Лæгæй исты куы сриссы, уад зæххы цъарыл йæхицæй æнамонддæр æмæ мæгуырдæр никæй фенхъæлы. Дуг размæ цæуы æмæ йемæ ногæй-ногдæр кæнынц медицинон технологитæ. Фæлæ низты нымæц цыма нæ къаддæр кæны, афтæ зыны. Æвæццæгæн, раздæрау, ныр дæр иттæг ахсджиаг у хорз, дæсны дохтыр ссарын, дæ низы хатт дын чи сбæлвырд кæна æмæ дын æмбæлон æгъдауыл чи схос кæна, ахæм. Кæннод де ‘нæмаст, æнæрисгæ цардæн хæрзбон зæгъ! Хæрзаг газеткæсæг зæгъы: «Мæнæ цы зондджын разындтæ, дæу йеддæмæ ничи зоны æмæ ничи æмбары хорз дохтыры нысаниуæг!» О, уый раст у, фæлæ ацы фарсты фæдыл мæнмæ дзуринæгтæ ис, æмæ сын æнæзæгъгæ нæй. Уадз, нæ дзыллæ зоной: ис нæм иттæг дæсны дохтыртæ!

Цæвиттон, поэт рæстмæ æмдзæвгæтæ фыссын куы нæ зона, уæддæр адæмæн уыйбæрц зиан нæ хæссы. Уыйхыгъд дохтыр йæ хъуыддаг нæ зоны – дæ балгъитæг дæр афтæ!!! Амæй размæ тынг æрбарынчын  дæн: бæрзæй, уæхсчытæ, цæнгтæ, къухы хилтæ, къæхты тъæпæнтæ риссын райдыдтой цадæггай. Фæстагмæ рыст афтæ сытынг æмæ йын бауромæн æппын нал уыд. Нал мæ æхсæв фынæй уагъта, нал къух дзыхмæ схæссын. Загътон, фесæфтæн,  цæнкуыл кæндзынæн. Гъе, афтæ райдыдта мæ таурæгъ, рынчындонмæ цæуыны таурæгъ. Кæмæйдæр æрыхъуыстон, зæгъгæ, æрыгон арæхстджын невролог кусын райдыдта нæ рынчындоны æмæ æз дæр мæ сæр ууыл бафтыдтон. Ныхас дардыл у, фæлæ йæм фæхос кодтон иу-цыппар мæйы бæрц: уыйбæрц хостæ фæнуæзтон, су-дзинтæ мын кодта мæ уæхсчытыл. Цыдтæн æм зынтæй, тухигæнгæ, лæдзæджы ‘нцой, къул-къул, кæнæ мæ чызджы цонгыл хæцгæйæ. Мæ хуызæн рынчынтæ йæм тынг бирæ цыд, сæ фылдæр – ацæргæ адæм, рады лæууынæй-иу хатт боны æмбис аивгъуыдта… Йæ бон ницы ссис саулагъз чызг-неврологæн, мæ диагноз мын нæ базыдта, зæгъгæ, дæ æрхæджытæ риссынц, нæ зонын, дæхи æндæр искæмæн фенын кæн. Мæхи баппæрстон горæты поликлиникæмæ, уым мæ федта æндæр невролог, рафыста мын уый дæр йæхирдыгон хостæ… Никуы æмæ ницы, фыдрыстытæ не ‘нцадысты. Дæхи, дам, ревматологæн фенын кæн, уæртæ йæ кусæнуаты. Балæууыдтæн та уый къæсæрыл дæр. Æрыгон, мæллæджытæ арæзт чызг мæ ‘рысгæрстытæ кодта, зæгъгæ, мæ зæрдæ ревматизммæ æхсайы, фæцу, дам, фæстæмæ рынчындонмæ  æмæ  анализ скæн,  уым  разындзæнис. Ницы разындис анализы. Бадис кодта йæхæдæг дæр  дохтыр, мæгуыр, æмæ мын рафыста рыстуромæнтæ. Фæлæ, марадз зæгъ. Ницыуал зыдтон мæ сæрæн, риссын, мæлын, фæлæ æххуыс никæцæй арын… Фыртыхстæй мæхи баппæрстон хирургмæ, уый афтæ бакодта, зæгъгæ, мæнмæ нæ хауыс, æндæр искæмæн дæхи фенын кæн æмæ фæччыгъæдæн рыстуромæнтæ (растдæр зæгъгæйæ – луайы хостæ) рафыста. Уый фæстæ бахаудтæн травматологмæ. Нæ мын аирвæзтис Мæскуыйы микрорайоны медицинон клиникæ дæр. Консультацийæн хъуыд æхца бафидын (иу мин сомы), фæлæ мæ уый кæм баурæдтаид, тыхст лæг, дам, йæхи сындзджын арты дæр баппары. Бирæ æппæлæн ныхæстæ фехъуыстон ацы клиникæйы неврологы тыххæй. Йæ ахаст мæ зæрдæмæ фæцыдис, æркæстытæ мæм кодта, басгæрста мæ, ныфс бавæрдта схос мын кæнынæй. Иу стыр гæххæттыл мын рафыста хостæ. Уым уыдис: судзинтæ, капельницæтæ, рухсытæ, рыстуромæнтæ (иутæн се ссарын мæ къухы рæхджы нæ бафтыд). Сæрмагондæй схуыссыдтæн рынчындоны, райдыдтон та «хос кæнын», мæгуыр мæ бон… Хуыздæр æнхъæл бонвыддæр кодтон, уæнгты æппындæр тых нал баззад, æхсæв-иу мæ рыстытæ ноджы фæтынгдæр сты, рабад æмæ та хъæрзгæ агур медицинон хойы, рыстуромæн судзин дын сараза (иттæг хорз мæм кастысты иууылдæр, сæ бинонты хурæй æфсæст уæнт). Цыбырдзырдæй, дæс боны фæсадтæн рынчындоны. Тыхамæлттæй, куыддæрты мæ хæдзармæ бафтыдтæн цудтытæгæнгæ æмæ кæуынтыл фæдæн. Æвæццæгæн, Хуыцау бафæллад мæ хъизæмæрттæм кæсынæй æмæ мын Тъехоны дзыхæй бацамыдта мæ ирвæзынгæнæг дохтыр Санахъоты Тамарæйы. Куыд бахаудтæн УЗИ-йы къабинетмæ, уый нал хъуыды кæнын, мæнмæ гæсгæ мын дохтыртæй кæцыдæр бацамыдта, зæгъгæ, хуылфыдзаумæттæн УЗИ скæн. УЗИ-йы дохтыр, уæздан адæймаг, йæ хъуыддаджы дæсны, Тъехон мæ диссæгтæм лæмбынæг байхъуыста æмæ афтæ бакодта, зæгъгæ, ам нæхимæ, 4-æм уæладзыджы ревматолог куы бады, Санахъоты чызг, уымæ ма схиз. Раст зæгъгæйæ, мæн æппындæр ныфс никæмæй уал уыд, зæгъын мæ сæр Цæгат Ирыстонмæ айсон, уым фенын кæнон мæхи. Цы уа, уый уæд, бафæлварон ма фæстаг хатт! Балæууыдтæн Санахъуены кусæнуаты къæсæрыл. Хæрзконд æвзонг сылгоймаг урс халаты бадт йе стъолы фарсмæ. Ныфссастæй радзырдтон мæ низы хабæрттæ, мæ фыдæбæттæ. Лæмбынæг мæм фехъуыста, æмæ бауайдзæф кодта, зæгъгæ, ды мæ рынчын дæ æмæ неврологтæм хъуамæ ма цыдаис. «О, раст загътай, фæлæ цы æнхъæл уыдтæн ам дæхуызæн хорз дохтыр-ревматолог бады! (уый мын фæсхуымелойы ныхæстæ сты). Ныр та кæсут, газеткæсджытæ, Санахъуены архайдмæ: ацу ныртæккæ, зæгъы, æмæ дæ къухтæн (армы тъæпæнтæн) рентгены къам скæн, схæсс æй мæнмæ, мæ зæрдæ ‘хсайы ревматоидон артритмæ.

