УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Цхинвайлаг богал Сидамонты Артур ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй горæт Грознæйы уагъдцæуæг гом турниры æзвист призер. Тренертæ Тедеты Мурат æмæ Бестауты Мураты хъомылгæнинаг архайдта 41 кг уæзы категорийы. Уый акодта 4 тохы. Нырма уал фæуæлахиз Дагъыстаны минæварыл, дарддæр дыууæ хатты рамбылдта цæцæйнаг спортсменты. Финалы дæр йæ ныхмæлæууæг уыд бынæттон спортсмен.

«Тохы райдиан æнтыстджын нæ рауад нæ спортсменæн. Цыбыр рæстæгмæ фæхæрд 6 баллы. Уый фæстæ цадæггай систа 5 баллы, хъавыд дарддæр дæр афтæ архайынмæ, фæлæ уæдмæ тохы рæстæг фæцис», – загъта Бестауты Мурат.

 

***

Румыны столицæ Бухаресты уагъд æрцыд, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн дунейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ирон богалтæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды архайгæйæ, рамбылдтой æртæ æвзист майданы. Дыккаг бынæттæ бацахстой Байты Давид (70 кг), Найфонты Артур (86 кг) æмæ Соттиты Асланбег (92 кг). Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Байты Давид финалы кæй фæхæрд Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы иннæ хъомылгæнинаг Салхъазанты Таймуразæн, кæцы хъахъхъæны Словакийы спортивон кад. Иумæйагæй сисгæйæ, УФ-йы æмбырдгонд командæ рамбылдта дыууæ сыгъзæрин, 4 æвзист æмæ æртæ та бронзæ майданы.

23 азы кары онг богалты УФ-йы æмбырдгонд командæйы хистæр тренер Мæргъиты Анатоли ерысты фæстæ йæ хъуыдытæ загъта йæ командæйы уæнгты тыххæй:

«Байты Давид æмæ Найфонты Артур кæй фæхæрд сты, уый мын уыд мæстаг сюрпризы хуызæн. Давидыл цы æрцыдис, уый нæ бамбæрстон. Фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ Найфонты Артур уыдзæн Олимпион циклы лидертæй æмæ Олимпиадæмæ ацæуыны претенденттæй сæ иу. Соттиты Асланбегы тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ у тынг курдиатджын. Фæлæ мæм фарста ис, раздæр куыд тренировкæ кодта, уый тыххæй, уымæн æмæ йын ис проблемæ. Æртæ минуты фæстæ тынг бафæллайы, афтæ уыд æрдæгфиналы æмæ финалы дæр. Æндæра хъуамæ сы-гъзæрин майдан рамбылдтаид», – банысан кодта Мæргъиты Анатоли.

 

ФУТБОЛ

Нацийы лигайы Уæрæсейы футболон æмбырдгонд командæ фæхæрд Швецийæн 2:0 хыгъдæй. Афтæмæй Черчесты Станиславы  футболисттæ сæ дæлкъорды бацахстой дыккаг бынат æмæ нал рахызтысты «А» дивизионмæ.  Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фембæлды дыккаг æмбисы хъазæн фæзмæ кæй рахызт ирон футболист Хъамболаты Руслан.

Уæрæсейы командæ ма раздæр та хæларадон хъазты фæхæрд Германы командæйæн 3:0 хыгъдæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.