Нæ республикæйы хæдзарадты рæхджы æрбалæудзæн хуымгæрдæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй æфсирон культурæты куыст кæнынц Знауыр, Ленингор æмæ Цхинвалы районты фермерон æмæ хицæн хæдзарадты хоркуыстгæнджытæ. Агротехникæйы домæн-тæ чи хуыздæр æххæст кодта, афтæ бæркадджындæр уыдзæн сæ байтыдты тыллæгæрзад дæр. Боныгъæд  фæивта, æндæра ацы æввахс рæстæджы хуымгæрдæн хъуамæ райдыдтаид Ленингоры районы хæдзарадты. Районы тракторон бригадæйы бригадир Габеты Хвича куыд загъта, уымæ гæсгæ уал механизатортæ кусынц Цъинагары цæрджытæн холлаг пресс кæныныл. Куыддæр хурбонтæ ракæна, афтæ комбайнертæ рацæудзысты быдыртæм æмæ райдайдзысты хъæбæрхоры тыллæг æфснайын. Æфсирон культурæты хуымтæ сæм æдæппæт сты 1500 гектарæй фылдæр æмæ тыллæг æфснайыныл та кусдзысты  комбайнертæ Габеты Радик, Хуриты Зураб, Дриаты Джемал æмæ бригадир Габеты Хвича йæхæдæг.

                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.