А.П. Чехов дзырдта, зæгъгæ, дохтыры професси у сгуыхтдзинад. Дохтыры професси домы уды æмæ хъуыдыты сыгъдæгдзинад, зонды ирддзинад. Дохтыр  монон æгъдауæй хъуамæ уа сыгъдæг. Дохтыр рынчынмæ хъуамæ дара ахæм аудгæ ахаст, раст цыма йæ разы  йе ‘ввахс адæймаг ис.

Фæстаг азты республикон соматикон рынчындоны коллектив баххæст бирæ æвзонг курдиатджын дохтыртæй. Уыцы курдиатджын дохтыртæй сæ иу у республикон рынчындоны неврологон хайады дохтыр Къудухты Валя. Уый нырма кæд æвзонг у, уæддæр ын йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ фæлтæрддзинадмæ бирæтæ батæхуды кæндзысты. Ацы зæрдæхæлар сылгоймаг 2002 азæй фæстæмæ, ныр 15 азы бæрц лæггад кæны нæ республикæйы тыхст уавæры бахауæг адæймæгтæн, нæдæр ын æхсæв ис æмæ нæдæр бон, афтæмæй.

Цафонфæнды дæр æм ма бахат тыхст рынчынæн баххуыс кæныны тыххæй, фæнды æрдæгæхсæв, фæнды райсом раджы, уæддæр Валя алы хатт дæр цæттæ вæййы йæ лæггады хай бакæнынмæ. Уымæн алы хатт дæр йæ зæрдыл лæууынц профессор Н.Н. Петровы ныхæстæ, зæгъгæ, рынчынмæ дæр ахæм ахаст, раст цыма дæ разы сынтæгыл хуыссы де ‘ввахс адæймаг. Валяйæ йæ рынчынтæ сты тынг райгонд йæ аудгæ æмæ фæлмæн ахасты тыххæй.  Арæх æй бахъæуы рынчынтæм дæрддзæф рæттæм куыд Гром, Горет,  Знауыр, Къуайсамæ ацæуыны сæр дæр. Никуы ма уыд афтæ æмæ искуы искæмæн базивæг кæна дард ранмæ ацæуыны тыххæй дæр, кæд ын æнахъом сабитæ ис, уæддæр.

Ацы уацы автор йемæ базонгæ йæ царды трагикон бонты 2010 азы сентябры мæйы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мæ цардæмбал Хуриты Гиви æнæнхъæлæджы куы фæрынчын, уæд фараст боны баззадыстæм неврологон хайады. Гивийæн кæд йæ хосгæнæг дохтыр æндæр уыд, уæддæр-иу Валя радгæс дохтыр куы уыд, уæд-иу уайтагъд нæ уæлхъус алæууыд. Мæ цардæмбал куы фæрынчын, уæд фыццаг бонты йæ туджы æлхъывдад уыд бæрзонд æмæ йын нæ нормалон кодта, кæд ын алыгъуызон таблеткæтæ йе ‘взаджы бын æвæрдтой, уæддæр. Иу бон та Къудухты Валя уыд радгæс дохтыр æмæ йын саразын кодта, туджы æлхъывдад чи æппары, ахæм судзин чысыл дозæимæ. Бæргæ ма æрнормалон ис йæ туджы æлхъывдад, фæлæ уæдмæ низ йæ кæнон бакодта æмæ йын ницыуал баххуыс. Арæх ахъуыды кæнын, зæгъын, комкоммæ Къудухты чызгмæ куы бахаудаиккам,  уæд чизоны мæ цардæмбалæн æнæрæстæджы йæ цард нæ аскъуыдаид, фæлæ…

Къудухты Валя райгуырд горæт Цхинвалы. Скъоламæ цæуынхъом куы фæци, уæд бацыд нæ горæты 11-æм астæуккаг скъоламæ æмæ 1-æм къласæй суанг 11-æм къласмæ ахуыр кодта æрмæстдæр тынг хорз нысæнттыл. Уайтагъд цæстæвæрæн фæцис йæ ахуыргæнджытæн йæ диссаджы курдиат æмæ æвзыгъддзинадæй. Æвæццæгæн, никуы уыд афтæ, æмæ Валя иу бон дæр æдзæттæйæ æрбацыдаид скъоламæ. Абоны онг дæр æй нæ рох кæнынц йæ раздæры ахуыргæнджытæ.

