Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъус дарыны фæдыл комитеты уæхсджытыл æрæнцад егъау куыст. Дунейы цы инфекцион низ парахат кæны, уый æрбаххæссыд нæ республикæмæ дæр æмæ нырмæ дæр кæд тох цыд йæ ныхмæ, уæд ныр та хъомысджындæрæй. Ныртæккæйы уавæр, рынчынты нымæц æмæ бæстæйы санитарон-эпидемиологон уавæры фæдыл нын радзырдта республикæйы Сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ.

8 маймæ  коронавирусон инфекцийæ рынчынты нымæц у 15 адæймаджы. Уый размæ нæм æртæ рынчын уыд, фæлæ лабораторон ир-тасæнты фæстиуæгæн, уыдон нымæц фæфылдæр.

«Уыдонæй иу у, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады  хаххыл  чи æрцыд ахæм, иннæтæ та сты студенттæ.  Ацы бонты цы 160 студенты æрцыд, уыдон сты иууыл стырдæр къорд. Иннæ студенттæн дæр арæзт æрцыд тесттæ. Уыдон дæр сты карантины, сæхи хатынц хорз. Се ‘хсæн кæд исчи кæнæ схуыфы, кæнæ йæ хъуыртæ сриссынц, уæд сæ ракæнæм республикон бирæпрофилон медицинон центры инфекцион хайадмæ»,- банысан кодта дохтыр.

Карантины чи сты

Уыдон нымæц у 160 фылдæр. Се ‘хсæн сты нæ бæстæйы æмбæстæгтæ, Сырх Дзуары Дунеон комитеты хаххыл Гуырдзыстоны хосгæнæндæттæй чи æрбаздæхт, ахæмтæ.

Æхсæз шофыры ма ис карантины æмæ сæ рæстæг куы фæуа, уæд ацæудзысты сæ бинонтæм. Æрæджы хицауады ‘рдыгæй ист æрцыд уынаффæ, цæмæй нæ бæстæмæ уæзтæ цы шофыртæ ласынц, уыдон уазæгдон «Алан»-ы карантины ма уой, уый тыххæй цæгатирыстойнаг шофыртæ ласдзысты уæзтæ æмæ фæстæмæ здæхдзысты.

Алыгъуызон рынчынтæ

Уымæй дарддæр ма ис пневмони æмæ ОРЗ-йæ рынчынтæ æмæ уыдоны анализтæ дæр лабораторон иртасынадмæ лæвæрд цæуынц.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад Санитарон –эпидемиологон комитеты специалисттимæ иумæ уынаффæ кæнынц, дарддæр цы æмбæстæгты æркæндзысты, уыдон кæм хъуамæ уой карантины, ууыл, цæттæ цæуы уыдонæн дæр бынæттæ. Хуыздæр уаит æмæ уыцы бынæттæ ма йедзаг кæной, фæлæ æппæтдæр баст у эпидемиологон уавæрыл. Маринæйы  ныхæстæм гæсгæ алыгъуызон симптомтимæ рынчынтæн уыдзæн хицæн бынæттæ – бæлвырд у, рæуæгау чи уа, лабораторон æгъдауæй кæмæн бафидар уа ацы вирус, ахæм рынчынтæ æмæ карантины  кæм уыдзысты, уыдон.

«Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл чи æрцæуы, уыдоны иу хай уыд инфекцион рынчындоны, уыцы бокстæ ныридæгæн сæрибар æрцыдысты, акодтам сæ уазæгдон «Алан»-мæ. Уым уыдзысты медицинон хъусдарды бын», – дзырдта Маринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма цалдæр адæймаджы ис хиизоляцийы горæты территорийыл, цалдæр та Ленингоры районы.

Тесттæ арæзт цæуы

«Уæрæсейы Федераци нын алыварсон æххуыс кæны короновирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы, фыццаджыдæр емынæйы ныхмæ Ставрополы институты сахуыр кæнынæн баххуыс кодта нæ дохтыртæ-лаборанттæн, уымæй уæлдай ма нын балæвар кодтой дæс тест системæйы, арæзт æрцыд 243 лабораторон иртасæны ацы бонты онг.

Вирус цы æмбæстæгтæн сбæрæг, уыдонæн ницахæм клиникон фæзындтæ уыд – нæдæр сæ буары тæвд уыд бæрзонд. Фæлæ медицинон басгæрсты фæстиуæгæн рабæрæг, сæ иувæрсты кæй нæ ахызт ацы  инфекци. Ацы æмбæстæгтæн контакт кæимæ уыд, уыдонæн дæр арæзт æрцыд тесттæ, уыдонæн кæд æппæрццаг фæстиуджытæ уыд, уæддæр ма сын дæсæм бон ногæй арæзт æрцæудзæн тесттæ», – зæгъы Коцты чызг.

