Адæймагæн йе ‘нæниздзинадæй ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр ницы ис. Нæ адæм цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдоны фæстиуæгæн се ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, ууыл дзырд дæр нæй. Се ‘нæниздзинад фæцудыдта канд хистæр кары адæмæн нæ, фæлæ ма кæстæр суинаг фæлтæрæн дæр.

Фæстаг азты бирæ арæзт цæуы нæ цæрджытæн медицинон лæггæдты æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд цæуынц æндæр æмæ æн-дæр медицинон уагдæттæ, кæцыты ифтонг кæнынц нырыккон ифтонггæрзтæй, хъæууон бынæтты архайынц фельдшерон-аккушерон пункттæ. Бынæттон кадртæ кæй нæ фаг кæнынц нæ ног медицинон уагдæттæн, уымæ гæсгæ хъæуæг специалисттæ кусынмæ хуынд цæуынц Уæрæсейæ æндæр æмæ æндæр рæттæй. Уымæй дарддæр ма Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийы сæргълæудæй аскъуыддзаг кодтой, цæмæй хъæуæгдæр медицинон специалисттæ рæстæгмæ хуынд цæуой нæ республикæмæ æмæ сгарой, се ‘нæниздзинадæй чи хъаст кæнынц, уыцы цæрджыты. Уый йæ хъуыды раргом кодта нæ республикæйы разамынадæн æмæ ацы фæндыл райгондæй сразы сты.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр уал нæ республикæмæ фæхуыдта офтольмолог Джиоты Аннæйы. Уый ныр дыууæ къуырийы дæргъы исы нæ горæты цæрджыты æнæсцухæй æмæ сын сбæрæг кæны сæ цæстыты низыхатт. Æмæ райгонд сты æвзонг дохтырæй, йæ аудындзинадæй. Пациенттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй райсомæй 7 сахатæй слæууынц рады, къæлидорты æрлæууæнтæ дæр нал вæййы, фæлæ дзы æвзонг дохтыр иу дæр нæ аздахы – йæ куыст райдайы 9 сахатæй раздæр æмæ фæкусы изæры 8 сахатмæ.

Дохтыр йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йын боны дæргъы бантысы 48-50 пациенты бæрц басгарын æмæ сын æмбæлон хостæ рафыссын.

Дохтыр рынчынты сгары нæ горæты сывæллæттæн ногарæзт поликлиникæйы. Куыд зонæм, афтæмæй, уый та ифтонг у нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Ахæм нырыккон аппаратурæйæ ифтонг у офтольмологон кабинет дæр. Дохтыр сæм æркаст, йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты æмæ æвæстиатæй исын райдыдта пациенты. Йæ куысты йын стыр æххуыс сты ацы кабинеты дохтыр-офтальмолог Багианишвили Иннæ æмæ медицинон хо Тедеты Иринæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр фæнд кæны нырæй фæстæмæ дæр æндæр æмæ æндæр специалисты æрхонын. Æмæ уый хорз хъуыддаг у. Зæгъæн ис æмæ афтæмæй дохтыртæ сæ фæлтæрддзинадимæ кæй зонгæ кæнынц кæрæдзийы.

Джиоты Аннæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аппаратурæйæ сбæлвырдгæнæн ис канд цæстыты алыгъуызон низтæн нæ, фæлæ ма дзы ныккæсæн ис «Цæстыты бынмæ» дæр æмæ афтæмæй сæры магъзы низтæн дæр вæййы сбæлвырдгæнæн. Уымæй сисæн ис цæстыты къамтæ æмæ пациентæн фадат вæййы йæхæдæг дæр семæ базонгæ уæвынæн. Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ къуырийы дæргъы цы пациенттæ райста, уыдонæй бирæтæн рабæрæг цæстыты алыгъуызон низтæ.

Сæйраджыдæр, сбæрæг сты куыд катаракта, глаукома, централон дистрофикон сетчаткæ, периферион сетчаткæ, æввахсмæ æмæ дардмæ уынынад сбæлвырд кæнын. Пациенты лæмбынæг басгарыны фæстæ сæ операци кæй фæхъæуы, ахæмты дохтыр арвиты Дзæуджыхъæумæ, кæнæ та сæхи кæдæм фæфæнды, уырдæм. Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй сæ, сæйраджыдæр, арвиты йæхæдæг кæм кусы Дзæуджыхъæуы цæстыты уыцы клиникæмæ. Уымæн æмæ, зæгъгæ, зонын уым рынчынтæм кæй дарынц аудгæ ахаст, басгарынц сæ лæмбынæг æмæ сын лæмбынæг бамбарын кæнынц куыд хос кæнын сын хъæуы, уый.

