Райгуырæн къуым æмæ йæ иубæстон адæмыл æнувыд чи вæййы, уый цыфæнды дард цæра æмæ куса, уæддæр фидар тæгтæй баст вæййы йæ фыдызæхмæ, нæ дзы хицæн кæны зæрдæйы арф æнкъарæнтæй. Къостайыхъæуккаг Тыбылты Тузары астæуккаг фырт Вася астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырад райсгæйæ, кусын райдыдта Мæскуымæ æввахс, сси Æфсæддон-сæудæджерадон комплексы программисты къорды хистæр. Ацы бынаты бафæллой кодта, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ ,æмæ ныр æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ.

О, фæлæ куысты бынаты уæвгæйæ дæр йæ улæфты рæстæг иууылдæр æрвыста йæ райгуырæн хъæуы. Афтæ уыд 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы дæр, уæд Тыбылы фырт дæр ратагъд кодта Хуссар Ирыстонмæ. Æнкъардта йæ, хорзæй дзы кæй ницы фендзæн, зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæм циндзинад кæй нæ банкъардзæн. Йæ ныййарджытæ æмæ йæ кæстæр æфсымæр, сыхæгтæ æмæ хъæу-бæстыл фæцинтæ кодта. Фæлæ йын пырх æмæ ссæст горæт, иннæ ахæм – йæ райгуырæн хъæу – йæ раздæры хуызæй дзы ницыуал уыд, æвдыста æн-къардгъуыз. Гуырдзиаг лæгсырдты къухæй чи баца-рæфтыд, уыдон бинонты марой хъуыст.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст куы расидтæуыд, уæд зæрдæйæ æнкъардтой Васяйы куысты æм-бæлттæ æмæ йæ бирæ хæлæрттæ Ирыстоны тыхстдзинад, йæ фарсмæ кæддæриддæр лæууыдысты æмæ йын ныфсытæ æвæрдтой. Сæ циндзинад тынгдæр фергом, 26-æм августы Уæрæсейы Президент Д. Медведев нын нæ Хæдбардзинад куы банымадта, уæд. Иу телефоны зæлланг иннæйы фæдыл хъуыст Къостайыхъæуы Тыбылты Васяйы номыл, арфæ йын кодтой, ахæм циндзинад кæй банкъардтой йæхæдæг дæр æмæ æгас Ирыстоны дзыллæтæ, уый тыххæй. Иудзырдæй, Хуссар Ирыс-тоны стыр æхсызгондзинадыл цин кодтой, сабыр-цæрæг адæмы хорзмæ чи бæллыд, уыдон се ‘ппæт дæр. Ацы æхсызгон цауыл цин кодтой Васяйы бинонтæ, хъæубæстæ, æгас Ирыстон. Ныр нæ ноджы тынгдæр ныфс бацыд, Стыр Уæрæсе алы хатт дæр нæ фарсмæ кæй ис, нæ зындзинæдтæ нын кæй иуварс кæндзæн, нæ хорздзинæдтæм та нын ноджыдæр кæй æфтаудзæн, уымæй.

Йæхи рады ма Вася йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, хæстæй рацæугæ азтæй нæ цард бирæ фæхуыздæр, сæндидзыдта Хуссар Ирыстон æмæ дард-дæр дæр хуыздæр кæны адæмы цард. Фæлæ нырма алцы йæ гаччы не ‘рбадт æмæ уыдæттæ аиуварс кæныныл  хъуамæ нæхæдæг дæр архайæм. Хæстон азтимæ абаргæйæ, нæ фыдызæхх размæ тынг ацыд, фæлæ уый фаг нæу.

–  Стыр Уæрæсе нын нæ Хæдбардзинад банымадта æмæ йыл нæ адæм цин кæнынц. Уæрæсейы сконды дæр æнæмæнг уыдзыстæм кæддæр, фæлæ кæд, уый зындгонд нæма у. Уыцы хорздзинад æмæ зæрдылдаринаг цауæн дæр æвдисæн уæм рæхджы, – загъта ма Тыбылты Вася.

                                              ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.