Ныртæккæ бирæ куыстуæттæ æмæ организациты куыст бæрæг фæивта карантины аххосагæй. Фæлæ уæддæр куысты сæйраг хай æмæ комкоммæ хæстæ ничи аивта, кусынц æмæ архайынц штатон режимы. Бирæ организациты кусджытæ ныры уавæрты сæ кустмыздтæ сын бахъахъхъæнгæйæ, сæрибар сты сæ архайдæй, уыйхъыгъд бирæтæн фæзынд уæлдай куыст. Цахæм у прокурорты куыст та ныры рæстæджы æмæ сыл цахæм уæз æрынцад, уый фæдыл нын радзырдта прокуратурæйы фæлтæрд кусæг, Дзауы районы прокурор Кокойты Гамлет. 

– Коронавирусы пандемийы рапарахатимæ баст фæкъуындæггонд мадзæлттæ куыд бандæвтой районы криминогенон уавæрыл?

– Фондз мæйы дæргъы районы территорийыл хынцыд æрцыд æртæ фыдракæндон цауы. Уый ивгъуыд азтæм абаргæйæ æмæ статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ у ныллæг. Уыцы цаутæ æргом æрцыдысты: сæ иу у хъæды садзæнтæ æнæзакъонæй лыг кæй æрцыдысты, иннæ дыууæ цау та баст сты нæ республикæйы территоримæ нарктикон буарад «лирикæ» æнæзакъонæй ласынимæ. Уыцы хъуыддæгтæм æнæкæсгæйæ районы территорийыл криминогенон уавæр у стабилон. Ацы хъуыддаг прокурор бæтты барадхъахъхъæнæг органты хорз куысты фæстиуджытимæ: æмбæлон службæтæ кусынц фæтыхджындæргонд режимы, æндæр бæстæтæм абаргæйæ хынцыд нæ цæуы фыдракæндон цаутæ. Дыккаг та уый, æмæ республикæйы барад-хъахъхъæнæг органты æмархайд æмæ иумиаг куысты фæстиуæг дæр æндавы æмæ бынтон ныллæг у фыдракæндтæ аразын. Æмæ ма ноджы иу – Хуссар Ирыстоны тынг стæм у организацигонд фыдракæндон цаутæ аразыны хуыддаг. Уыйхъыгъд, рог наркотикон буарадтæ хъуызынц нæ республикæйы территоримæ. Ацы здæхты цæуы уæхскуæзæй куыст.

– Дунейы короновирусы пандеми кæй рапарахат, уый бæрæгбæрцæй бандæвта куыстуæттыл, прокуратурæйы кусджыты архайдыл та куыд бандæвта?

– Нæ куыст бæрæг фæивта, ома фæдывæр. Уымæн æмæ æдзух нæ хъус дарæм Рукъы уадзæн пункттæм – стационарон, таможнæйон, Юго-Осетпотребнадзор, Арæнхъахъхъæнæг управленийы службæ, Уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджытæм, цæмæй хæлд ма цæуой санитарон домæнтæ, æнæмæнг сыл хъуамæ уа хъахъхъæнæн индивидуалон фæрæзтæ, æмæ æрмæст посты чи лæууы, уыдоныл нæ, фæлæ арæны сæрты чи хизы, уыцы автотранспорты шофыртæ дæр, ахæм уавæрты æмбæлон фæрæзтæй хъуамæ уой ифтонг, машинæйæ æддæмæ ма хизой. Ацы карз мадзæлттæ ист уымæн æрцыдысты, æмæ карантин конд куы æрцыд нæ республикæйы территорийыл, уый райдианæй шофыртæ арæныл службæгæнджытимæ контакт кодтой, ифтонг нæ уыдысты хисæрмагонд хъахъхъæнæн фæрæзтæй. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, комкоммæ тæс-сагдзинад æвзæрын кодта нæ бæстæмæ инфек-цион низ æрбаирвæзын æмæ апарахат кæнынæй. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ хынцгæйæ ист æрцыд уынаффæ, цæмæй автотранспорт 100 метрæй æввахсдæр ма цæуа постмæ, шофыртæ сæ бынæтты хъуамæ бадой æмæ сæм æмбæлон службæтæ бацæуой бынатмæ, уæзтæ æмæ документтæ бæрæг кæнынмæ.

