Царды алы ныййарæгæн дæр йæ иууыл стырдæр амонд у йæ кæстæр раст фæндагыл лæуд куы вæййы, адæмы рæгъы куы рацæуы, уый. Ахæм амондджын ныййарæг мад у Ленингоры районы Гдулеты хъæуккаг, Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Дудайты Мая.

Уымæн йæ чызг Хъайсынты Иринæ тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Цъинагары астæуккаг скъола. Иринæ уыд цæвиттойнаг ахуыргæнинаг, активон хайад иста уагдоны уагъдцæуæг мадзæлтты. Хайад иста Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани «Ир»-ы уагъдцæуæг проект «Стъалыты ферттывд»-ы æмæ дзы бацахста призон бынат. Æвзонг чызг 9-æм къласæй фæстæмæ бæллыд журналист суæвынмæ æмæ йæ фæнд сæххæст кæнын йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультетмæ.

«Фæнды мæ банысан кæнын, ЦИПУ-йы журналистикæйы факультет кæй у тынг хорз  профессионалон зонындзинæдтæ райсыны куырдадз. Ам ахуыргæнджытæ студенттæн æнæвгъау амонынц сæ зонындзинæдтæ, бакæнынц сæ зонадон архайдмæ, æхсæнадон цардмæ. Факультеты æлдариуæг кæны тынг хорз атмосферæ. Цыппар азы дæргъы æз æппынæдзух дæр деканаты, æмæ ахуыргæнджыты ‘рдыгæй  æнкъардтон æххуыс æмæ аудындзинад. Ам алцы дæр арæзт цæуы уый тыххæй, цæмæй студент йæхи среализаци кæна. Ахуыры процессы тыххæй куы дзурæм, уæд алкæцы ахуыргæнæг дæр тырны, цæмæй æнæхъæн лекциты дæргъы студенттæ сæ цымыдисдзинад ма фесафой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай цымыдисондæр нын уыдысты нæ профессиимæ баст дисциплинæтæ, цыран нын сæ зонындзинæдтæ амыдтой  журналистикæйы къабазы чи кусы, ахæм ахуыргæнджытæ. Уæлдай хъусдард здæхт цыд нæ практикæмæ. Мах практикæ цыдыстæм радиожурналистикæ, тележурналистикæ æмæ мыхуыры журналистикæйы фæзуæтты. Фæлæ мæнмæ уæлдай цымыдисдзинад æвзæрын кодта интернет – дзыллон информацийы фæрæзтæ», – радзырдта Иринæ.

Хъайсынты чызджы фыццаг курсы фæстæ  кусынмæ фæхуыдтой «15 регион»-ы æнæштатон уацхæссæгæй. Бакуыста дзы æртæ мæйы. Стæй базыдта РЦИ-Аланийы хуыздæр журналисттæй иутæ – Тохсырты Вадим, Тотраты Руслан, Фæрниаты Зауыр кæй аразынц сæхи информацион сайт «ОсНова». Æмæ аскъуыддзаг кодта йæ тыхтæ ацы сайты бафæлварын. «Сайты сæйраг редактор Тохсырты Вадимы фæрцы, дыккаг курсы студент уæвгæйæ, æз æвдыстон хицауады, парламенты архайд, вазыгджын тæрхондонон процесстæ. Ацы аз февралы мæйы мæм фæдзырдтой информацион агентад «Оssetia News»-æй, æмæ мæ фæхуыдтой кусынмæ рауадзгæ редакторæй. Æз уайтагъддæр сразы дæн, уымæн æмæ ацы рауагъды оригиналонæй æвдыст цæуынц ног хабæрттæ».

Æмæ ныр иу мæйы бæрц уыцы иурæстæджы Иринæ кусы рауадзгæ редакторæй дæр æмæ ацы ин-формацион агентады уацхæссæгæй дæр. Хъайсын-ты Иринæйы дипломон куысты темæ уыд «Региональная качественная журналистика на платформе You Tube». Йæ куъхдариуæггæнæг уыд Бабочиты Мадинæ.

