Уалдзæджы, рбалæудимæ цæрджытæн фæзыны бæрæг фылдæр куыстытæ, фылдæр аудинæгтæ. Ныридæгæн куыд поселочы, афтæ хъæуты дæр æрæвнæлдтой сæ уалдзыгон æмæ æфснайæн куыстытæм.

Ацы бонты Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрейы бахæсмæ гæсгæ æнæхъæн райцентры территорийыл райдыдтой уынгтæ æфснайын. Администрацийы къухдариуæгад снысан кодта, цæмæй майрæмбоны организацитæ æмæ куыстуæттæ рахизой зиумæ æмæ сæ хайбавæрд бахæссой райцентры сыгъдæгдзинадмæ.

Ацы зиуы тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ райцентры уынгты сыгъдæгдзинад ис мæгуырау уавæры æмæ хъæуы иумиагæй ацы проблемæ аиуварс кæнын. «Абон мæнæн фембæлд ис районы хъæуты администрациты сæргълæуджытимæ. Фыццаджыдæр ныхас кæндзыстæм, уынгтæ бафснайыны тыххæй цавæр зындзинæдтимæ æмбæлынц æмæ сæ администрацийæ цавæр æххуыс хъæудзæнис, уыдæттыл. Ныридæгæн дæр кæцыдæр хъæуты æрæвнæлдтой уынгтæ æмæ сæ уæлмæрдтæ ныссыгъдæг кæнынмæ. Уый раппæлинаг хъуыддаг у, науæд цæстæн зын вæййы уыцы алыгъуызон брæттæм кæсынæй.

Цæугæ машинæтæй аппарынц сæ брæтты æмæ фæндаджы былтæм куы акæсай, уæд сты алыгъуызон бронæй йедзаг. Уый тых-хæй майрæмбоны кæнæм зиу, цæмæй æмхуызонæй рахизæм æмæ нæ алфæмблай бафснайæм. Рæхджы нысан кæндзыстæм куадзæн æмæ уымæ гæсгæ фæнд кæнæм, цæмæй ныссыгъдæг кæ-нæм нæ уæлмæрдты дæр, афтæ ма нæм цы фенддаг бынæттæ ис, уыдон дæр. Уынгты куы ацæуай, уæд дзы брон йедтæмæ ницы фендзынæ. Адæм сæхæдæг дæр тынг уæлæнгай цæстæй кæсынц ацы фарстмæ æмæ уый та рæсугъд нæу. Нæхæдæг кæм цæрæм æмæ нæ рæстæг кæм æрвитæм, уыцы бынæттæ хъуамæ сыгъдæг уой.

Æрæджы районы цæрæнуатонкоммуналон хæдзарады кусджытæ бавнæлдтой брондæтты алыварс сæмбонд кæныны хъуыддагмæ. Цæрджытæ сты тынг райгонд æмæ ма районы кæмдæриддæр брондæттæ æвæрд уыдис, уыдон дæр иууылдæр хъуамæ афтæ схæрзарæзт кæнæм æмæ сæм фос мауал æххæссой. Фæнды ма мæ бахатын районы æппæт цæрджытæм, цæмæй æфснайой сæ хæдзæртты алыварс территоритæ. Афтæ чи нæ кæна, уыдоны ныхмæ исдзыстæм æмбæлон мадзæлттæ», – загъта администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.