Ивгъуыд æнусы 1917 азы Советон Цæдисы бирæ горæтты фæзындысты сывæллæтты алыгъуызон организацитæ æмæ къордтæ, кæцытæ æнгом кодтой кæстæр фæлтæры. Коммунистон партийы бахæсмæ гæсгæ фæскомцæдисон организацийы æххуысæй 1922 азы 19 майы арæзт æрцыдис иумиаг Ногдзауты организаци.

Ногдзауты фыццаг къордтæ куыстой фæскомцæдисон организациты дæлбар, афтæ ма æххуыс кодтой заводтæн, фаб-риктæн æмæ æндæр уагдæттæн. Хайад ма истой æфснайæн зиуты дæр æмæ æндæр ахæм æхсæнадон нысаниуæгджын мадзæлтты.

Уый фæстæ, 30-æм азты,  ногдзауты къордтæ арæзт цыдысты скъолаты.

Ногдзауты организацитæ сæ куыст кодтой 1991 азты онг, стæй Советон Цæдисы фехæлды фæстæ уыдон дæр ныппырх сты. Ныр та фæстаг рæстæджы уынæм, бирæ горæтты та ногдзауты организацитæ ногæй кæй æндидзынц. Фæзындысты нæ горæты иуæй-иу скъолаты æмæ Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны дӕр.

Ногдзауты организаци ис нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы дæр. Скъолайы хъомыладон фарстаты фæдыл хайады гæс Тедеты Ноннæ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ сæм ногдзауты къорд фæзындис 2008 азы хæстон трагикон цауты фæстæ. «Уæд æнæхъæн республикæ лæуд уыдис æндидзынады фæндагыл. Уыцы рæстæджы æз бамбæрстон, сывæллæттæн кæй хъæуы Ногдзауты организаци саразын. Ацы хъуыды куы раргом кодтон, уæд мæ фарсмæ æрбалæууыдысты не скъолайы директор Бестауты Азæ, Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны директор Джиоты Арянæ, гимназ «Альбион»-ы ахуыр-гæнæг Плиты Дзерассæ æмæ нæ республикæйы Коммунистон парти.

Ногдзауты организаци бакæнын та æнæмæнгхъæуæг уымæн уыд, æмæ уый руаджы æххæст цæуынц хъомыладон фарстытæ, куыд, зæгъæм, æфсæддон-патриотикон, монон-хӕрзӕгъдауон хъомылад, куыстыл æмæ спортыл цайдагъ кæнын æмæ æндæр ахæм фарс-татæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Ногдзау уæвын сывæллæтты зондахастыл тынг хорз  æндавы, уымæ гæсгæ  ахуыры азы дæргъы сæ къухы бафты хуыздæр æнтыстытæ. Уыдон уæлдай бæрндзинад кæй фенкъарынц, уый тыххæй сæ ахуырмæ дæр сæ хъус фæдарынц хуыздæр æмæ скъолайы æхсæнадон царды дæр вæййынц уæлдай активондæр.

Не скъолайы ма уæвынад кæны клуб «Æвзонг фидауынгæнæг». Ам та сæ архайд адарддæр кæнынц нæ ногдзаутæ 7-æм къласæй уæлæмæ. Æз мæхæдæг тынг стыр аргъ кæнын ногдзауты организацийæн, царды мын бӕллиццаг миниуджытӕ мæ уды кæй бауагъта, уый тыххæй. Йæ фыццаг фæзынды бон – 19 май та нымайын стыр бæрæгбоныл. Ацы бон мæнæн, æвæццæгæн, мæ зæрдæмæ тынг æввахс кæй у, уымæ гæсгæ мын ацы бон фæзындис хъæбулы хъæбул дæр», – радзырдта нын Тедеты Ноннæ.

Ногдзауты организацийы 95 азы юбилейы цытæн 18-æм майы нæ горæты 5-æм скъолайы цытджын æгъдауæй 4-æм къласы хуыздæр ахуыргæнинæгты айстой ногдзауты рæнхъытæм. Хистæр къордты цытджын рæнхълæуды фæстæ айзæлдысты нæ республикæйы Паддзахадон гимны зæлтæ. Уый фæстæ та 4-æм къласы ахуыргæнинæгтæ, кæцыты райстой ногдзауты къордмæ, бахордтой ард æмæ цытджын æгъдауæй баст æрцыдысты сæ галстуктæ. Æвзонг ногдзаутæн арфæйы ныхæстæ загътой скъолайы клуб «Æвзонг фидауынгæнæг»-ы, уæнгтæ. Арфæйы ныхæстæ сын загътой скъолайы директор Бестауты Азæ,  РХИ-йы Коммунистон партийы фæсивæды цæдисы секретарь Тасойты Анжелæ, РХИ-йы Парламенты депутат æмæ скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уалыты Розæ æмæ скъолайы ахуыргæнæг Гæбæраты Экатеринæ.

Ногдзаутæ ма цытджын мадзалы рæстæджы иу уысм æмырæй алæууы-нæй ссардтой, Ирыстоны сæрвæлтау сæ сӕртӕ нывондæн чи æрхастой, уыдоны рухс нæмттæ, æмæ скъолайы кӕрты уӕлмӕрды сæ номыл цыртдзӕвӕнтыл сæвæрдтой дидинджытæ дæр.

Скъолайы хъомыладон фарстаты фæдыл хайады гæс Тедеты Ноннæ дæр арфæ ракодта ногдзаутæн, æрдзырдта, цы хæстæ лæудзæнис сӕ разы, бузныг загъта хистæр кары ногдзаутæн, сæ активон архайды тыххæй. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта, йæ ногдзауты организацийы куыстæн чи æххуыс кæны, уыцы ахуыргæнджытæ Бестауты Азæ, Уалыты Розæ, Бежанты Мананæ, Бекъойты Юзæ, Гæбæраты Экатеринæ æмæ æндæртæн.

Кæронбæттæны скъолайы директор Бестауты Азæ хуыздæр ахуыргæн-джыты, ногдзауты æмæ ахуыргæнинæгты схорзæхджын кодта грамотæтæй.

Туаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.