Куыд æнæхъæн Уæрæсейы, афтæ Ирыстоны дæр уавæр кæны æвзæрдæр никотин кæм ис, уыцы æууилæн тамакотæ снюс æмæ насвайы аххосæй. Стыр хъыгагæн, уыдоны тыххæй абоны онг дæр Цæгат Ирыстоны бæлвырд закъон хаст нæма æрцыд товарты зилдухæй сæ сисыны тыххæй. Ацы наркотикон буарадтæ адæймаджы цардæн куыд тæссаг сты, организм куыд халынц, уый официалон уагæй бæрæг нæма æрцыд, афтæмæй сæфтмæ æркодта фæсивæды.

Ныридæгæн Уæрæсейы фæзынд уымæй амæлыны цаутæ. 300 сомы аргъ чысыл пакет сæ бон сæрибарæй æлхæнын у канд хистæртæн нæ, фæлæ сывæллæттæн дæр. Цалдæр хатты республикæйы Парламент арвыста Паддзахадон Думæмæ, цæмæй снюс æмæ насвайы скуынæг кæныны, наркотиктыл сæ банымайыны тыххæй закъон рахæссой, фæлæ абоны онг дæр хъуыддаг йæ бынатæй нæ фезмæлыд.

   Карз тох цæуы уыцы марæн таблеткæтæ цы дуканиты уæй кæнынц, уыдоны хицæутты ныхмæ. Уыцы хæс сæвæрдтой барадхъахъхъæнджыты, стæй ныййарджыты размæ дæр. Скъолаты цæуы профилактикон куыст, фæлæ æдзæсгæмтты æхца йедтæмæ ницыуал хъæуы. Уæй йæ кæнынц сусæгæй-æргомæй. Пайда та сын тынг у. Сывæллæттæ уыцы марг парахатæй æлхæнынц. Ахæм кæрдæг уæй кæнын æнахъомтæн кæй не ‘мбæлы, ууыл ничи хъуыды кæны.

   Исты мадзæлттæ райсыны тыххæй Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан æмæ ахуырады управленийы разамонæг Зинаида Ларионова фембæлдысты республикæйы скъолаты директортимæ дарддæры куыстæн план скæныны тыххæй. Фæрнийы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй скъолаты профилактикон куыст хъуамæ фæтыхджындæр кæной администрацийы æххуысæй.”Мах хъуамæ алы уавæртæ дæр саразæм рæзгæ фæсивæдæн, цæмæй ацы маргæй сæхи аиуварс кæной. Æмбарæн ныхас семæ, психологты æххуыс, стæй барадхъахъхъæнджытимæ куыстæн  хъуамæ хорз фæстиуджытæ уа. Алы скъолаты дæр ис камерæтæ æмæ курæг дæн сæ разамонджытæй, æркæсут-иу сæм бæлвырддæр. Æдзух æмæ æмхуызонæй куынæ архайæм, уæд нæ къухты ницы бафтдзæн”, – загъта администрацийы разамонæг.

   Не ‘рмæг цæттæ уыд, афтæмæй фехъуыстам æхсызгон хабар: Республикæйы Парламенты уæнгтæ иууылдæр рахæцыдысты, прокуратурæ сæм насвай æмæ снюс скуынæг кæныны тыххæй цы закъон бавдыста, уый æвварс. Ахæм уынаффæтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæссынц федералон æмвæзадыл, фæлæ уал республикæйы рæстæгмæ кусдзæн бынæттон закъон. Бынæттон закъонмæ гæсгæ та, хъыгагæн, аххосджынтæн ис æрмæстдæр административон æфхæрд раттæн. Нырæй фæстæмæ бæрндзинад хæсдзысты куыд сæ уæйгæнджытæ, афтæ сæ цæттæгæнджытæ дæр.

   Прокуратурæ æмгуыстадмæ фæсидт скъолаты ныййарджыты комитеттæ, стæй ахуыргæнджытæм, цæмæй ахæм цауты тыххæй хъусын кæной æмбæлгæ ранмæ. Æппæт информаци дæр æрвыст цæудзæн Мидхъуыддæгты министрад æмæ Роспотребнадзормæ. Информаци райсгæйæ-иу æппæт дæр бæрæг æрцæудзæн, стæй ист цæудзæн æмбæлгæ мадзæлттæ.

 *  *  *

 Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани “Ир”-ы куысты фæстаг дыууæ аз хорзæрдæм бирæ ивындзинæдтæ æрцыд. Ногдзинæдтимæ фæзынд бирæ ног æрыгон кусджытæ дæр.  Канал “Осетия – Ирыстон” – ы разамонæг Гуыдиаты Тимуры хъуыдымæ гæсгæ, æрыгон кусджытæн сæ квалификаци хъæуы фæбæрзонддæр кæнын федералон специалистты æххуысæй проект “Открытое правительство”-йы фæлгæтты. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй ног национ канал кæд дыууæ азы кусы, уæддæр нæ фаг кæны хорз специалисттæ, уымæн æмæ республикæйы цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон фаг не сты, дзуапп нæ дæттынц абоны домæнтæн. Уыдонимæ сты журналисттæ, оператортæ, режиссертæ, видеомонтажгæнджытæ æмæ компьютерон графикæйы нывгæнджытæ.

Гуыдиаты Тимур æмæ республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав фæндон рахастой нырæй фæстæмæ рæстæгæй-рæстæгмæ федералон специалистты хонын Ирыстонмæ, цæмæй сæ дæсныйадыл ахуыр кæной бынæттон специалистты. Æндæр горæттæм зонындзинæдтæ райсынмæ арæх цæудзысты нæхиуæттæ дæр.

Нæ   уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.