæхи номæй арфæ кæнын иууыл уарзондæр, хуыздæр æмæ бинонты бæрæгбонтæ – Ног аз æмæ Чырыстийы Райгуырды боны цытæн! Чысылæй фæстæмæ ацы бæрæгбонтæ мах бæттæм иууыл хуыздæр бæллицтæ æмæ ныфсытимæ, кæцытæ здæхт сты сомбонмæ. Ацы бæрæгбонтæ алы хæдзармæ дæр хæссынц хъарм, æввахс хиуæттимæ ныхас кæныны цин æмæ бæрæгбонон зæрдæйы равг.

Ног азы размæ махæн нæ зæрдыл æрбалæууынц не ‘нтыстытæ. Аивгъуыйгæ азы бирæ арæзт æрцыд республикæйы æндидзынады, фæндæгтæ æмæ хæдзæрттæ аразыны хъуыддаджы. Фæлæ махæн нырма бирæ куыст ис, царды хъуамæ сæххæст кæнæм ног проекттæ. Махыл, куыстмæ нæ цæсгомджын ахастыл баст у, æрбалæугæ аз æнтыстджын уыдзæн æви нæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! 2019 азы махмæ уагъд æрцæудзысты Республикæйы Парламентмæ æвзæрстытæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ æхсæнады уыдзæн ахсджиаг æхсæнадон-политикон цау. Ныфс мæ ис, республикæйы æмбæстæгтæ дзы активон хайад кæй райсдзысты, бæрзонд æмбæстагон бæрндзинад равдисгæйæ.

Ног азмæ бирæ нал хъæуы. Ныфс мæ ис, 2019 аз нын бирæ хорздзинæдтæ кæй æрхæсдзæн æмæ нæ нæ бæллицтæ сæххæст кæнынмæ кæй баввахс кæндзæн. Ноджыдæр арфæ кæнын Республикæйы цæрджытæн ацы æппæтадæмон бæрæгбоны цытæн. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ уарзондзинад. Уадз, Ног аз уын уæ зæрдæтæ хъæлдзæг кæнæт хорз хъуыддæгтæ æмæ уæ бинонты æмæ хиуæтты мидбылхудтæй. Æмæ ногазон æхсæвы цæуыл ахъуыды кæнат, уыдон уын иууылдæр сæххæст уæт. Зынаргъ хæлæрттæ, мæ цæст уын уарзы циндзинад, сабырад æмæ хорздзинад. Æрбалæугæ Ног азы хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

Сæрдар Гасситы Петр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.