Cусæггаг никæмæн у æппынæдзух хæстон уавæрты кæй цардыстæм, уый æвзæрырдæм кæй бандæвта нæ республикæйы алы къабазыл, уыцы нымæцы ахуырады къабазыл дæр. Фæлæ, дам, фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы. Стыр Уæрæсейы æххуысæй ныр 14 азæй фылдæр нæ сывæллæттæ нал хъусынц алыгъуызон хæцæнгæрзты гуыбар-гуыбурмæ æмæ æдæрсгæйæ уайынц се скъолатæм. Кæд 2008 азы августы хæсты рæстæджы тынг бахъыгдард сты нæ ахуырадон уагдæттæ, уæддæр бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, сындæггай сæ гаччы æрбадтысты нæ ахуырадон уагдæттæ, кæцытæй бирæты ныртæккæ ис раздæрæй хуыздæр уавæртæ.

2008 азы августы тугуарæн хæсты фæстæ нæ горæты 12-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ цыппар азы дæргъы  ахуыр кодтой 5-æм æмæ 11-æм скъолаты. Фæлæ æппынфæстагмæ 2012 азы 12-æм скъолайы кæрты айзæлыд фыццаг дзæнгæрæг. Скъола капиталонæй цалцæггонд æрцыд æмæ дзы ныртæккæ ис æппæт уавæртæ дæр ахуырадон процесс бæрзонд æмвæзадыл уадзынæн. Куыстуарзаг, æнгом педколлектив тырны йæ зонындзи-нæдтæ æнæвгъау сывæллæттæн бацамонынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Скъолайы разамынад æппæт дæр аразы, цæмæй ахуыргæнинæгтæ  ахуыры æмрæнхъ цæуой алыгъуызон кружоктæм æмæ афтæмæй сæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæной. Алыгъуызон кружокты æмрæнхъ дзы 2013 азæй фæстæмæ архайы  æрмдæсныйы кружок дæр. Хъæдæрмæгыл кусыны сусæгдзинæдтæ сывæллæттæн амоны æрмдæсны сылгоймаг  Коцты Дженни, кæцы йæ ахуыргæнинæгтæн цыбыр рæстæгмæ ссис сæ уарзон ахуыргæнæг æмæ хорз хæлары хуызæн. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æрмдæсны сылгоймæгтыл арæх кæй не ‘мбæлæм нæ республикæйы. Бафæндыд мæ ацы курдиатджын сылгоймагимæ æввахсдæр базонгæ уæвын. Уагдоны ахуырдзаутæн 5-æм къласæй 9-æм кълас-мæ  амоны фæллойы уроктæ. Кружоктæ та уадзы 3-æм къласæй 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæн. Уыцы бон дæр æй баййæфтон  йæ куысты уæлхъус, йæ алыварс йæ уарзон ахуыргæнинæгтæ, афтæмæй. Фæллойы урочы йæ дæсныйад амыдта 6-æм къласы ахуырдзаутæн. Сывæллæттæй алкæмæн дæр йæ разы цы хъæды лыггæгтæ уыд, уыдоныл тæвд згъæрæй афтæ лæмбынæгæй æмæ цымыдисонæй арæзтой алыгъуызон нывæфтыдтытæ, фигурæтæ æмæ мын мæ бацыд  уайтагъд хатгæ дæр нæ фæкодтой. Ахуыр-гæнинæгтæ æппынæдзух афæрс-афæрс кодтой сæ ахуыргæнæджы æмæ сын уый дæр æнæзивæгæй рæдауæй амыдта хъæдæрмæгыл кусыны сусæгдзинæдтæ.

Кружокмæ стыр райзæрдæйæ цæуынц куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр. Уагдоны схизæнты æмæ къæлидоры къултыл конд сты сывæллæттæн сæхи къухтæй хъæдæрмæгæй арæзт алыгъуызон куыстытæ.