1996 азы 11-æм астæуккаг скъола сыгъзæрин майданыл каст куы фæци, уæд бацыд Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон медицинон академимæ. Ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны дæр уайтагъд фæбæрæг йе ‘взыгъддзинад æмæ йын йæ ахуыргæнджытæ кодтой уæлдай кад. Æнæхъæн  æхсæз азы дæргъы йæ ныв конд уыд медицинон академийы къулыл, иттæг хорз кæй ахуыр кодта, уымæ гæсгæ. 2002 азы ацы медицинон академи сырх дипломыл каст куы фæци, уæд æрыздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта республикон соматикон рынчындоны реанимацион хайады дохтыр-реанимато-логæй, цыран бакуыста æхсæз азы бæрц, ома, 2009 азмæ.

2009 азы бацыд Павловы номыл Санкт-Петербурджы 1-æм медицинон институты неврологийы хайады ординатурамæ, кæцыйы æнтыстджынæй каст фæци дыууæ азы фæстæ. Ординатурамæ йæ арвыста РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад. Кæд æмæ уый размæ дохтыр-реанима-тологæй куыста, уæддæр рауад афтæ æмæ равзæрста неврологы дæсныйад. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ  гуырдзиаг-ирон хæст тынг бандæвта хуссарирыстойнаг цæрджыты æнæниздзинадыл, уыцы нымæцы Валяйы мад Хуыбылты Еленæйыл дæр. Хæстон уавæрты цардæн нал сфæрæзта сылгойма-джы æнкъараг зæрдæ æмæ йын  2008 азы 7-æм августы уыд инсульт. Иу мæй æмæ æрдæг комайы фæуыны фæстæ, цæрынхъуаг уарзæгой мады зæрдæ йæ кусынæй æрлæууыд 3-æм октябры, йæ хъæбулты уарзтæй нæ бафсæст, афтæмæй. Рауад афтæ æмæ мад йе ‘ртæ хъæбулы – дыууæ чызджы æмæ иу лæппуйы схъомыл кодта иунæгæй, стыр уаргъ хæссын йе уæхсчытæм æрхаугæйæ, фæлæ бафæрæзта æмæ сæ алкæйы дæр царды раст фæндагыл бафтыдта. Æртæ дæр фесты уæлдæр ахуыртæ æмæ адæмы рæгъы рацыдысты. Тынг фæхъыг кодтой сæ мадыл, фæлæ ма цы гæнæн уыд, хъысмæты раз балæууæн нæй.

Йæ ныййарæг мады тыхст уавæрмæ кæсгæйæ, Валя аскъуыддзаг кодта невролог суæвын, йæ уарзон мады уавæры бахауæг тыхст рынчынтæн æххуыс кæнын æмæ йæ фæнд сæххæст кæнын йæ къухты æфтгæ дæр бакодта. Ординатурайы ахуыр кæнгæйæ дæр уайтагъд фæхатыдысты сылгоймаджы æвзыгъддзинад. Ахуыр кодта ахæм зындгонд профессортæ, куыд Павловы номыл Санкт-Петербурджы 1-æм медицинон институты неврологон хайады сæргълæууæг, профессор Скоромец, профессортæ Шулешова, Казаков æмæ æндæртæм. Профессор Скоромец ирон курдиатджын сылгоймаджы æвзыгъддзинад куы фæхатыд, уæд æй урæдта аспирантурæйы сахуыр кæнынмæ, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, ома, йæ амонд кæй ссардта, уымæ гæсгæ  йæ бон не ссис уым æрлæууын. Профессор Скоробец тынг зындгонд адæймаг у, æнæхъæн Уæрæсейы институтты дæр ын ахуыр кæнынц йæ ахуыргæнæн чингуытæй æмæ ахæм адæймаг Валяйы зонындзинæдтæн кæй кад кодта, уый стыр хъуыддаг у.

Ординатурайы фæстæ 2011 азы кусын райдыдта республикон рынчындоны неврологон хайады дохтыр-неврологæй æмæ абон дæр цæсгомджынæй, Гиппократы ардбахæрд хъахъхъæнгæйæ, лæггад кæны тыхст уавæры бахауæг адæймæгтæн. Фæлæ æвзонг дохтыр ууыл не ‘рлæууыд, æппынæдзух кусы йæ зонындзинæдтæ баххæст кæныныл, рацæуы курсытæ дæр. Ацы аз 18-æм майæ та фæнд кæны Мæскуыйы иу мæйы бæрц сертификацион курсытæ рацæуын æмæ афтæмæй йæ  зонындзиндæтæ ноджы фæхъæздыгдæр кæнын.