Чи куыд хæссы инфекци

«Æз зæгъдзынæн уый, æмæ вирус алы адæймаг дæр йæхирдыгонау кæй хæссы, æппæтдæр баст у адæймаджы организмы скондыл. Æвзонгдæртæ ацы низ рæуæгауæй хæссынц. Сæйраджыдæр, ацы инфекцион низ тæссаг у ацæргæ адæмæн¸йæ иммунитет лæмæгъ кæмæн у, хроникон низтæй чи тыхсы, уыдонæн», – дзырдта санитарон дохтыр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы хъуыддагæн æнæ ‘рцæугæ нæ уыд абон уа, æви сом. Фæлæ банысан кодта иу факт – рæстæгыл цы фæкъуындæггонд мадзæлттæ ист æрцыд нæ бæстæйы къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ, уыдон бирæ-бæрцæй уыдысты рæстæгыл æмæ алы рæстæджы дæр цас хъуыд æмæ гæнæн уыд, уыйбæрц. Ахæм мадзæлтты руаджы нæ къухты бафтыд, цæмæй адæмыл ма апырх уа ацы æнæхайыры вирус.

Куыд ма банысан кодта, уымæ гæсгæ дезинфекци æмæ эпидемийы ныхмæ æндæр мадзæлт-тæ уадзын æнæмæнг у. Уæлдайдæр, инфекцийы ратæдзæн кæм ис, ахæм бынæтты. Уыдон сты хосгæнæн – профилактикон уагдæттæ.

Медперсонал сты тæссаг къорды

Абон бирæ баст у нæ дохтыртыл. Республикæмæ цы студенттæ æркондæуыд, уыдоны иу хай сты Дзауы, Знауыры æмæ горæты медицинон центры инфекцион хайадты. Эпидемийы ныхмæ æппæт домындзинæдтæ æххæст куы цæуой инфекцийы ратæдзæнмæ ахасты, уæд уый фæахъаз уыдзæн стационарæй дарддæр инфекци цæмæй ма апарахат уа. Уыцы куыст æнæзæрдæхудтæй кæнынц нæ медицинон кусджытæ.

Карантины цы æмбæстæгтæ ис, уыдонимæ дæр цы медперсонал архайы, уыдон сты индивидуалон хъахъхъæныны фæрæзты. Уыцы персонал дæр карантины кæронмæ вæййы семæ. Æмæ æххæст кæнынц эпидемиологон нормæтæ – хъуыды кæнынц, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст палатæйæ æддæмæ инфекци ма рахæссыныл дæр æмæ дарддæр та йæ хæдзармæ сæ бинонтыл ма апарахат кæныныл.

Уавæрæй пайда кæнгæйæ

«Мах не ‘ппæт дæр æвдисæн стæм, дунейы цы цæуы, уымæн. Ацы проблемæмæ серьезон æгъдауæй æмæ бæрнон ахаст цы бæстæтæ равдыстой, уым æвæрццагæй бæстон цæуы ацы проблемæ. Фæлæ бирæ æмбæстæгтæ, æмбæлон службæтæ æмæ бæстæйы къухдариуæгады домындзинæдтæ не ‘ххæст кæнынц. Ахæм рæтты уавæр у бынтон мæгуырау. Уымæ гæсгæ æз си-дын нæ бæстæйы æмбæстæгтæм – ныртæккæ нæ бæстæ ис ахæм этапыл – вирус æрбаирвæзт нæ республикæмæ. Æмæ мах æппæтдæр хъуамæ саразæм, чи кæм кусы, чи цы æмвæзадыл ис, йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ, цæмæй ма бауадзæм йæ апарахат кæнын – хосгæнæн-профилактикон уагдæтты къултæй дарддæр ын фæндаг ма радтæм.

Адæмæй дæр бирæ кæнгæ у – дохтырты рекомендацитæ æххæст кæнын, адæм массон æгъдауæй ма тымбыл кæной, рынчынтимæ контакттæй сæхи бахизой, æнæмæнгдæр, хисæрмагонд гигиенæйы нормæтæ хъахъхъæной – уынгæй æрбацæугæйæ къухтæ дзæбæх æрыхсой, æнæхсад къухтæй ма æвналой сæхимæ, уæлдайдæр цæстытæ, фындз, дзыхмæ. Иууыл актуалондæр æмæ ахадæндæр та у хиизоляцийы режим.

Нæ цæрджытæ уыцы хуымæтæг домындзинæдтæ хъуамæ æххæст кæной, уыцы ма-дзæлттæ здæхт сты нырма нæхи æнæниздзинад, стæй дарддæр нæ алфæмблай адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæнынмæ. Уымæй нæ къухты бафтдзæн хорз фæстиуджытæ æмæ вирусы фæзынд ныххуыдуг кæндзыстæм, кæм фæзынд уыцы бынаты, æмæ йын фадат нæ ратдзыстæм апарахат кæнынæн. Махæн нæхицæй бирæ аразгæ у»,- сиды æмбæстæгтæм Коцты Маринæ.

Ацы мадзæлтты фæстиуæгæн уынаффæ ист æрцыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны арæн Уæрæсеимæ æххæстæй æхгæд æрцæуа æмбæстæгтæ æмæ уæзтæласæн автотранспортæн 10 майæ 17 маймæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.