«Дагъыстаны дæн авайраг, Уæрæсейы – дагъыстайнаг, фæсарæнты та – уырыссаг»

Дагъыстаны сфæлдыстадон интеллигенцийы ирддæр минæвæртæй иу у зынгæ поэт Расул Гамзатов. 8-æм сентябры йæ райгуырдыл сæххæст 100 азы. Авайраг адæмы минæвар уæвгæйæ, уый йæ стыр курдиатæй йæхи базонын кодта æрмæст Дагъыстан, Кавказ, æппæт Уæрæсейы нæ, фæлæ ма  æнæхъæн дунейы дæр. Уарзтой йæ æмæ йын кад кодтой иууылдæр.

Зынгæ поэты юбилейы цытæн Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ сæ директор Дриаты Нателæйы сæргълæудæй бацæттæ кодтой цымыдисон мадзал. Архайдтой дзы 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæйы сæргълæудæй, æхсæнадон архайæг Абайты Зарæ, ХИПУ-йы ахуыргæнæг Пухаты Аллæ, 2-æм астæуккаг скъолайы минæвæрттæ Зæгъойты Галинæ æмæ Хъуылымбегты Маринæ, ХИПУ-йы æхсæнадæмон журналистикæйы факультеты студенттæ,  дипломатон мисси «Россотрудничество»-йы ног сæргълæууæг Сергей Комиссаров æмæ æндæр уазджытæ.

Номарæн мадзал байгом кодта Дриаты Нателæ. Уый раарфæ код-та æрæмбырдуæвджытæн æмæ загъта: «Абон нысан кæнæм нæ уарзон дагъыстайнаг адæмон поэ-ты 100 азы юбилей. 2023 аз УФ-йы Президент Владимир Путин расидт Расул Гамзатовы азæй».

Курдиатджын поэты сфæлдыстады тыххæй доклад бакаст ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты студенткæ Майрæмты Дианæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æгæрыстæмæй, Леонид Брежнев куы байхъуыста зарæг «Журавли»-мæ, уæд йæ цæссыг нæ баурæдта. Бакаст поэты æмдзæвгæ «Мой Дагестан», зæгъгæ.  Студенткæ Икъоты Линдæ та  бакаст æмдзæвгæ «Нас было 20 миллионов».

Расул Гамзатов – Адæмон поэт

Джусойты Нафи хорз зонгæ уыд Гамзатовимæ, ратæлмац ын кодта йе ‘мдзæвгæтæй бирæты. Нафийы тæлмацæй поэты æмдзæвгæтæ бакастысты 6-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ. Уырыссаг æвзагыл æмдзæвгæ бакаст гимназ «Альбион»-ы ахуырдзау Бесаты Михаил.

Абайты Зарæ сæрмагондæй зонгæ уыд Расул Гамзатовимæ. Радзырдта йæ мысинæгтæ: «Советон Цæдисы рæстæджы арæх дзырд цыд, зæгъгæ, коммунизм фæуæлахиз уыдзæн. Фæлæ  уæд уыдаид иу æвзаг. Уалынмæ, æнæнхъæлæджы ацы темæйы фæдыл райхъуыстис цавæрдæр дагъыстайнаг поэты хъæлæс: «Если завтра мой язык изчезнет, то я готов сегодня умереть». Æмæ алкæй зæрдыл дæр æрлæууыд мадæлон æвзаджы нысаниуæг. Арæх-иу уыд Цæгат Ирыстоны фысджыты литературон изæрты. Схæлар стæм», – дзырдта Абайты чызг.

Пухаты Аллæ йæ цымыдисон раныхасы загъта: «Расул уыд диссаджы адæймаг. Кæд æвзæр дзырдта уырыссагау, уæддæр æй уый нæ бахъыгдардта Дагъыстаны æнæхъæн дунейæн байгом кæнынæн. Йæ фыды стъолы сæрмæ ауыгъд уыд Къостайы портрет æмæ чысыл Расул хъуыды кодта, зæгъгæ, уый йæ дадайы портрет у. Йæ фæстаг æмдзæвгæ дæр фыст уыд йæ фыдыл. 13 аздзыдæй йын йæ фыццаг æмдзæвгæтæ ныммыхуыр кодта республикон авайраг газет «Большевик гор». Уый-иу дзырдта: «Дагъыстаны дæн авайраг, Уæрæсейы – дагъыстайнаг, æмæ фæсарæнты та – уырыссаг», – загъта Пухаты чызг.

