Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæ рагæй бæллыдысты сывæллæтты рæвдауæндоны сырæзтмæ. Уавæр бахынцыдтой нæ республикæйы Президент æмæ Ахуырады министрад æмæ 2017 азы астæуккаг скъолайы агъуысты байгом рæвдауæндон. Уыцы хъуыддаг тынг æхсызгон уыд куыд ныййарджытæ, афтæ кæстæртæн сæхицæн дæр æмæ дзы ныр цыппæрæм аз хъæлдзæгæй æрвитынц сæ рæстæг. Ардæм æрбахизгæйæ, адæймаджы зæрдæ барухс вæййы йæ райдзаст æмæ сыгъдæг хатæнтæй, алцы дæр дзы у нывыл æмæ бæстон.

 Рæвдауæндоны æдæппæт ис 24 сабийы æмæ сын ис алы уавæртæ дæр сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынæн. Бон сын хæрын кæнынц æртæ хатты, уыцы хъуыддагыл та зæрдиагæй архайы хæринагаразæг Бестауты Рая. Уый ам кусы йæ байгомæй фæстæмæ, зоны æмæ уарзы йæ дæсныйад, афтæ домы йе ‘мкусджытæ Тохъмайты Иннæ æмæ Цæриаты Алинæйæ дæр æмæ сабитæн æрвылбон дæр фæцæттæ кæнынц хæрзад хæринæгтæ. Рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ сæ цайдагъ кæнынц алыгъуызон хъæзтытыл æмæ сын уы-дæттæ та фадат дæттынц сæ физикон рæзт æмæ цайдагъдзинæдтæн. Хорз боныгъæдты сæ ракæнынц æддæмæ æмæ уым сæхи фæирхæфсынц æндæр æмæ æндæр хъазæнтыл. Семæ зæрдиагæй кусынц хъомылгæнджытæ Ходты С., Хуыбецты С. æмæ Хуыбиаты Р., ис сæм хъомыладон куысты хорз фæлтæрддзинад æмæ йæ не ‘вгъау кæнынц кæстæртæн. Уымæй дарддæр ма хъомылгæнджытæ хистæр къорды сабитæн фæуадзынц ахуыртæ, бæрæгбонон мадзæлттæм сын бацæттæ кæнынц æмдзæвгæтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Иудзырдæй, ацы уагдоны куыст у зæрдæмæдзæугæ, коллективы алы уæнг дæр йæ куыстмæ бæрндзинады цæстæй кæй кæсы, уымæ гæсгæ.

                                                            ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.