Ацы чызг, иннæты уæлдай, æндæр цыдæртæ куы амоны, зæгъгæ, ахъуыды кодтон мæхинымæр, æмæ ныххызтæн бынмæ, скодтон рентгены къам мæ къухтæн. Къамы бын суыдтон рентгенолог-чызджы фыст диагноз: ревматоидный артрит! Къамы иттæг ирдæй разындысты ме ‘нгуылдзты зылын-мылын стджытæ! Санахъоты чызгмæ уæлдай митæ нæй, цы дзуры, уый фидар æмæ æнæ дæлæ-уæлæйæ, йæ коммæ нæ бакастæ, уæд дын уайдзæф дæр бакæндзæнис. Рафыста мын иттæг æнцон аразæн «хостæ»: æрмæст иу-æртæ хуыз таблеткæтæ, зæгъгæ, адон фен, æмæ мæм дыууæ къуырийы фæстæ фæбæрæг кæн, куыд дæ, уый. Нæ уæ бауырндзæнис, фæлæ къуырийы фæстæ мæ рыстытæ банымæг сты, мæ бон ссис мæ дзыхмæ мæ къух сисын. Мæ цинæн кæрон нал уыд! Дыууæ къуырийы рацыд, стæй дыууæ мæйы, стæй дæс мæйы… Уыцы рæстæджы мæ дохтыр (æз æй ныр мæ дохтыр хонын) рæстæгæй-рæстæгмæ иу хос иннæмæй баивы, йæ хъус мæм лæмбынæг дары, дыууæ мæйы мын иу хатт саразын кæны анализтæ, туджы æвдисæнтæ бабæрæг кæны æмæ ныр æнæрисгæ цæрын. Йæ рафысгæ хостæ зынаргъ не сты, æнцонæй сын ис ссарæн нæхи афтиæгты. Афтæ у, гъе, бæлвырд диагноз сæвæрыны нысаниуæг. Уæд хостæ дæр нысаныл сæмбæлынц æмæ лæг йæ хъизæмæрттæй, йæ рыстытæй фервæзы æмæ та йæхи алкæмæй мæгуырдæр нал æнхъæлы! Ногæй та царды ад банкъары! Бафарстон мæ хорз дохтыры, зæгъгæ, анализы цæмæннæ разындис мæ низы хатт, æви йæ дæ коллегæ (поликлиникæйы дохтыр) нæ федта!? Тамарæ бахудтис æмæ мын бамбарын кодта, дæ низ, дам, дыууæ хуызы вæййы, сæ иу анализы нæ бæрæг кæны, хъуамæ æнæмæнг саразай рентгены къам, уым сбæлвырд вæййы. Ныр та уын мæхи бацамонон, æз дæн пенсиисæг. Мæ донæй дæр кувын мæ дохтыр Санахъоты Тамарæйæн æмæ йын зæгъын стыр, æнæкæрон бузныг! Бирæ йын бантысæд йæ фæрнæйдзаг куысты æмæ кæддæриддæр рухс кæнæд йе ‘ввахс хиуæтты æмæ йæ рынчынты зæрдæтæ!!!

Багаты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.