Адæймагæн йæ куысты хорз уавæртæ куы вæййы, уæд æнтысгæ куыстмæ разæнгарддæрæй бавналы æмæ йын зæрдæйы фæндиаг фæстиуджытæ дæр вæййы. Уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, алы уагдоны сæргълæууæг дæр фæархайы, цæмæй, гæнæн уæвгæйæ, куысты ахæм фадæттæй цух ма уа.

Уæхскуæзæй архайынц Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ахуыргæндтæ нæ ивгъуыд æмæ абоны царды алы фадгуытæ зонадон æгъдауæй сбæлвырд кæныныл. Фæлæ зæгъын хъæуы, тынг кæй тыхстысты, бæстыхай къорд азты тынг мæгуырау уавæры кæй уыд, уый аххосæй, уæлдайдæр та 2008-æм азы августы хæсты фæстæ. Уæд агъуыст тынг бахъыгдард, знæгтæ йын бахъыгдардтой канд йе ‘ддаг фасад нæ, фæлæ ма йæ уæлхæдзар дæр. Ацы фарсты тыххæй тынг тыхст директор Гаглойты Роберт, уымæн æмæ къæвда бонты кабинетты нæ уыд æрбадæн къæвдадоны аххосæй. Уымæ гæсгæ ахуыргæндты фылдæр хай сæ куыст æххæст кодтой хæдзарон уавæрты. Цухдзинад аиуварс кæныны тыххæй институты директор Гаглойы фырт бахатыд нæ Президент Бибылты Анатолимæ æмæ йын баныфсæвæрдта уавæр æрбæстон кæныны тыххæй. Уæд кусджытæ фæзындысты бынатмæ æмæ æрæвнæлдтой арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

 Райхæлдтой йын йæ зæронд уæлхæдзар æмæ йæ уый фæстæ сагъуыстой ногæй нырыккон арæзтадон æрмæгæй. Уыимæ бакуыстой æмæ ногтæй раивтой донцæуæн цыхцырджытæ дæр. Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй хæсты рæстæджы бæстыхайы раззаг фасад дæр тынг бахъыгдард. Уымæ гæсгæ йе схæрзарæзт кæныныл дæр хъуамæ аразджытæ бакусой ацы æввахс бонты, фæхуыздæр ын кæндзысты йе ‘рбахизæн дæр.

                                                                          ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.