…Æмæ разыны фæлгондз фæйнæджы гæбазыл

Коцты Дженни райгуырд горæт Цхинвалы. Ахуыр кодта, ныртæккæ йæхæдæг кæм кусы, уым – 12-æм астæуккаг скъолайы. Чызг хæрзчысылæй бауарзта нывкæныны аивад, хæрзчысылæй райхæлд йæ курдиат ацы къабазы. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, йæ уарзондæр предмет уыд нывкæныны урок. Æппындæр нæ фæллад ныв кæнынæй æмæ-иу цалдæргай сахатты йæ  къарандас йæ къухæй нæ ахауд алыгъуызон сурæттæ ныв кæнгæйæ. 12 азы йыл куы сæххæст, уæд бацыд нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны нывкæныны кружокмæ. Йæ сыхаг Санжеровкая Анастасия куыста ацы Галуаны нывкæныны кружокы ахуыргæнæгæй æмæ йын йæ куыстытæ куы федта, уæд æй бамбæрста, чызгæн йæ курдиат æрдзæй лæвæрд кæй у, уый æмæ йæ фæхуыдта йæхимæ кружокмæ. Дженни дæр райзæрдæйæ цыд кружокмæ.  8-æм кълас каст куы фæцис, уæд бацыд Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ, уым ын сæ зонындзинæдтæ амыдтой æвзыгъд нывгæнджытæ Пухаты Илья, Абайты Лев æмæ æндæртæ. Фæлæ ахуыргæнæндоны дыууæ азы сахуыр кæныны фæстæ чызджы йæ цардуагон уавæртæм гæсгæ бахъуыд йæ ахуыр ныууадзыны сæр. 1991 азы 18-æм апрелы гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй фæмард йæ мад Коцты Дуня, цыдис ыл æрмæстдæр 37 азы. Сылгоймаг куыста Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы æмæ йыл знаджы нæмыг сæмбæлд Хъайтарты уынджы куыстмæ фæцæйцæугæйæ. Рынчындонмæ ма йæ бæргæ аластой, фæлæ дохтырты бон дæр нал бацис йæ фервæзын кæнын. 14-аздзыд Дженни йæ тæккæ мадуарзыныл куы уыд, уæд баззад сидзæрæй, бæргæ ма-иу æй агуырдта цæстæй хæдзары къуымты, фæлæ…

Чызджы йæ мадыхо акодта Тюмены областмæ, уым каст фæцис 9-æм кълас дæр. Ахуыры азы фæуды йæ æркодтой Цхинвалмæ, æмæ сын фæстæмæ нал акуымдта, æрцард йæ мады мад Тадтаты Нинæмæ. Дженни та фæстæмæ бацыд нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй. Ахуыргæнæндоны ахуыр кæнгæйæ, фыццаг хатт федта хъæдæрмæгæй Цхуырбаты Тамерланы куыстытæ æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Уыцы бонæй фæстæмæ райдыдта архайын ацы къабазы, цыран ын йæ зонындзинæдтæ бацамыдта æвзонг техникты станцы ахуыргæнæг Козаты Æхсар. Йæ фыццаг куыст, хъæдын уидыг  сарæзта Цхуырбаты Тамерланы къухдариуæгадæй. Уæдæй фæстæмæ бæстондæрæй æрæвнæлдта хъæдгуысты дæсныйадмæ æмæ йын бирæ  бантыст саразын. Йæ дæсныйад афтæ тынг уарзы æмæ дзы фæллайын нæ зоны. Дженнийæн йæ куыстытæ æвæрд æрцæуынц алыгъуызон равдыстыты, кæцытæй йын бирæты балхæнынц цæрджытæ. Цæрджытæй йæм бирæтæ бахатынц, цæмæй сын сæ закъазмæ гæсгæ сараза алыгъуызон хъæдæрмæгæй фигурæтæ. Аразы ма орнаменттæ дæр. Нæ горæты  иу цæрæгæн йæ хæдзары хъæдын асинтыл  сарæзта тынг рæсугъд орнаменттæ æмæ йын йæ куыстæй  баззад райгондæй. Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй Дженнимæ хæрзæвзонгæй бавнæлдта хъысмæт йæ дæрзæг къухтæй, бирæ уæззау цæрдтытæ фæкодта, бирæ цæссыг фæкалдта ацы зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг, фæлæ уæддæр бафæрæзта царды зындзинæдтæн. Сидзæр чызг нæ фесæфта йæ зæрдæхæлардзинад, йæ адæймагдзинад æмæ царды ссардта аккаг бынат. Мæнæ куыд фæдзурынц, зæгъгæ, йæ дыууæ къухæй дæр йæхи фæдардзæнис, ахæм сылгоймагæй ныллæууыд Дженни.

