Уæздан ирон адæм,

Уастырджыйы рухс бонтæ æрбалæууыдысты æмæ уæ йæ хорзæх уæд!

Уастырджы у ирон адæмы Хуыцауы минæвар Уæларвæй зæххы ʾхсæн, сæ сæрылхæцæг, æххуысгæнæг æмæ хъахъхъæнæг.

Царды фыццаг къахдзæфтæ чи аразы, ахуыры къахыл чи лæууы, йæ хæстон хæс чи æххæст кæны, йæ адæмæн æмæ йæ бинонтæн фæллойадон куыстæй чи лæггад кæны, – æрыгæттæ æмæ карджынтæ, – уе ‘ппæтæн дæр Стыр Уастырджы арфæгæнæг уæд. Зындзинæдтæй уæ хизæд, царды хорздзинæдтæй уæ нæртон æмæ рæдауæй хорзæхджын кæнæд.

Хъæлдзæг æмæ æнæмастæй цы цæрат,  æнæфæцудгæ æнæниздзинад, хæлардзинад æмæ уарзондзинады хъуыддæгтæй хайджын цы уат, уыцы амонд уæ уæд кæддæриддæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.