Дыууæ мæйы карантины фæстæ ногæй кусын райдыдтой республикæйы спортивон скъолатæ. Сæ архайд сног кодтой спортивон секциты фылдæр хай. Йæ хъомылгæнинæгты цæттæ кæнын райдыдта Хуссар Ирыстоны боксæй иууыл курдиатджындёр тренертёй сæ иу Бестауты Чермен. Йæ къухдариуæгады бын тренировкæ кёнынц 30 æвзонг боксерæй фылдæр.

«Мæ хъомылгæнинæгтæ тынг æрæмысыдысты сæ спортивон зал, се ’мгæртты. Арæх-иу мæм фæдзырдтой, æмæ-иу мæ фарстой кæд бакæндзыстæм зал, уый тыххæй», – зæгъы Бестауты Чермен.

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, боксертæн сæ физикон цæттæдзинад хорз уавæры нæй, фæлæ уыцы рæстæджы хæдзары архайдтой сæ физикон формæ бынтон ма фесафыныл.

«Алкæмæн дæр бацæттæ кодтон индивидуалон программæ хæдзары куыд хъуамæ тренировкæ кæна, уый тыххæй. Боксерты хистæр кары къордæн та бахæс кодтон, цæмæй фылдæр сæ хъус дарой физикон цæттæдзинадмæ. Уæззау тренировкæтæ сын нырма нæ уадзын», – банысан кодта Бестауты Чермен.

Æвзонг боксертимæ залы тренировкæ кæны фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан. Тренировкæты рæстæджы ма уый йæ хъус дары иннæ боксертæм, кæцытæ сты сæ спортивон фæндаджы райдианы. Афтæ ма сын бацамоны сæ рæдыдтыты тыххæй æмæ сын амоны куыд сæ хъæуы сраст кæнын, уый.

«Æвзонг спортсменты тынг разæнград кæны  семæ зындгонд боксер Тедеты Сослан кæй тренировкæ кæны, уый», – зæгъы Бестауты Чермен. 

Æвзонг тренеры ныфс ис æввахс рæстæджы йæ хъомылгæнинæгтæн бæрæг кæй фæхуыздæр уыдзæн сæ спортивон цæттæдзинад.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.