Ахуыргæнинæгтæ афтæ тынг бауарзтой хъæдæрмæгимæ архайын æмæ сæ бирæты фæфæнды сæрдыгон улæфтыты рæстæджы дæр сæ уарзон кружокмæ цæуын. Фæзæгъы, зæгъгæ, сæ чизоны сомбоны исчитæ суой æрмдæсныйы специалисттæ. Афтæ тынг сын бауарзын кодта йæ дæсныйад æмæ йæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ систы нывгæнджытæ.

Кружок раздæр уыд, скъолайы 2-æм уæладзыджы сын цы сæрмагонд хатæн  уыд, уым. Фæлæ ныр та ахуыргæнинæгты ахуыр кæны, скъолайы кæрты  цы иууæладзыгон чысыл бæстыхай ис, уым. Ам сын кусынæн ис бирæ хуыздæр уавæртæ. Уым уагъд фæцæуынц фæллойы уроктæ дæр. Хатæны æмæ къæлидоры къултыл конд сты хъæдæрмæгæй сывæллæтты арæзт алыгъуызон фигурæтæ, куыд, зæгъæм, сылгоймаджы сурæт, ирон стилыл хæри-нагаразæн мигæнæнты æмбырдгонд, цæрæгойты нывтæ æмæ æндæртæ.

12-æм астæуккаг скъолайы алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы рæдау фысымтæ сæ уазджытæн балæвар кæнынц, ацы кружокы сывæллæттæ сæ ахуыргæнæджы æххуысæй цы диссаджы хъæдын дзаумæттæ саразынц, уыдонæй. Йæ куыстæй йын райгонд у скъолайы къухдариуæгад дæр. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын у бирæнымæц паддзахадон хорзæхтæй. 2021 азы Коцты Дженни ссис республикæйы «Азы дæсны»-йы адæймаг. Райгонд дзы сты йæ коллегæтæ дæр.

«Æнахуыр хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг сылгоймаг у. Йæ коллегæтæ йын иууылдæр кад кæнынц. Нæ уагдоны рауагъдон у. Скъолайы ахуыры рæстæджы дæр  уыд цæвиттойнаг. Фæлмæнзæрдæ сылгоймаг фæндаг ссары сывæллæтты зæрдæтæм. Уарзынц æй йæ хъомылгæнинæгтæ, йæ куысты фæллайын нæ зоны», – загъта  ахуырадон уагдоны скъо-лайæн æддейæ куысты фæдыл хайады сæргълæууæг Дзæгъиаты Еленæ.

Иу дыууæ азы размæ Уæрæсейы боны цытæн фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд «Цхинвайлаг Арбат». Хетæгкаты Къостайы уынджы бацæуæны сфæлыста курдиатджын æрмдæсны Коцты Дженнийы арæзт вывескæ «Цхинвальский Арбат», зæгъгæ, кæцыйы  сарæзта иу æхсæвмæ. РХИ-йы Культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады центр æрвылаз дæр республикæйы боны цытæн Ногдзауты парчы ауадзы мадзæлттæ, цыран алы хатт дæр йæ куыстытæ равæры Дженни дæр æмæ  равдыстмæ æрбацæуджытæ семæ æхсызгонæй базонгæ вæййынц. Бирæты зæрдæмæ афтæ тынг фæцæуынц æмæ йын дзы æлхæнгæ дæр бакæнынц. Йæ куыстытæ ма равæрд æрцæуынц республикæйы уагъдцæуæг æндæр мадзæлтты рæстæджы дæр. Ацы бонты Дженнимæ фæуазæг сты нæ горæты Æрыгон техникты станцы хъомылгæнинæгтæ æмæ уыдонæн дæр йæ зонындзинæдтæ цæстуарзонæй бацамыдта.

Дженнийы чызг Аннæ ахуыр кæны 12-æм астæуккаг скъолайы 9 къласы. Тынг хорз рæхсы нывкæнынмæ æмæ фидæнмæ фæнд кæны нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ бацæуын. Дженнийæн нæ зæрдæ  зæгъы æнæниздзинад, царды æппæт хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ йæ хъомыладон архайды.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.