Æрæджы Санкт-Петербурджы уагъд æр-цыд хореографион аивады æхсæнадæмон конкурс – фестиваль «Уæрæсейы уардитæ», зæгъгæ.  Фестиваль у æрвылазон æмæ дзы хайад райсынц сывæллæтты хореографион ансамблтæ.

Æхсæнадæмон конкурс-фестивалы кæс-тæр къорды конкурсы фыццаг хатт хайад райста нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы ансамбль «Кафт». Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг у РХИ-йы сгуыхт артисткæ Майя Четион. Ансамблы æвзонг хайадисджытæй бирæтæ кæд фыццаг хатт райстой хайад ахæм конкурсы, уæддæр сæ уый нæ бахъыгдардта сæ арæхстдзинад æххæстæй равдисынæн æмæ систы конкурс-фестивалы уæлахиздзаутæ.

Ансамблы хореограф Джиоты Къоста куыд банысан кодта, афтæмæй хуссар-ирыстойнаг сывæллæттæ конкурсы хайад кæй райстой, уый у хорз къахдзæф, уымæн æмæ фестивалы хайад райстой 38 хореог-рафион коллективы. Хуссарирыстойнаг сы-вæллæттæ сæхи равдыстой иттæг хорз,  базонгæ сты æндæр ансамблты сфæл-дыстадимæ дæр. «Сценæмæ рахизгæйæ, кæд фыццаг фæтыхстысты уый æппæт адæмы раз, уæддæр райхæлдысты æцæг уардитау æмæ сæ номыр сæххæст кодтой тынг хорз», – загъта уый.

Сывæллæттæ сæ дард балцæй æрæз-дæхтысты райгондæй, сæ балц сын сæ зæр-дæты ныууагъта стыр æмæ ирд тæлмæнтæ. Уыдонæн организаци æрцыдысты экскур-ситæ Санкт-Петербурджы фенддагдæр бы-нæттæм. Федтой Петропавловскы фидар, къниаз Юсуповы галуан, бацыдысты Писка-ревскы мемориалон уæлмæрдмæ, цыран ныгæд сты не ‘мбæстæгтæй Стыр Фыды-бæстæйон хæсты рæстæджы Ленинграды цур чи тох кодта знаджы ныхмæ æмæ уым чи фæмард сты, уыдонæй бирæтæ. Сывæл-лæттæ венок сæвæрдтой мемориалыл æмæ афтæмæй ссардтой се ‘мтуг фæмардуæвæг хъайтарты рухс нæмттæ.

Йæ хъомылгæнинæгты ралӕудӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, райгондæй баззад ан-самблы аивадон къухдариуæггæнæг Майя Четион дæр.

Хореографион ансамбль «Кафт» ма у дунеон фестиваль-конкурс «Черно-морский Олимп»-ы «Адæмон кафты» номи-нацийы Гран-прийы хицау, хорзæхджын у хорео-графион аивады конкурс-фестиваль «Розы обзора»-йы «Адæмон хореографи»-йы номи-нацийы Гран-прийæ дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.