Нæ республикæйы разамынад æнæ хъусдард нæ уадзы хъæууон цæрджыты. Архайы хъæуты цард сæндидзын кæныныл. Чи сæ цæры, уыдоны царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Уымæн æвдисæн, фæстаг рæстæджы бирæ хъæутæм уагъд кæй æрцыдис нуазыны дон, арæзт сæм кæй цæуы фæндæгтæ. Мах ма æвдисæн стæм уымæн дæр, æмæ хъæууон цæрджытæн арæзт кæй цæуынц, гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы сын чи ныппырх сты, уыцы хæдзæрттæ, ивд цæуынц сæ хæдзæртты æмбæрзтытæ, райцентрты арæзт цæуынц бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, хъæуы кусынц хосгæнæн амбулаторитæ, рæзынц æндæр нысаниуæджы объекттæ.

Æппæт уыдæттæ ахъаз кæнынц хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæнынæн. Уымæн та нæй гæнæн, хъæууон цæрджытæн царды æмæ куысты уавæртæ арæзт куынæ цæуой, уæд. Уыцы нысанæн лæвæрд цæуы къаддæр проценттимæ кредиттæ æмæ хъæууон фæллойгæнджытæй бирæтæ сарæзтой чысыл фермерон хæдзарадтæ.

Йæхи фермерон чысыл хæдзарад чи райтынг кодта, уыдонæй сæ иу у Дзауы районы Тъонтъобеты хъæуы цæрæг Хъоцыты Шота дæр. Уый раджы бамбæрста, цард рæсугъдгæнæг фæллойгæнæг кæй у æмæ йæ чысылæй фæстæмæ йæ цард сбаста фосдард æмæ зæххы куыстимæ. Бирæ куыст ис хæххон хъæуы, æдзух хъуамæ змæлай, архайай, кусай, уымæйдæр, иуæй иннæ тыхдомагдæр куыстытæ. Фæлæ Шота фæллад нæ зоны, кæд ыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр. Сфæлтæрдта йæ хæххон уæззау цард.

Тъонтъобеты хъæуы бирæ цæрджытæ нал ис, адæймаг сæ йæ къухы æнгуылдзтыл банымайдзæнис, фæлæ раздæр ам цард цæджджинагау фыхтис. Цалынмæ советон дуг нæ ныппырх, уæдмæ хъæуы цæрджытæ сæ цардæй хъæстаг нæ уыдысты. Фосдард æмæ зæххы куыст – уыдон уыдысты тъонтъобеттæг-ты царды фæрæз æмæ фылдæр кодтой сæ иумæйаг фосы нымæц, куыстой сæ хуымзæххытæ. Аф-тæмæй сæ цард хуыздæрæй хуыздæр кодта. Сæ хъæуы фермæйы цы ставдкъах фос дардтой, уым куыстой Шотайы ныййарджытæ Шура æмæ Катя дæр. Арæх сæм цыдис Шота чысылæй фермæмæ æмæ сын æххуыс кодта фосмæ зилынмæ, цыдис фыййау. Стæй, йæхи æмбарынхъом куы фæцис, уæд æй баурæдтой бригадирæй. Шота хорз æмбæрста, æрмæстдæр куыстуарзондзинады руаджы кæй ис цард саразæн æмæ куысты æрæнцой нæ зыдта. Йæ фыд Шураимæ систы колхозы раззагондæр фосдарджытæй. Фæлæ фехæлд советон цардæвæрд æмæ уыимæ та сæ иумæйаг хæдзарад. Сæ колхозы фермæйы фос баззадысты æнæ хицауæй æмæ сæ Шура райста арендæйы, æххуыс ын кодта йæ фырт Шота дæр, цы кусджытæ дзы куыстой, уыдон дæр сæ куыст дарддæр кодтой. Иу ахæмы хъæубæстæ сфæнд кодтой ногæй иумæйаг хæдзарад саразын, фæлæ та фæстæдæр фехæлд, уымæн æмæ стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныппырх сæ фермæ дæр. Фос цæмæй æнæхицауæй ма баззадаиккой, уый тых-хæй сæ байуæрстой хæдзаргай æмæ дзы чи 2 акодта, чи та – 3 стуры. Афтæмæй фæстæмæ алæууыдис Тъонтъобеты хъæууон хæдзарад, стæй бынтондæр фехæлд. Ахæм уавæры æрмæст Тъонтъобеты иумæйаг хæдзарад нæ бахауд, фæлæ нæ республикæйы районты хъæуты иумæйаг хæдзарадтæ дæр.

Рæстæг цыд æмæ та нæ республикæйы разамынад архайдта ногæй хъæууон цæрджыты цардуавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Уыцы нысанæн æлхæд æрцыдис хъалмыхъаг фосы мыггаг æмæ хъæууон цæрджытæй кæй фæн-дыд чысыл фермерон хæдзарад райтынг кæнын, уыдонæн лæвæрд æрцыдысты. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон къух нæ радтой фермертæн, нæ æрцахуыр сты мах климатон уавæртыл æмæ сын мардысты, чи дзы аирвæзт, уыдон дæр уыдысты зын архайд. Уыцы фосы мыггагæй 25 сæры бæрц райста Шота дæр. Мæлгæ дæр ын дзы акодта, фæлæ ма балхæдта ам, нæхи бынæттон фос дæр æмæ йын баисты 75 сæры бæрц. Фæлæ уыдон иууылдæр уыдысты хуыскъаг фос. Шота бамбæрста, уыдонимæ  дуцгæ хъуццытæ дæр æнæмæнг кæй хъæуы скæнын. Фыдызгъæлы æмрæнхъ фæлхасгæнджытæ зæрдæйæ кæй фæагурынц хæрзгъæд цыхт дæр æмæ ауæй кодта йæ хуыскъаг фосæй, цæмæй сын сæ бынатмæ балхæна хорз мыггаг хъуццытæ. Ам æм йе ‘ххуысы къух фæдардта Дзауы администрацийы разамынад дæр. Рахицæн ын æрцыд 350 мин сомы кредиты хуызы æмæ  райгондæй баззадис Шота.

Зымæгмæ сæрды кæй хъæуы цæттæ кæнын , уый хорз æмбары Шота. Æмæ ныр кусы йæ фосæн холлаг æрцæттæ кæныныл. Ам æм се ‘ххуысы къух фæдарынц йе ‘мкъай æмæ йæ дыууæ фырты.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.