Знон Хуссар Ирыстоны Президент фембæлд Къостайыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны коллективимæ. Президент сывæллæттæн балæвар кодта бирæ алыгъуызон хъазæнтæ. Уый фæстæ ныхас кодта сывæллæтты рæвдауæндоны директор Тыбылты Алексеимæ. Уый Президентæн радзырдта, сæ куысты цы цухдзинæдтыл æмбæлынц, уыдоны тыххæй.

Рæвдауæндоны кæрты нæй фаг хъазæнтæ сывæллæттæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ хъæуæй бирæ хъомылгæнджытæ сæ сывæллæтты кæнынц горæты рæвдауæндæттæм æмæ уый дæр æндавы сывæл-лæтты бæрцыл. Уымæй дарддæр ма рæвдауæндоны директор банысан кодта, рæвдауæндонмæ бацæуæн фæндаг сæдæ метры бæрц кæй хъæуы сасфальт кæнын, кæннод сывæллæттæ къæвда рæстæджы цъыф сæ къæхтыл фæхæссынц рæвдауæндонмæ.

Йæ рады Президент ныфс бавæрдта, уыцы цухдзинæдтæ иуварс кæй æрцæудзысты, уымæй.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.