Республикæйы районты рæзтæн арæзт æрцыд сæрмагонд программæ. Уый фæлгæтты уал Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты объекттæ хаст æрцыдысты социалон-экономикон рæзты мадзæлтты хыгъдмæ.

«Нæ республикæйæн уый егъау æнтыстдзинад у. Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты фæзындзысты ног физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекстæ æмæ спортивон залтæ, хъазæн фæзтæ, культурæйы хæдзæрттæ, бирæфадатджын центртæ. Мах архайдтам, цæмæй ацы объекттæ хаст æрцыдаиккой республикæйы социалон-экономикон рæзты гæххæтмæ æмæ нын федералон æмвæзадыл алы ран дæр æххуыс цыдаид. Ныр нæм разæй æнхъæлмæ кæсынц уæлдæр амынд мадзæлттæй алкæуыл дæр биноныг бакусыны хъуыддæгтæ», – банысан кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Мæздæг æмæ Горæтгæрон районты ныридæгæн райдыдта алыхуызон объектты арæзтад.

 

ФИДÆНЫ КАДРТÆ

Цæгат Ирыстоны профессион цæттæдзинады центры æххæст кæнынц адæмæн куысты бынæттæ ссарыны фæдыл мадзæлттæ. Уыдæттæ къухты æфтынц федералон æмæ национ проектты руаджы. Цæгатирыстойнаг центр у проекты регионалон оператор, йæ равзæрдыл бацархайдтой Фæллойы министрад æмæ Адæмæн куыст дæттыны центр.

Программæйы нысан у, куысты бынæттæ ссарынæн зындзинæдтæ чи æвзары, уыдонæн æххуыс кæнын. Программæйы фæлгæтты лæвар сахуыргæнæн ис, зынтæй къухты чи æфты, ахæм дæсныйадыл. Уæлæмхасæн профессион ахуырад райсгæйæ, адæймагæн йæ бон бауыдзæн куысты ныллæууын, кæнæ хæдзармæ исты куыст райсын.

Уалдзæгæй фæстæмæ ахуыртæ цæуынц цалдæр ахуырадон уагдоны. Уыдонимæ сты  Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледж, Елхоты бирæфадатджын колледж, Дзæуджыхъæуы базарадон техникум, Дунеон центр «Аллонтæ» æмæ æндæртæ. Програм-мæ фадат дæтты 37 дæсныйады райсынæн. Уыимæ фидæны кадртæ цæттæ кæныны куыст схиздзæн бæрзонд æмвæзадмæ.

                                                                    Нæ  уацх.

 

 

Курорт «Мамысон»-ы сараздзысты хъахъхъæныны зонæтæ

Цæгат Ирыстон-Аланийы культурон исбоны объекттæ бахъахъхъæныны æмæ пайда кæныны фæдыл комитет кусы арæзтцæуæг æппæтсезонон туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы территорийыл уæвæг культурон исбоны объектты алыварс хъахъхъæныны зонæтæ бакусыныл.

Комитеты сæрдар Галуаты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, фидæны курорты территорийыл ис культурон исбоны 50 объекты, уыцы нымæцы федералон нысаниуæджы 27 объекты, регионалон нысаниуæджы 16 объекты æмæ культурон исбоны 7 сбæрæггонд объекты. Ивгъуыд азты Хицауады уынаффæтæм гæсгæ Калак, Тиб, Лисри, Згъил, Тли æмæ æндæр хъæуты 38 объектæн сфидар кодтой хъахъхъæныны зонæтæ.

«Цæй тыххæй хъæуынц объекттæн хъахъхъæныны зонæтæ? Цæмæй объекттæм  æввахс аразын бар мацы арæзтадæн уа æмæ сæ бахъахъхъæнын историон æгъдауæй. Ацы аз пълан кæнæм регионалон нысаниуæджы культурон исбоны 5 объектæн хъахъхъæныны зонæ бакусын. Уыдон сты Елойты мæсыг æмæ Калакы хъæуы Ныхас, Камцхойы-Майрæм, Камцхойы Реком æмæ Камсхойы хъæуы Камцхойы-Каузады кувæндæттæ», – загъта Галуаты Ацæмæз.

Афтæ ма ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, комитет пълан кæны культурон исбоны объектты бахъахъхъæныны фæдыл мадзæлттæ райсын.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.