Мадзалы хайадисджытæ байхъуыстой зарæг «Журавли»-мæ, Марк Бернесы æххæстæй. Ирон æвзагмæ тæлмацæй та йæ зары Дауыраты Эдуард.

Ныхасы рацыд Сергей Комиссаров. «Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны литературон исбоныл куы дзурæм, уæд æнæмæнгæй банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ кæй зонут уæ мадæлон æвзаг æмæ уырыссаг æвзаг дæр. Ахæм мадзæлттæ уын фылдæр фадæттæ дæттынц алыгъуызон поэтты цардвæндаг æмæ сфæлдыстады фæдыл уæ зонындзинæдтæ баххæст кæнынæн. Бузныг зæгъын мæ фæнды студенттæн. Фæндид мæ кæддæр мæ мемуарты ныффыссын, зæгъгæ, цалдæр азы размæ Гамзатовы юбилейы цытæн мадзалы цы студенттæ раныхас кодтой, уыдон абон сты стыр ахуыргæндтæ. Бузныг мадзалы организатортæн».

Комиссаров чингуытæ балæвар кодта раныхасгæнджытæ æмæ библиотекæйæн дæр. Мадзал рауад хъарм æмæ цымыдисон.

 

Расул Гамзатов æмæ Ирыстон

Дагъыстаны адæмон поэттæ Гамзат Цадаса æмæ Расул Гамзатов, афтæ ма Цадасы кæстæр фырт Гаджи Гамзатов бирæ сарæзтой ирон адæмимæ зонадон бастдзинæдтæ саразыны хъуыддаджы. Фæлæ уæддæр Ирыстон æмæ Дагъыстаны ‘хсæн хæлардзинады хид  сарæзта Дагъыстаны адæмон поэт, Сталины премийы лауреат Гамзат Цадаса. Уый фыццаг хатт Ирыстонмæ æрцыд 1939 азы. Уæд уæрæхæй нысан кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырды 80-азы юбилей. Орджоникидземæ уазджытæ цыдысты æппæт бæстæйæ, се ‘хсæн уыд Дагъыстаны делегаци дæр, уыцы нымæцы адæмон поэт Гамзат Цадаса. Юбилейон ма-дзæлттæй сæ иуы  раныхас кодта Вахтанговы номыл Уырыссаг драмон театры сценæйыл æмæ бакаст æмдзæвгæтæ Къостайыл. Уый стыр аргъ кодта Къостайы сфæлдыстадæн, йе ‘мдзæвгæтæ йын тæлмац кодта авайраг æвзагмæ æмæ Къостамæ йæ уыцы уарзондзинад адæтта йæ фырт Расулмæ дæр. Уый иу хатт ныффыста: «Хетæгкаты Къоста ссис мæ сæрмагонд уарзон поэт… Къоста мæнæн у алцыдæр. Алы адæмæн  дæр ис йæхи Эльбрус æмæ йæхи Хъазбег. Хетæгкаты Къоста у уыдоны ‘хсæн хид æмæ иууыл бæрзонддæр хох, æппæтиумæйаг хох…».

Ирыстон æмæ Дагъыстаны ‘хсæн хæлардзинад сфидардæр кæныны хъуыддаджы Цадасайæ бирæ фылдæр сарæзта советон æмæ дунеон литературæйы классик, паддзахадон, Ленины æмæ Шолоховы премиты лауреат, Социалистон куысты Хъайтар Расул Гамзатов. Уый дæр йæ фыдау уарзта Ирыстоны, уыдис ын ирæтты ‘хсæн бирæ æцæг хæлæрттæ. Расул та фыццаг хатт Ирыстоны бабæрæг кодта 1959 азы Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 100 азон юбилейы. Æмæ йын йæ диссаджы раныхас бахъуыды кодтой бирæтæ. Арæх-иу æрцыд Ирыстонмæ йæ хæлæртты фенынмæ. Сæрмагонд хæлардзинад Расулæн уыд РЦИ-Аланийы раздæры президент Дзасохты Александримæ, поэт Джусойты Нафи, Ходы Камал, Дзасохты Музафер, Хостыхъоты Зинæ, нывгæнæг Абойты Зауыр Бегимæ. Уый сныв кодта Расулы цалдæр портреты. Хæлар уыд зынгæ ирон драматург Хуыбецты Раисæимæ, иумæ ахуыр кодтой Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты.  Тынг бирæ ирон поэттæ – Мамсыраты Дæбе, Хъайтыхъты Георги, Дзасохты Му-зафер, Хуыгаты Сергей, Плиты Гриш, Цæгæраты Гиго, Кокайты Тотрадз, Цæрыкъаты Алыксандр æмæ æндæртæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодтой Расул Гамзатовы æмдзæвгæтæ. Уыдон иууылдæр тырныдтой авторы поэзийы национ колорит бахъахъхъæнынмæ. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Ирон æвзагыл Расул Гамзатовы кæсгæйæ, адæймагæй айрох вæййы йæ разы тæлмац кæй ис, уый. 2003 азы мыхуыры рацыдысты тæлмацæй Расулы æмдзæвгæты дыууæ хицæн æмбырдгонды.

