Æрæджы нæ горæты Ветеранты советæн уыд æмбырд. Æмбырд байгом кодта советы сæрдары хæдивæг Козаты Павел. Уый æмбырды хайадисджыты базонгæ кодта, боны фæткы цы фарстатæ уыд, уыдонимæ. Павел банысан кодта, зæгъгæ, ветеранты райдиан организацитæ фæстаг азты дзæвгар сырæзт Уæрæсейы бирæ стыр горæттæ æмæ районты. Уый бафæзминаг хъуыддаг у æмæ махмæ дæр хъуамæ конд æрцæуа цалдæр ахæм органи-зацийы. Нæ адæм сæ хъысмæт бæттынц Уæрæсеимæ æмæ ахæм организацитæ арæзт куы æрцæуа, уæд уый нæ иумæйаг цардыл бандавдзæнис хорзæрдæм. Райдиан ветеранты органи-зацитæ хъуамæ конд æрцæуой Нæузæххонты уынджы, Текстил, ЦАРЗ æмæ Мæскуыйаг микрорайонты. Нæ фæнд æххæст куы æрцæуа, уæд уыдон бастдзинæдтæ сараздзысты сæ кæрæдзиимæ æмæ иумæйаг хъуыддагыл æндавдзысты хорзæрдæм. 

Горæты Ветеранты советы уæнг Джиоты Руслан та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ветераны ном райсын æмæ хæссын хуымæтæджы фарст нæу. Алы ветеран дæр стыр хайбавæрд бахаста йæ куыстуаты æмæ паддзахады рæзт æмæ размæцыдмæ. Ахæм адæймæгтæ рох уой,  хъусдард сæм ма уа, уый раст нæу. Абон не ‘хсæн дзæвгар ис, æхсæнадон царды йæхи активонæй чи равдиса, паддзахады рæзт æмæ размæцыдмæ стыр хайбавæрд чи хæсса, ахæмтæ æмæ нæ уыцы фадæттæ æмæ гæнæнтæй хъуамæ пайда кæнæм. Цы райдиан ветеранон организацитæ саразын фæнд кæнæм, уыдон сты æнæмæнгхъæуæг. Уымæн æмæ нæ ветерантæй иутæ аззадысты æнæхъусдардӕй, никæимæ æмбæлынц æмæ уымæй сæ зæрдæты уаг кæны мæгуырау æмæ æнкъарддæр. Ис дзы, алыгъуызон æххуыс кæй хъæуы, ахæмтæ дæр æмæ цы сфæнд кодтам, уый, сæйраджыдæр, фӕахъаз уыдзæнис ахæмтæн.

Уый фæстæ ветеранты фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцыдис Нæузæххонты районы райдиан ветеранон организаци. Йæ сæрдарæй нысан æрцыдис Хетæгкаты Владимир.   

Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.