Цыппар азы дæргъы Иринæйæн сæрибар рæстæг никуы уыд. Тырындта фаг профессионалон зонындзинæдтæ райсынмæ, цæмæй суа, йæ уарзон, Цъинагары скъола кæй ном хæссы, уый  – Хуриты Гивийы хуызæн журналист æмæ йын уыд фæстиуæг. Сырх диплом цытджын уавæры, сæрмагондæй, райста университеты ректор Огъоты Аланы къухтæй. Иринæйы ныхæстæм гæсгæ сын уыд тынг хорз курс. Хъайсынты чызгæй дарддæр ма курсæй сырх дипломтæ райстой ноджы фондз студенты, фæлæ дзы сыгъдæг фæндзтыл каст фæцис æрмæстдæр Цъинагары астæуккаг скъолайы рауагъдон Хъайсынты Иринæ.

Чызг магистратурæмæ фæнд кæны Кубаны паддзахадон университеты журналистикæйы  кæнæ та рауагъдон хъуыддаджы факультетмæ бацæуын. Уырны нæ, магистратурæйы ахуыр кæнгæйæ дæр ын кæй уы-дзæн стыр æнтыстытæ æмæ кæй суыдзæн зынгæ журналист, уый.

 

***

РАЙСТОЙ  СЫРХ  ДИПЛОМТÆ

Амондджын ныййарджытæ сты нæ горæты цæрæг Букуылты Мераб æмæ Джиоты Варвелинæ дæр. Уыдонæн сæ хистæр чызг Виктория ахуыр кодта нырма гимнази «Рухс»-ы æмæ уый фæстæ та нæ горæты 1-æм астæуккаг скъолайы. Чызг дыууæ ахуырадон уагдоны дæр уыд цæвиттойнаг йæ алы хъуыддагæй дæр. Ахуыр кодта æрмæстдæр тынг хорз нысæнттыл. 1-æм скъолайы йæ къласгæс уыд Хъоцыты Галинæ. «Вика уыд нæ хуыздæр ахуыргæнинæгтæй сæ иу. Никуы хъуыды кæнын æмæ уый йæ уроктæ ма сахуыр кæна æмæ афтæмæй æдзæттæйæ æрбацæуа скъоламæ. Тынг æгъдауджын чызг у, æгæрыстæмæй, йæ салам радт дæр æндæргъуызон уыд. Ахуыргæнджытæ дзы иууылдæр уыдысты  райгонд. Тынг æхсызгон нын у нæ рауагъдон академи сырх дипломыл каст кæй фæцис, уый. Ахæм кæстæртæ Ирыстоны сомбоны ныфсытæ сты», – загъта Хъоцыты Галинæ.

2017 азы Виктория 1-æм астæуккаг скъола сыгъзæрин майданыл каст куы фæцис, уый фæстæ бацыд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Мæскуыйы дипломатон академимæ. Бацæуæн фæлварæнтæ æнтыстджынæй радта Мæскуыйы. Чызг тынг уарзы æвзæгтæ æмæ математикæ ахуыр кæнын. Сæрибарæй дзуры англисаг æвзагыл, афтæ ма зоны французаг æвзаг дæр. Цыппар азы академийы ахуыр кæнгæйæ, ирон чызг йæхи равдыста æрмæстдæр æвæрццаг фарсæрдыгæй. Хайад иста академийы уагъдцæуæг алыгъуызон мадзæлтты. Курсы уыдысты 70 адæймагæй æмæ Вика уыд хуыздæр студенттæй сæ иу. Йæ дипломон куыст  «Особенности сотрудничества России и Европейского союза в сфере энергетики»-йы  къухдариуæггæнæг уыд экономикон зонæдты кандидат  Руднева Анастасия, кæцы дзы баззад стыр райгондæй. Викторияйæн сырх диплом цытджын уавæры радта академийы проректор Данельян Андрей. Букуылты чызг фæнд кæны  магистратурæмæ дæр ацы дипломатон академимæ бацæуын, фæлварæнтæ йын уыдзæн августы мæйы æмæ дызæрдыг-гæнæн нæй, уым дæр ын стыр æнтыстытæ кæй уыдзæн, ууыл.

Викторияйы мад Джиоты Варвелинæ кусы нæ паддзахадон университеты англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Йæ фыд Мераб йæ арæхстджын къухтæй нæ горæты цæрджытæй тынг бирæтæн балæггад кодта. Уадз, сæ хъæбулты цинæй æфсæст уæд ацы æгъдауджын ныййарджытæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.