2003 азы Дагъыстаны адæмон поэт Расул Гамзатовæн лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми литературон сфæлдыстады йæ зынгæ æнтыстыты, Дагъыстан æмæ Ирыстоны, Уæрæсейы Федерацийы адæмты ‘хсæн бастдзинæдтæ сфидардæр кæнынмæ йæ хайбавæрды тыххæй.

Гамзатов стыр кад кодта Кавказ æмæ Уæрæсейы литературæйы патриарх, академик Джусойты Нафийæн. «Нафийы тыхджын æмæ нæрæмон хъæлæс хъуысы советон литературæйы. Уый у æнæбасæтгæ критик», – дзырдта уый.

Цæгат Ирыстоны Дзуарыхъæуы ис рæсугъд æмæ зæрдæагайæг цырт Гæздæнты авд æфсымæрæн. Уыдон нал æрæздæхтысты хæстæй: арвмæ тæхгæ авд хърихъуппы, сæ цуры та – хъынцъымгæнæг мады гуырысконд. Скульптор Санахъоты Сергей ацы цырт сарæзта Расул Гамзатовы æмдзæвгæйыл фыст зарæг «Журавли»-йы тæлмæнты бын. Æрвылаз дæр 22-æм октябры Дзуарыхъæуы Гæздæнты авд æфсымæры цырты цур уагъд æрцæуы литературон бæрæгбон «Белые журавли».

 

Советон Цæдисы ныппырх æмæ хисæрмагонд трагеди

Дагъыстаны адæмон поэт Зал-ма Батыровайы ныхæстæм гæсгæ, Расул тынг хъынцъым кодта Советон Цæдисы ныппырхы тыххæй.  «Куыд куырыхон адæймаг, афтæ йæ уыдта, Цæдисы фехæлд ног фыдбылызтæ кæй æрхæсдзæн бæстæ æмæ адæмтæн.  Йæ дыууæ æфсымæры баззадысты хæсты быдыры. Уый фæдыл фыста, зæгъгæ, уыцы дунемæ куы ацæуон, уæд мæ бахъæудзæн ме ‘фсымæрты фæсайын, Советон Цæдис кæй нал уæвынад кæны, уый тыххæй. Нымадта, зæгъгæ, Дагъыстан ма хъуамæ рахицæн уа Уæрæсейæ».

Политикон архайæг Рамазан Абдулатиповы ныхæстæм гæсгæ, Гамзатов ноджы фæцардаид 20 азы, уымæн æмæ уыд хъаруджын адæймаг, фæлæ не сфæрæзта Советон Цæдисы ныппырх æмæ йæ цардмæбал Патиматы амæлæт. Гамзатов цардæй ахицæн 80 аздзыдæй. Йæ цардæмбалы амæлæтæй æртæ азы фæстæ.

Поэты цытæн Цхинвалы Вагзалгæрон фæзуаты ис Гамзатовы бюст. Автор у РХИ-йы сгуыхт нывгæнæг Бекъойты Алан. Гамзатовы ном сæнусон кæныны тыххæй хъæппæрис фæзынд 2013 азы. Уæд Цхинвалы бындур æвæрд æрцыд Гамзатовы номыл скверæн æмæ дзы сæвæрдтой мемориалон дур.  Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Расул Гамзатовы йедтæмæ кавказаг поэттæй ничи ныффыста æмдзæвгæтæ дихгонд Ирыстоны – Цæгат æмæ Хуссары тыххæй. Уый бæллыд алкæмæндæр сабырдзинадмæ, фидæны фæлтæртæн ныффæдзæхста, цæмæй фæлдисой æмæ аразой адæймаджы фæрныгадæн, райгуырæн зæххæн, Фыдыбæстæйæн.

Цардæй ахицæн 2003 азы 3-æм ноябры. Ныгæд æрцыд Дагъыстаны Тарки-Тауы хохрæбын, йæ цардæмбалы цур.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.