Æнæскойгæнгæ мын нæй 2008 азы августы тугуарæн хæсты Къудухты Валя тыхст адæмы уæлхъус кæй лæууыд, уый тыххæй дæр. Иннæ дохтыртимæ ныккæнды уыд цалдæр боны  æмæ æххуыс кодта цæфтæн. Æххуыс кодта ныккæндмæ рынчынты ныккæнынæн, иста цæфты. «Иу ахæмы нæм уæззау цæфæй æрбаластой алагираг Æгъуызарты æвзонг лæппуйы. Йæ уавæр уыд тынг уæззау, бæргæ ма архайдтам йæ фервæзын кæныныл, æгæрыстæмæй, йын æз мæхæдæг туг дæр радтон, фæлæ…», – йæ зæрдыл æрлæууыд Къудухты чызгæн æмæ йæ цæсгом фенкъардгъуыз.

Къудухты Валя сылгоймаджы амондæй хайджын фæци. 2010 азы йæ цард баиу кодта Хуыгаты Сергейимæ, уый кусы горæт Цхинвалы администрацийы Культурæйы хæдзары сæргълæууæгæй. Дыууæ уарзæгой цардæмбалæн Стыр Хуыцауы цæст бауарзта æртæ хъæбулы – иу чызг æмæ дыууæ фырты æмæ амондджынæй цæрынц, кæд сын нырма сæхи цæрæнуат нæй, уæддæр сæ ныфс ис, нæ республикæйы къухдариуæгад сæ æнæ фатер кæй нæ ныууадздзæн, уымæй.

Къудухты чызджы уарзынц æмæ йын кад кæнынц æрмæст йæ пациенттæ нæ, фæлæ йæ коллегæтæ дæр. Мæнæ дзы цы дзуры йæ коллегæ, æвзонг дохтыр Тыджыты Виолеттæ: «Æртæ азы размæ рынчындоны неврологон хайадмæ кусынмæ куы æрбацыдтæн, уæд уым кусгæйæ баййæфтон Валяйы. Уый разынд диссаджы зæрдæхæлар адæймаг, уайтагъд иумиаг æвзаг ссардтам æмæ абон дæр цæрæм хæларæй. Тынг фæлмæн æмæ æнкъараг зæрдæйы хицау у Валя. Хорзæй дарддæр дзы ничи ницы зæгъдзæн. Сæйраджы сæйраг та йын тынг аргъ кæнынц йæ пациенттæ, баууæндынц ыл æмæ уый та хорз-æрдæм æндавы се ‘нæниздзинадыл. Бирæтæ йемæ афтæ схæлар вæййынц æмæ йын сæ царды сусæгдзинæдтæ дæр радзурынц».

Тынг райгонд дзы у ацы уацы авторы коллегæ Гуыцмæзты Евелинæ дæр: «Æз нырма Валяйы хуызæн аудаг дохтырыл никуыма сæмбæлдтæн. Уый у мæнæн мæ хуыцау урс халаты. Мæ протромбин бæрзонд кæй уыд, уымæ гæсгæ дыууæ азы размæ бахаудтæн неврологон хайадмæ Къудухты чызгмæ. Уый мæм æввахс хионау равдыста  лæмбынæг æмæ аудгæ ахаст æмæ цыма уымæй мæ низ бирæ фæрогдæр, афтæ мæм фæкаст. Æрмæст йæ дзыхы ныхас дæр цасдæры аргъ у. Æрвылрайсом дæр азилы  йæ рынчынтыл. Алкæйы дæр лæмбынæг бафæрсы, куыд бафынæй, цахæм зæрдæйы равгимæ райхъал, уыдæттæй. Боны мидæг-иу нæ цалдæр хатты абæрæг акодта. Уæдæй нырмæ афæдз  дыууæ хатты хос кæнын Валямæ. Иу дзырдæй, æвæццæгæн, ын дохтыры курдиат æрдзæй лæвæрд у».

Мæ иннæ коллегæ Дзебысаты Гулойы дæр бирæ хæттыты бахъуыд Валяйы сæр: «Мæ чызгæн æнæнхъæлæджы йе ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ нæ бирæ хæттыты бахъуыд Валяйы сæр. Уыдис-иу афтæ дæр æмæ-иу æм æхсæвы дыууæ сахатыл дæр бахатыдыстæм æххуысмæ. Фæлæ æнафоны дæр никуы базивæг кодта, уайтагъд-иу немæ фæцæуæг. Хорз адæймаг у».

Уæдæ, тыхст уавæры бахауæг адæмы ныфс дæ, Валя, æмæ бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæкус дæ ахсджиаг æмæ хъæуæг куысты. Арфæ дын кæнæм Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты цытæн. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.