5-æм январæй 8-æм январмæ Мæскуыйы уагъд æрцыд 26-æм Æппæтуæрæсейон фестиваль-конкурс «Рождественская елка «Казачий круг». Фестивалы хайад райстой 13 регионы – Алтай, Краснодар æмæ Красноярскы крайты, Калугайы, Кемерово, Ленинградаг, Липецкаг, Мæскуыйаг, Сахалинаг, Челябинскы областты, горæттæ Мæскуы æмæ Санкт-Петербург, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны фольклорон, хореографион коллективтæ æмæ солисттæ. Конкурсы хайадисджытæ архайдтой ахæм номинациты куыд, зæгъæм, вокал, хореографи, инструменталисттæ, фольклор æмæ афтæ дарддæр.

РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады хъомылад æмæ уæлæмхас ахуырады хайады хистæр Джиоты Эльзæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ ацы фестивалы фыццаг хатт нæ исынц хайад, уый размæ азты дæр бирæ хæттыты уыдысты йæ хайадисджытæ. Ацы аз фестиваль-конкурсмæ ацыд Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы хореографион коллектив скъолайы директор æмæ коллективы аивадон къухдариуæггæнæг Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй.   Цъинагайраг хореографион коллективы сконды уыдысты 11-æм къласы ахуырдзаутæ Куыдзеты Эльдар, Уалыты Дмитри, Наниты Мария. 10-æм къласы ахуырдзау Хуыбылты Аннæ, 9-æм къласы Джиголаты Аннæ, 8-æм къласы ахуырдзаутæ Хуыбылты Артур æмæ Куыдзеты Александр. Коллектив хайад райста хореографийы номинацийы. Цъинагайраг ахуырдзаутæ сæххæст кодтой «Хонгæ кафт» æмæ бацахстой 1-аг бынат. Хуыбылты Аннæ та акафыд солон кафт æмæ  бацахста 2-аг бынат. Уый размæ 2019 азы ноябры Цъинагары астæуккаг скъолайы ансамбль хореографион кафты республикон фестивалы призон бынат кæй бацахста, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад аскъуыддзаг кодта, цæмæй Мæскуыйы уагъдцæуæг фестиваль-конкурсмæ ацыдаид Цъинагары астæуккаг скъолайы хореографион коллектив дæр. Джиоты Эльзæ загъта: «Цъинагайраг скъоладзауæ республикон конкурсы сæхи хорз кæй равдыстой, уымæ гæсгæ сæ мах сразæнгард кодтам æппæтуæрæсейаг конкурсмæ балцы ацæуынæй. Мæскуыйы уагъдцæуæг фестиваль-конкурсы дæр сæхи равдыстой тынг хорз æмæ нын уый у тынг æхсызгон. Ирдæй зыны сæ къухдариуæггæнæг Гуссойты Ласко тынг хорз кæй кусы йæ хъомылгæнинæгтимæ, уый».

Гуссойты Ласко куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сывæллæттæ сæ дард балцæй æрыздæхтысты тынг райгондæй, фестиваль сын сæ зæрдæты ныууагъта ирд тæлмæнтæ. «Скъоладзаутæн организаци æрцыд хъæздыг экскурсион программæ. Æрвылбон дæр сывæллæттæн уагъд цыдысты экскурситæ Мæскуыйы фенддаг бынæттæм. Уыдысты Кремлы территорийыл, Третьяковы галереяйы, историон музейы, киноконцерн «Мосфильм»-ы. Бацыдысты Кремлы назбæласмæ дæр æмæ бакастысты ногазон равдыстмæ. Фестивалы хуыздæр коллективтæн ма организаци æрцыдысты балцытæ Уæрæсейаг æфсæддон-историон æхсæнады æфсæддон формæйы ног музеймæ. Гуссойты Ласко куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахуырдзаутæ цардысты уазæгдон «Салют»-ы, цыран сын уыд æппæт уавæртæ дæр. Иудзырдæй, скъоладзаутæ Мæскуымæ сæ балц бахъуыды кæндзысты цæрæбонтæм. Иумиагæй Хуссар Ирыстонæй фестиваль-конкурсы хайад райстой 20 скъоладзауы. Скъола «Альбион»-ы ахуыргæнинаг Битеты Вероникæ та вокалы номинацийы бацахста 2-аг бынат.

6 æмæ 7-æм январы уыд фестивалы конкурсон программæ, кæцыйæн аргъ кодта профессионалон жюри, ахæм зынгæ адæймæгты скондæй, куыд, зæгъæм, патриотон хъомылады æмæ туризмы центр «Зарница»-йы директор, Кубаны курортты æмæ туризмы сгуыхт кусæг Нина Лопатина, Кубаны аивæдты сгуыхт архайæг, Кубаны хъазахъхъæгты хоры скъолайы педагог-хореограф Геннадий Князьков, Уæрæсейы ДОСААФ-ы сæрдары хæдивæг – статс-секретары æххуысгæнæг Валери Анненко æмæ æндæртæ.

Фестивалы гала-концерт уыд 7-æм январы уазæгдон «Салют»-ы. Конкурсон программæйы фæстиуджытæм гæсгæ 1-аг æмæ 2-аг къæпхæны, афтæ ма призон бынæттæ бацахсæг лауреаттæн лæвæрд æрцыдысты зæрдылдарæн кубоктæ, дипломтæ æмæ Кады грамотæтæ, уыцы нымæцы Цъинагары астæуккаг скъолайы хореографион коллективы минæвæрттæн дæр. Гуссойты Ласко куыд загъта, уымæ гæсгæ мадзалы рæстæджы Уæрæсейаг æфсæддон-историон æхсæнады сæрдары уынаффæгæнæг Ростислав Мединский банысан кодта, зæгъгæ, 1995 азæй фæстæмæ фестиваль «Рождественская елка «Казачий круг» æрæмбырд кодта 23 мин хайадисæджы, практикон æгъдауæй  Уæрæсейы æппæт регионтæй æмæ азæй-азмæ рæзы хайадисджыты цымыдисдзинад сæ бæстæты историмæ, сæ уидæгтæм.

 Фестивалы организатортæ уыдысты Иумиагуæрæсейаг æхсæнадон-паддзахадон организаци «Уæрæсейаг æфсæддон-историон æхсæнад», Уæрæсейы æмæ Фæсарæнты хъазахъхъæгты-хæстонты цæдис, автономон æнæкоммерцион организаци «Патриотон хъомылад æмæ туризмы центр «Зарница», педагогон центр «Каникулы» Уæрæсейы ДОСААФ-ы æххуысæй æмæ регионалон æхсæнадон организаци «Кубанское землячество».

Мадзалы хайадисджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Ростислав Мединский. Фестивалы сæйраг нысан у Уæрæсейы Федерацийы æмæ  æввахс фæсарæнты территорийыл цæрæг хъазахъхъæгты æмæ адæмты традицитæ æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныны бындурыл рæзгæ фæлтæры æмбæстагон-патриотон хъомылад.

Гуссойты Ласко бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрадæн, Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзауты ахæм бæрзонд æмвæзадыл уагъдцæуæг конкурсмæ кæй арвыстой, уый тыххæй.

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.