Уымæй дарддæр ма районы прокуратурæ йæ хъус дары поселочы рынчындоны карантины цы курсанттæ ис, уыдон режиммæ. Уæдæ куыд барад-хъахъхъæнæг системæйы, афтæ прокуратурæйы кусджыты хъарутæй дæр абоны онг Дзауы район нымад цæуы «сыгъдæг зонæйыл», уымæн æмæ карантины цы æмбæстæгтæ уыдысты æмæ сты, уыдонæй иуæн дæр нæ разынд низ.

Карантины уавæрты рынчындоны медперсонал куыд архайынц, уый дæр бæрæг кодтой прокуратурæйы кусджытæ, абоны онг сæм ис алы фæрæзтæ дæр – маскæтæ, æрмкъухтæ, емынæйы ныхмæ сæрмагонд уæлæдарæс æмæ æнд.

 Мидхъуыддæгты министрады, районы мидхъуыддæгты централизацигонд управленийы кусджытæ, милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæгæнджытæ æхсæвæй бонæй хъахъхъæнынц рынчындон. Службæйы рæстæджы иунæг бархалæн цау дæр хынцыд не ‘рцыд.

– Ныртæккæйы уавæрты барвæтк хъахъхъæнын æмæ фæдзæхсыны фæдыл цахæм мадзæлттæ цæуы уагъд, кæцытæ гæнæн ис æмæ арæзт цæуой цæрджыты руаджы?

– Æрмæст карантины уавæрты нæ, фæлæ планон куыст кæнынц районы мидхъуыддæгты управленийы фадыгон инспектортæ. Адæмимæ уадзынц профилактиктон куыст, æмбарын сын кæнынц вирусон хæцгæ низæй хи куыд бахизын хъæуы, уыдæттæ. Районы мидхъуыддæгты управленийы хыгъды цы æмбæстæгтæ ис, кæцытæ хатт сæ хъус адарынц фыдракæндтæ аразынмæ, уыдонимæ дæр сæрмагонд куыст цæуы.

– Республикæйы æндæр районтæ, кæнæ Уæрæсейы Федерацийы уæ коллегæтимæ уæлæмхас координацион архайд ныры уавæрты куыд уагъд цæуы?

– Республикæйы Генералон прокуратурæ æнгом куыст кæны йæ уæрæсейаг коллегæтимæ. Ныртæккæйы рæстæджы дæр нæ нымæг кæны уыцы куыст. Районты прокуратурæтимæ æмгуыст цæуы алыгъуызон фарстаты фæдыл.

Бæстæмæ коронавирусон инфекци ма æрбауадзын æмæ апарахат кæныны фæдыл Генералон прокуратурæйы архайы оперативон штаб. Йе сконды сты прокуратурæйы къухдариуæгад, районон проку-рортæ æмæ хайадты сæргълæуджытæ. Æрвылкъуыри штабы хайадисджытæ рабадты рæстæджы уынаффæ кæнынц, арæзт цы æрцыд æмæ дарддæр цы здæхты архайдзысты, уæлæмхасæн цы хъæуы, уыдæттыл.

– Цæрджытæ фылдæр цы фарстыты фæдыл хатынц прокуратурæмæ?

– Цæрджытæ прокуратурæмæ хатынц алыгъуызон фарстаты фæдыл. Фылдæр хатт – адæймаджы бартæ хæлд куы цæуынц, уæд, куысты бартæ дæлдзиныг куы æрцæуынц, æнæзакъонæй куыстæй сæрибар чи æрцæуы. Ахæмтимæ цæуы æмбарынгæнæн куыст, консультацитæ уагъд цæуы семæ. Прокуратурæмæ дзы цы хауы, уый фæдыл басгæрстытæ уагъд цæуы.  Æмбæлон уынаффæ ист куы æрцæуы, уæд æй дарддæр бавдисæм æмбæлон инстанцитæм. Вæййы афтæ дæр, æмæ бæрæг хъуыддаджы фæдыл конд æрцæуы уголовон хъуыддаг.

Кусын æмæ фæллой кæнынæн ис æппæт фадæттæ дæр. Республикæйы районтæм абаргæйæ прокуратурæйы куыст, статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ уыд фыццаг бынаты. Ома, фыдракæндтæ аразыны хъуыддаджы, цал ахæм цауы æрцыд регистраци, уымæ гæсгæ. Уый, ноджыдæр ма йæ банысан кæнон, фылдæрбæрцæй баст у барадхъахъхъæнæг органты гъæдджын куыстыл. 

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.