Ног азы райдайæнæй республикæйы разамынд æрæвнæлдтой Уæрæсейы Президент Владимир Путины амынддзинæдтæ царды уадзыныл. Уыдон сты ивгъуыд аз августы Вла-димир Путин æмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фембæлды фæлгæтты. Уæд Уæрæсейы Президент рахаста бирæ хъæугæ уынаффæтæ 2022 азæн Цæгат Ирыстоны рæзты тыххæй. Уыдон сты  туризмы, æнæниздзинад хъахъхъæныны,  хъæууон хæдзарады æмæ коммуналон хæдзарады къабазы. Сæ сæххæст кæныны хæс йæхимæ райста Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Президенты ныстуанты сæйраг æргом здæхт æрцыд Беслæны рæзты программæмæ. Теракты хъыгдард баййафджытæн уæлæмхасæн æххуысы уæлдай ма, хæстæгдæр рæстæг федералон бюджет горæты рæзтæн рахицæн кæндзæн цыппар миллиардмæ хæстæг. Уыдон хардз æрцæудзысты ахуырады, культурæйы, коммуналон хæдзарады æмæ спорты рæзтæн, ног объекттæ аразынæн.

Уымæй дарддæр, Уæллаг Фыйагдоны нырыккон пульманологон центры арæзтадæн фæрæзтæ рахицæн кодта федералон бюджет. Тагъд райдайдзæн бæстыхайы арæзтад. Дзæуджыхъæуы та бавнæлдтой республикон нырыккон медицинон реабилитацион центры арæзтадмæ.

Рохуаты нæ баззадысты национ проекттæ дæр. Уыдон куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ йæ цæст дары Æхсæнадон палатæ дæр. Экономикон рæзты министрæн хæсгонд æрцыд республикæйы инвестицион проектты уавæр сбæлвырд кæнын. Уыдонæй ныртæккæ сæй-рагдæртæ сты хæххон рекреацион курорт «Мамысон», «Алания-парк», Доны станцæ, улæфæн бынат Терчы былгæрон æмæ республикæйы фæзуатыл цыппар улæфæн парчы арæзтад.

Президенты ныстуанты бындурыл ведомствоты разамонджыты æргом ногæй здæхт æрцыд зæххы хæйттæ æмæ æндæр паддзахадон инвентаризацийы фарстатæм. Профилон министрадты разамонджытæн бахæс кодтой, Дзæуджыхъæуы администраци зæххы хæйтты арендæйы фæдыл цы бадзырдтæ сфидар кодта, уыдоны закъонады бындур сбæлвырд кæнын.

Районты разамонджытæн дæр хæсгонд æр-цыд сæ территоритыл цы 600 æнæзакъон объекты ис, уыцы бæстыхæйттæ цыбыр рæс-тæгмæ сисын.

Сæрмагонд æргом здæхт æрцыд туризмы къабазмæ. Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй бынтон разы нæу комитеты куыстимæ. «Нæ республтикæйы баулæфынæн ис æппæт фадæттæ дæр, фæлæ туристты æргом раздахыныл фаг куыст нæ цæуы. Туристты улæфынæн цы фæзтæ радих кодтам, уыдон та фаг цæттæ нæма сты, цæмæй сæм инвестор-тæ се ‘ргом раздахой. Уæрæсейы Президенты ныстуантæ æххæст кæнгæйæ ацы лыггæнинаг фарстатæн дæр кæрон сæвæрын хъæуы. Хæстæг рæстæджы Цæгат Ирыстон хъуамæ йæ куысты кæронбæттæн хатдзæгтæ бавдиса Уæ-рæсейы Хицауадмæ. Уый фæстæ та ныхас цæудзæн æхцайы фæрæзтыл».

Хицауады Сæрдар ма куыд загъта, афтæмæй, Уæрæсейы Президент кæй фæнысан кодта, уыдонæн ис стыр ахадындзинад республикæйы рæзтæн æмæ бузныг загъта федералон ведомствотæн се ‘ххуысы тыххæй.

Бирæ сты, Владимир Путин æмæ Сергей Меняйло цы фæндæттæ рахастой 2022 азæн, уыдон. Сæ сæххæст кæныныл та архайы республикæйы разамынд.

***

Национ проект «Æдас æмæ æнцонвадат фæндæгтæ»-йы гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы транспорты паддзахадон къамис сфидар кодта зæронд хидты цалцæг æмæ ног хидты арæзтады программæ.

Нывыл арæзт фæндæгтæ æмæ хидтæн, стæй цæугæдæттæн ис вазыгджын экономикон нысан. Сæ фæрцы æнцонвадат дæр кæны адæмы цард. Адонæй бирæ аразгæ у æдасдзинад æмæ удæнцой.

Ацы проекты архайы Цæгат Ирыстон дæр. Ивгъуыд æнусы æмбисы арæзт хидтæ абоны техникон домæнтæн дзуапп нал дæттынц. Ныридæгæн уал республикæйы, регионалон æмæ муниципалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы фæндæгтыл цалцæггонд æрцыд аст хиды.

РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитет федералон программæмæ бахаста æдæппæт 44 хиды. Комитеты разамынды фæндонмæ гæсгæ, ацы азы кæронмæ се ‘ппæт дæр реставраци хъуамæ æрцæуой.

Проектмæ хауы цæугæдæтты былтæ сфидар кæнын дæр. Ууыл æрныхас кодтой Доны фæрæзты федералон агентад æмæ республикæйы разамынд. Цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ цæугæдæттæ Фыййагдон, Суадагдон æмæ Хайдон æрвыл уалдзæджы тæркъæвдаты рæстæг сæ дамбæтæ атонынц, сæ былтæй акæлынц æмæ стыр зиæнттæ ракæнынц хъæууон хæдзарадæн, бахъыгдарынц цæрæн хæдзæрттæ. Сæ аххосæй æрцыд, æгæрыстæмæй, уды зиæнттæ дæр.

Уыдон аиуварс кæныны тыххæй рæхджы райдайдзысты дæтты былгæрæттæ сфидар кæныны куыстытæ.  Уый тыххæй паддзахадон экспертизæйы специалисттæ проектон-сметон документацийыл бакуыстой. Доны фæрæзты федералон агентад ныфс æвæры, уалдзæгмæ иуæй-иу цæрæн бынæтты донивылдтытæй бахъахъхъæныны фарста лыг кæй æрцæудзæн.

                Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.