Æмбæлы, æнæрынцойæ райсомæй-изæрмæ пациенттимæ чи архайы, уыцы æв-зонг дохтыры нæ газеткæсджытæн базонгæ кæнын.

Джиоты Аннæ райгуырд æмæ схъомыл нæхи горæты, дохтыр бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Джиоты Всеволод æмæ мад Уалыты Азæйы дæр хорз зонынц нæ горæты цæрджытæ. Азæ бирæ азты дæргъы фæкуыста нæ горæты поликлиникæйы æмæ йын, хъыгагæн, нæ бантыст фенын йæ чызг Аннæ дæр йæ цард кæй нывонд кæны йæ раттæг адæмы æнæниздзинадæн. Æгъатыр мæлæт æй аскъуыдта йæ хъæбултæй, йæ радтæг адæмæй. Аннæ бакаст нæ горæты гимназ «Рухс-ы æмæ сфæнд кодта уый дæр дохтыры дæсныйад райсын. Хорз æмбæрста дохтыры хæс бæрнон æмæ вазыгджын кæй у. Цæйбæрц хъару æмæ зонындзи-нæдтæ бахардз кæнын фæхъæуы, цæмæй рынчыны низ фæсурай æмæ йæ йæ къахыл слæу-уын кæнай, уымæн. Фæлæ низтæ дæр æмхуы-зон нæ вæййынц.

Дохтыртæ дæр æндæр æмæ æндæр низты фæдыл вæййынц, фæлæ се ‘хсæн цæстыты дохтырæн йæхи бынат ис. Æмбисондæн æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц, цæстырухсæй фæцæр, зæгъгæ. Цæстырухсимæ цæрынæн стыр нысаниуæг кæй ис, уымæ гæсгæ Аннæ сфæнд кодта цæстыты рухс йæ адæмæн дæттын æмæ бацыд ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ. Мæскуыйы та йæ ахуыр адарддæр кодта Гельмгольцы но-мыл Цæстыты низты фæдыл зонад-иртасæн институты. Йæ ахуыр фæуыны фæстæ, 2011 азæй фæстæмæ та кусы офтальмологон институты Цæгат Ирыстоны Цæстыты низты клиникæйы. Æмæ йын ныр фадат куы фæцис йе ‘мзæххон адæмæн балæггад кæнынæн, уæд стыр æхсызгонæй сразы уыцы хъуыддагыл, кæд райсомæй-изæрмæ йæ æртæ æнахъом фырты ныууадзы йе ‘ввахс хиуæттæм, йæ зæрдæ сæм фехсайы, уæддæр. Зæгъын хъæ-уы уый æмæ Аннæйы кæстæр фыртыл кæй цæуы æрмæстдæр афæдз æмæ æрдæджы бæрц. Фæлæ йын уый иу бон дæр нæ бакъуылымпы кодта йе ‘рцыд æмæ йæ пациенттæн зæрдиагæй балæггад кæныны хъуыддаг. Йæ иу бакастæй, йæ ныхасæй дæр бæрæг у, ацы æвзонг чызг кæй у хæларзæрдæ æмæ дохтыры сæйраг хотыхтæй хайджын – рынчынмæ мидбылхудгæ æмæ рæвдаугæ ахаст дарын. Уымæн æмæ Аннæ хорз бамбæрста, рынчынæн хатт хостæй рæвдаугæ ныхас тынгдæр кæй баххуыс кæны. Йæ пациенттæн та мидбылхудгæйæ фæзæгъы, зæгъгæ, кæм кусын, уырдæм дæр уæ куы фæнда, уæд æрцæут. Æз цæттæ дæн сымахæн æмбæлон æххуыс ба-кæнынмæ. Уый тыххæй дзы пациенттæ сты æгæрон бузныг.

Сылгоймаг, сæйраджыдæр, царддæттæг, къонайы хъарм, бинонты фарн хъахъхъæнæг у. Ацы æвзонг чызгæн бантыст канд йæ адæмы æнæниздзинадыл зæрдæбынæй аудын, сæ цæстырухс сын хуыздæр кæнын нæ, фæлæ йæхи сæрмагонд цард саразын дæр. Уый стыр хъуыддаг у. Æмæ Аннæйæн нæ зæрдæ зæ-гъы, йæ куысты хорз бæрæггæнæнтæй зæрдæрухс куыд уа, йæ бæрны рынчынты нымæц къаддæр куыд кæна æмæ йæ рæзгæ хъæбултимæ йæхæдæг дæр цæстырухсæй куыд цæра.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.